Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хетæгкаты Къоста
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста 

(1859—1906) 

Ирон литературæйы бындурæвæрæг, номдзыд поэт, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг.  

 

 

 
Райгуырдис Нары хъæуы 15 октябры 1859азы. Поэт стыр аргъ кодта йæ фыдæн. «Мæ фыды æз канд уарзгæ нæ кодтон, фæлæ мæм зæды хуызæн касти».  

Фыды æндæвдад зындис фидæны поэты хæрзуагдзинадыл, фæлæ йæ культурон-идеологон цæстæнгас фыдæй ист нæ уыд.  

 

 

 

 

 

 

 

 
Къоста йæ мады бынтондæр нæ хъуыды кодта, дыууæ мæйы дæр ыл нæма цыд, афтæ амард йæ мад. Поэтæн йæ хъуыдыйы цæрæнбонтæм баззадысты йæ сидзæр сабибонтæ. Йе сфæлдыстады кæрæй-кæронмæ ирдæй зынынц мады фæлгонц æмæ мады рæвдыдæй цух сабидуг.  

Къоста йæ удгоймагон рæзтмæ фыццаг къахдзæфтæ акодта хæхбæсты, Нары хъæуы. Ам гуырдис йæ индивидуалондзинад, рæзтис йæ эстетикон цæстæнгас аивадмæ . Мадæлон æвзагмæ арф уарзондзинад Къоста банкъардта Ирыстонæй дард уæвгæйæ, Ирыстоны зæххыл нæ, фæлæ. 1871 азы 1 ноябры Къостайы радтой Стъараполы нæлгоймæгты гимназы цæттæгæнæн къласмæ. Дæс азы фæахуыр кодта ацы гимназы, уый фæстæ 1881 азы фæззæджы бацыд ахуырмæ Бетъырбухы аивæдты академимæ. Хъубаны облæсты хицауад хохаг адæмтæй алыхуызон иварты фæдыл цы æхцатæ æмбырд кодтой, уыдонæй йын фыстой стипенди. 1884 азы хицауад стипенди нал бафыстой, уымæ гæсгæ аивæдты академи фæуын Къостайæн йæ бон нал бацис. Дыууæ азы ма Къоста цыдис академима уæгъдибар хъусæгæй, фæлæ йæ 1885 азы сæрды бахъуыдис йæ фыды хæдзармæ рыздæхын, ахуыр æххæстæй нæ фæцис, афтæмæй.  

 

 
Æрыгон поэты сфæлдыстадон уд агуырдта йæхицæн рæзты фадæттæ æмæ уæд рацыд цæрынмæ Дзæуджыхъæумæ. Бирæ азты райгуырæн бæстæйæ дард кæй фæцард, уымæ гæсгæ йæ йæ уд æлвæста фыдыбæстæмæ, мадæлон æвзаг æмæ культурæмæ. Дзæуджыхъæуы фæцард æхсæз азмæ æввахс, фæлæ йæ алывæрсыг сфæлдыстадон гæнæнтæ равдисын йæ къухы нæ бафтыд. Фыста æмдзæвгæтæ, поэмæтæ фылдæр уырыссаг æвзагыл.  

 

 

 
Куыста куыд нывгæнæг, афтæ дæр. Уырыссаг нывгæнæг А.Г.Бабичимæ иумæ архайдта равдыстыты. Ныв кодта декорацитæ театрæн, арæзта литературон-музыкалон изæртæ. Искуы иухатт-иу йæ уырыссаг уацмыстæ мыхуыр кодта Стъараполы газет «Северный кавказ»-ы. Газетты фæрстыл-иу Къостайы ныхас ирдæй зынд, фæлæ Лермонтовы номарынæн цы æмдзæвгæ ныффыста, уый цензурæ мыхуырмæ нæ рауагъта. Æрмæстдæр æй дæс азы фæстæ ныммыхуыр кодта, уый дæр анонимонæй. Цензурæйы реакци æмбæрстгонд уыд: ирон поэтæн Лермонтов уыдис «бæлиццаг сæрибары фидиуæг», «уæздан хъомысджын тых»( «предвестника желанной свободы», «благородную мощную силу»), уый адæмы растын кодтаид «стыр, рæстаг хъуыддагыл тохмæ» («на бой за великое, честное дело») . Уымæ гæсгæ йæ нæ уагътой йе ‘мдзæвгæ кæсын Лермонтовы цыртдзæвæн куы гом кодта Пятигорскы, уæд дæр. Терчы бæсты хицауы фæндонæй Къоста хаст æрцыд фондз азы æмгъуыдмæ, ирон чызджыты скъолайы сæрыл кæй дзырдта, уый тыххæй. Нал ын уыд йæ райгуырæн Ирыстоны, йæ иубæстон адæмимæ цæрыны бар. Къоста 1891 азы июны мæйы араст Дзæуджыхъæуæй Лабæмæ , йæ зæронд фыдмæ. Уæд райдыдта, æвæццæгæн, йæ царды иууыл тыхстдæр рæстæг. Æхсæнадон хъуыддагæй бынтондæр фæиппæрд, хауæггаг сси йæ цард. Йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ курдиат кæм равдыстаид, ахæм куыст кæныны фадат ын нæ уыд. 

