Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Дойатæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Ирон адæмы иудзинадыл, не взаг æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл бирæ ныхас кæнæм. Агурæм фадæттæ æмæ гæнæнтæ фæсивæды кæрæдзимæ æрбангом кæныны тыххæй. 

Гъе, ахæм нысан йæ размæ æвæры Дойаты мыггаг дæр. Æрæджы сын Джызæлы цы фембæлд уыд, уырдæм канд сæхæдæг не рбацыдысты, фæлæ ма рбахуыдтой сæ хæрæфыртты æмæ сиæхсты стæй æрвадиуæг кæимæ кæнынц, уыцы мыггæгты Хуымарты æмæ Цæруаты. Сарæзтой мыггаджы совет. 

Дойаты мыггагæн æрæджы Джызæлы уыд фембæлд. Хуынд æм æрцыдысты сæ хæрæфырттæ æмæ сиæхстæ, æрвадиуæг кæимæ кæнынц, уыйы мыггæгтæ Хуымартæ æмæ Цæруатæ. 

Фембæлды мыггаджы фæрныг хистæр куыд зæгъта, афтæмæй сæ мыггаджы равзæрды тыххæй бынтон бæлвырд бæрæггæнæнтæ сæ къухы нæма бафтыд, фæлæ сын уæддæр радзырдта, йæ фыдæлтæй цы хабæрттæ хъуыста, уыдон. 

Æрымысыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ Дойаты мыггагæй цы 40 цæхæрцæст лæппуйы ацыд, уыдоны. Се сгуыхтдзинæдтæй дзы уæлдай фæзминаг чи сси, уый у Дойаты Давид. Куыд рæстдзæвин, афтæ йын бантыст Таманскы æрдæгсакъадахыл 167 гитлероны амарын. Кæд Керчы фæмард æмæ йын Уæлахизы бон фенын нал бантыст, уæддæр йæ лæгдзинадæй йæхицæн скодта ном æмæ кад. 1943–æм азы Давидæн йæ амæлæты фæстæ саккаг кодтой Советон Цæдисы Хъæбатыры сыгъзæрин стъалы. Ныртæккæ бæлвырд хъуыддæгтæ арæзт цæуы Дойаты Давидæн цыртдзæвæн – бюст саразыны тыххæй. Иууылдæр æхсызгонæй байхъуыстой йæ номыл арæзт кады зарæгмæ дæр. Сæ зæрдæмæ йæ афтæ арф айстой, æмæ дзы бирæтæн сæ цæстытæ доны разылдысты.Фембæлды архайджытæ бирæ хорз уынафæттæ рахастой. Сæ иу - мыггагæн æхцайы фонд саразын. Йæ фæрцы æххуыс кæндзысты фæкæсынхъуаг чи у, уыцы бинонтæн æмæ ахуыры фæндагыл чи лæууы, уыцы кæстæртæн. Фæнд кæнынц мыггаджы равзæрды тыххæй чиныг рауадзын. Фембæлды цы уынаффæтæ рахастой, уыдон мыггаджы иудзинадæн хорз кæй фæахъаз уыдзысты, уый се ппæты дæр уырны. 

Мыггаг йæ фæрныг лæгтæй у тыхджын æмæ цардхъом. Дойатæ дæр уыдонæй сæрыстыр сты. Се хсæн политикон, æхсæнадон архайджытæ, ахуыргæнджытæ, уацхæсджытæ, экономисттæ, хъæууон хæдзарады, аивады æмæ культурæйы кусджытæ. 

Сæ къабæзтыл æмæ хæстæджытыл бацин кæнынмæ Дойаты мыггаг куывдмæ канд Дзæуджыхъæуæй æмæ Джызæлæй не рбамбырд сты. Ссыдысты йæм Елхотæй, Фарныхъæуæй, Бæтæхъойыхъæуæй, Беслæныхъæуæй æмæ Ламардонæй. 

Ацы фембæлдмæ рагæй бæллыдысты æмæ стыр цин кодтой хæрæфырттæ дæр. Ирон фарны уидæгтæ бахъахъхъæнынæн, нæ иудзинадæн, ахæм хуызы фембæлдтытæ хорз ахъаз кæй сты, уый ирдæй рабæрæг Дойаты, Цæруаты æмæ Хуымарты иумæйаг куывды. Уырны сæ цы биноныг уынаффæтæ дзы рахастой, уыдон сын кæй сæххæст уыдзысты, уый. 

 

http://alaniatv.ru/upload/news/137/25618090df.flv 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