 

 
1892 азы январы мæйы Къостайыл сæмбæлд ноджы фыддæр цæфтæ хъысмæтæй. Цæлыккаты Аннæ йын йæ минæвæрттæ раздæхта разыйы дзуапп нæ ратгæйæ. Уыцы рæстæджы ма йыл сæмбæлд ноджы æвирхъаудæр хабар, йæ фыды мæлæт. «Мæ фыды мæлæт мын бынтон амардта мæ зæрдæ…æз мæхи банкъардтон бынтон иунæг ацы стыр дунейы…»-фыста Къоста Цæлыккаты Аннæмæ.  

1893-æм азы февралы мæйы æрцыд Стъараполмæ æмæ кусын райдыдта газет «Северный Кавказ»-ы. Фæкуыста дзы 1897-æм азмæ. Уыцы рæстæг æппæты фылдæр кодта йе сфæлдыстадон куыст æмæ æхсæнадон архайд. Уый фыста уæд уырыссаг æвзагыл дæр æмæ ирон æвзагыл дæр, фæлæ йæ ирон уацмыстæн нæ уыд мыхуыры уадзыны фадат. Поэт бирæ куыста йæ ирон æмдзæвгæтыл æмæ фæстæдæр рацыдысты хицæн æмбырдгондæй, схуыдта йæ «Ирон фæндыр». 1897 азы Къоста фæрынчын, стджыты хæцгæ низ ыл фæзынд, æмæ йын июлы мæйы Стъараполы операци скодтой. Операци хорз ацыд, фæлæ карз низыл нæ фæуæлахиз сты. Октябры мæйы ацыд Бетъырбухмæ æмæ уым ногæй дохтырты къухмæ бахауд. 25 ноябры йын скодтой тынг уæззау операци æмæ æхсæз мæйы дæргъы йæ хуыссæнæй нæ сыстад. Июны мæйы фæстæмæ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ дарддæр архайдта низы ныхмæ тох кæныныл. 

Къостайы цард æмæ сфæлдыстады дæсны Абайты Васо афтæ дзырдта: «Къостайæн уыд йæхи Бенкендорф - инæлар Каханов». Уыцы провинциалон Бенкендорфы бадзырдæй Къоста фыццаг хатт хаст æрцыд Терчы зылдæй.  

 

1899 азы 26 майы Къоста уыд фæндагыл ног хасты бынатмæ. 1900 азы мартъийы мæйы æрыздæхт Кавказмæ æмæ ногæй райдыдта кусын Стъараполы, Пятигорскы æмæ Дзæуджыхъæуы периодикон мыхуыры. Йæ публицистикæ ссис ноджы карздæр. Раздæрæй ныр активондæр уыд йæ архайд. Афтæ зынд, æмæ райдыдта йе сфæлдыстады ног, ахъаззаг период, фæлæ йæ тыхтæ фаг нæ уыдысты, йе ‘нæниздзинад кæй фæцудыдта, уый бæрæг уыд. 1901 азы æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ, йæ фæнд уыд ам бæстон æрцæрын. Активонæй архайдта бынæттон культурон-рухсадон мадзæлтты. Ныв кодта, фыста уацтæ, куыста дарддæр поэмæ «Хетæг»-ыл. Йæ фæнд уыд курдиатджын сабитæн аивадон скъола байгом кæнын, газет «Казбек»-ы редактор суæвын…Фæлæ йæ фæндтæ йæ къухы нал бафтыдысты. 1903 азы зымæг Къоста арвыста рынчынæй, иунæгæй, æнæарт фатеры, æвæгæсæгæй. Мæгуыр æмæ тыхст уавæры уыд уæд Къоста. Афтæ мæгуыр уыд, царды фæрæзтæй цух, æмæ-иу хатгай йе ‘мбæлттæй куырдта къæбæры æхца. Сæрды йæм æрцыд йæ хо æмæ йæ аласта йæхимæ. Æртæ азы ма фæцардис уым поэт, фæлæ сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон куыстмæ бавналын йæ бон нал баци. 19 мартъийы (1 апрелы) 1906 г. йæ куыстæй æрлæууыд поэты зæрдæ. 

Къостайæн йæ удæгасæй йе сфæлдыстады æмæ æхсæнадон куысты ахадындзинад бирæ ничи æмбæрста. Фæлæ йæ мæлæты фæстæ сбæлвырд, диссаджы курдиаты хицау, куырыхон æмæ лæджыхъæдджын уд кæмæн уыд, уыцы адлæймагæй кæй фæцух сты ирон адæм, уый.  

Къоста æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Фыста ирон æвзагыл дæр æмæ уырыссаг æвзагыл дæр, фæлæ фæстæдæр, æрыгон лæппуйæ, фылдæр фыста уырыссагау.  

1885 азы Бетъырбухæй куы рыздæхт, уæды рæстæг ын уыд зын æмæ тыхст. Фыдыбæстæмæ æрыздæхт ын цины хъуыддаг уыдаид, адæмы æфхæрд куы нæ феттаид, уæд. Мæгуырдзинад, æбардзинад, адæмæн сæ уд ныцъцъист кодтой паддзахы администраци. Æппæт уыцы уавæртæ æнцой нæ лæвæрдтой поэтæн. Поэмæ «Фатимæ», «Тæрхоны раз», «Кæуæг айнæг», этнографион очерк «Особа» - ацы уацмыстæ се ‘ппæт дæр сты ирон адæмы царды ныхмæвæрддзинæдтыл фыст, ивгъуыд цард иртасæг. Иннæтæй раздæр фыст æрцыд æмæ мыхуыры рацыд поэмæ «Фатимæ» (1889 г.). 

Ивгъуыдыл сагъæсгæнгæйæ Къостайæн йæ хъуыдытæ кæддæриддæр уыдысты бæлвырд, кæрæдзийыл баст. Уый зыдта адæмы ивгъуыд, абон æмæ фидæн кæрæдзийыл æмбаст кæй сты. Уый æмбæрста, адæмы ивгъуыды кæй нæ уыд сæрибардзинад, уый уыд йæ сагъæсы сæр, ууыл дзырдта уæлдæр ранымад уацмысты. 

Поэт дзырдта хохæгты сæрыл йæ бон цы уыд, уымæй: поэтикон ныхасæй, публицистикон уацтæй, фыста официалон инстанцитæм æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ иууыл ирддæр уæды царды æцæгдзинад равдыста сатирикон поэзийы, фыццаджыдæр поэмæ «Кому живется весело»-йы. 

Йæ лирикон поэзийы дæр гыццыл нæй сатирикон мотивтæ. Æцæг йæ худыны сæр уыдысты чиновниктæ нæ, фæлæ тохгæнæг мещанты психологион гыццыл дуне æмæ уды хъæд . Поэт уыдоны идеалтæ æмæ бардзы царды уагы ныхмæ æвæрдта амонд.  

Адæмы темæ у Къостайы сфæлдыстады астæумагъз, уый уæрæхæй зыны йæ поэмæты. Уыцы темæйыл фыст сты цалдæр æмдзæвгæйы уырыссаг æвзагыл дæр. Фæлæ æппæты ирддæрæй адæмы цард, адæмы хъысмæт æвдыст цæуы «Ирон фæндыр»-ы.  

«Ирон фандыр» у Къоста ирон æвзагыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон æмбырдгонд. Фыста йæ цæргæ-цæрæнбонты. Ацы чиныгмæ бацыдысты 1885 азы сæрдæй йе сфæлдыстадон фæндаджы кæронмæ цы уацмыстæ ныффыста, уыдон. Фыст цыдысты алы азты. Кæм сæ мыхуыр кодтаид, уый нæ уыд. Ирыстоны уæды дуджы нæ уыд периодикон мыхуыр. Æмдзæвгæтæй бирæтæ адæмон зарджыты хуызы хæццæ кодтой адæммæ. Азтæ цыдысты, поэтмæ уыд йе ‘мдзæвгæтæ хицæн чиныгæй рауадзыны фæнд. Фæлæ æрмæст 1898 азы 3 сентябры фæзынд фыццаг сыгъдæг къухфыст ахæм сæргондимæ: « Зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ».  

1899 азы майы мæйы фæзынд «Ирон фæндыр». Уый уыд диссаджы цау, стыр уыдис йæ ахадындзинад ирон национ культурæйы историйы. Ирон профессионалон поэзийæн æппæт адæм аргъ скодтой æмæ нацийы монон царды зынгæдæр фæзынд ссис.  

 

 
Къоста йæ уацмыстæ адих кодта æртæ тематикон къордыл: лирикæ уæрæх райсгæйæ, баснятæ æмæ æмдзæвгæтæй фыст аргъæуттæ, сывæллæттæн æмæ сывæллæттыл фыст æмдзæвгæтæ. Сывæллæттæн æмæ сывæллæттыл фыст æмдзæвгæтæ фыццаг рауадзынмæ хъавыд хицæн чиныгæй, «Мæ лæвар Иры сабитæн».  

Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæммæ Къостайы размæ дæр уыд хъæздыг адæмон поэзи. Уый размæ ирон æвзагыл фыст æрцыдысты Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ, фæлæ Къоста уыдонимæ нæ базонгæ. Уымæ гæсгæ Къостайæн йæхи бахъуыд националон профессионалон поэзийæн бындур æвæрын. Уырыссаг литературæ йын уыд фæзминаг, ирон адæмон поэзи дæр уыд æнусон традицитæй æххæст, уымæ гæсгæ уый йæ аивады лæмбынæг йæ хъус дардта дыууæ традицимæ дæр. Къоста ирон адæмон поэзи систа дунейы хуыздæр литературæты æмвæзадмæ.  

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Дзесты Куыдзæг. 

ЦÆРЫ ÆМÆ ЦÆРДЗÆН 

 

Зымæгон æхсæв. Хæххон ирон хæдзар. Сырх пиллонæй судзы къонайы арт. Къæсæрæй бахизæны хæдзары галиуварс — нæлгоймæгты бадæн, рахизырдыгæй сылгоймæгтæ æртыгуыр сты иу ранмæ, бадынц сæ ныллæг бандæттыл æмæ та сын бацайдагъ цыдæр сусæг ныхас. Чындз лæууы, къонайы фарсмæ цы цæджындз ис, уый æнцой, йæ былтæ тыхт йæ кæлмæрзæнæй, æнхъæлмæ кæсы хистæрты цумамæ. Бирæ сты нæ бинонтæ — дæс æмæ ссæдз адæймаджы. 

Салдаты службæйы цы дыууæ лæппуйы ис, уыдонæй фæстмæ иууылдæр ам сты. Артдзæсты комкоммæ къæлæтджын бандоныл бады мæ фыдыфыд, хæдзары хистæр. Йæ дæлейы — даргъ нывæфтыд бандоныл бады йе ’фсымæр, уый дæле — фæсхохаг уазæг, уырдыгæй дæлæмæ та — иннæ нæлгоймæгтæ. Кæстæртæ дыууæйæ лæууынц æппæты дæлейы. Сæ иу къонайы фарсмæ æфсæн цырагъдарæныл æвæры нæзы цырæгътæ æмæ, уыдонæй мынæг рухс чи фæкæны, уый та асхъауы. Кæстæртæй бадгæ ничи фæкæны, уазæг нæм куы вæййы, уæд. Æз дæр лæууын фæскъона цырагъдарæны хæд фæстæ æмæ ахуыр кæнын мæ райсомы урок. Бонæй мын амал нæ фæцис, фосмæ зилыныл æмæ къахдзоныгътæй бырыныл æгæр афæстиат дæн. Уæвгæ уыйбæрц бирæ дæр нæу мæ урок. Æдæппæт дыууадæс рæнхъы. Чи зоны, райсом æй скъоламæ цæуыны агъоммæ дæр сахуыр кæнин, фæлæ... Уадз æмæ уазæг дæр фена, æз чиныг кæсын кæй зонын, уый. Стæй мæ фыдыфыдæн дæр æхсызгондæр вæййы, хъæрæй куы фæкæсын, уæд. Иуахæмы мын æгæр хъæрæй рауад дыккаг куплеты фæстаг дыууæ рæнхъы: «Фыдæлтæй нын баззад Зæйы сæфтæн рад». — О, хæдæгай, уый уын куы нæма радзырдтон... — уазæг æрбакаст мæнырдæм. — Уæртæ лæппуйы ныхасмæ æрлæууыд мæ зæрдыл... Сагъæссаг уыд, хъудаг уазæг цы хабар ракодта, уый. Бæрзæфцæгæн йæ хуссарварс, Гудауырæй чысыл дæлдæр, Хъуды комы рæбын, Арагуйы донæн йæ галиуварс цардис зыбыты иунæг хæдзар. Кæддæр, дам, дзы цалдæр хæдзары цард, фæлæ фæстæдæр æндæр кæмттæм фæлыгъдысты. Гъе, æмæ уыцы иунæг хæдзар дыууæ къуырийы размæ бабын, зæйы бын бацарæфтыд.  

— Багъæц-ма, Бæрзæфцæгæн æз йæ дыууæ фарсы дæр тынг хорз зонын æмæ дзы хуссарырдыгæй ахæм зæйуат куы нæ хъуыды кæнын, уæд цымæ кæм уыдаид?.. — бафарста йæ мæ фыдыфыд. Æмбискар куы уыди, уыцы азты бирæ фæкуыста Бæрзæфцæгыл митмæрзæгæй æмæ ныр дæр нæма бафсæст уæды хабæрттæ дзурынæй. Уазæг бæстондæр бацамыдта, зæй кæцæй рацыд, уыцы бынат, æмæ сæ ныхас аздæхт зæйты коймæ. Æрымысыдысты, иу зымæг Нары комы рæбинагдæр хъæу Джинаты æгасæй дæр куыд фæласта зæй, сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, сæ зонгæтæй зæйласт чи фæцис, ахæмты дæр, стæй сæ ныхас раздæхт Бæрзæфцæджырдæм. Мæ фыдыфыдæн та амал фæцис, арæх цы хабар фæдзуры, уый ракæнынæн. 2 Бæрзæфцæг. Дыууæуæладзыгон къазарма, «Быдарты къазарма» кæй хонынц, уый. Зымæг. Цалдæр боны дæргъы митуард æмæ тымыгъ нæ сабыр кæнынц. Æхгæд у фæндаг. Бæлццæттæ ныццæнд сты цæгатырдыгæй Базилæн æмæ Къобы, Хуссары та Млеты æмæ Пасанауры. Фæндагмæрзджытæ джиуынц къазарматы. Цалынмæ мит йæ уарынæй банцайа, дымгæ йæ къуыззиттæй, уæдмæ нæй кусæн. Схъыг сты куыстдзагъд адæм æнцад бадынæй, конд сын фесты ирон æмæ гуырдзиаг адæмон аргъæуттæ æмæ таурæгътæ, тырсыйаг, хиуаг, хадон, хъудаг, дзимыраг, гнугъаг æмæ урстуаллаг хъæлдзæг ныхæстæ æмæ уыци-уыцитæ дæр. Уæддæр ма сæ æрцардта се ’мбæлттæй иу къобаг. Къоб паддзахвæндагыл цæрынц, Дзæуджыхъæумæ дæр æнцондæрæй æфтынц, чиныг кæсын чи зоны, ахæм адæм дæр сæм арæхдæр сты. Кусджытæй иу къобаг сæхицæй схаста Быдарты къазармамæ Хетæгкаты Къостайы фыст чиныг æмæ йæ хъæрæй каст кусджытæн. Йæхицæй фæстæмæ кусджытæй ничи зыдта чиныджы. Цалдæр боны фæкаст чиныг, суанг ма йæм иннæ къазарматæй дæр цыдысты хъусынмæ. Гъестæй уæд, æвзæр рæстæг æгæр дæргъвæтин куы ахаста, уæд уал ацыд сæхимæ, Къобмæ. Кусджытæ та баззадысты сæхи таурæгъты æвджид. Æмæ дзы иуæхсæв ахæм ныхас рауад. Фæсахсæвæр уыд, фæлæ кусджытæй ничима бафынæй. Тырсыйаг кусджытæй иу ракодта рагон ирон аргъау, Уастырджи, дам, æртæ æфсымæрæн фæйнæ хæрзиуæджы райсыны бар радта лæварæн, кæй цы хуыздæр фæнды, уый. Хистæр æфсымæр райста бирæ фос, астæуыккаг — бирæ хор, кæстæр æфсымæр та — хорз бинойнаг.  

Таурæгъы кæрон куыд рабæрæг, афтæмæй амбылдта кæстæр æфсымæр. Гъе, æмæ уыцы аргъау расайдта æндæр ныхæстæ.  

— Нæ фæлæ ныр махмæ дæр исчи куы æрбадзурид: кæй уæ цы лавæр хъæуы, уый-ма зæгъæд, уæд, цымæ, чи цы ракурид? — райдыдта гнугъаг кусæг æмæ уал йæ фарстæн йæхæдæг фæразæй дзуапп дæттынмæ.  

— Махмæ, Гнугъгомы ис, æгас Ирыстоны дæр чи нæй, ахæм стыр сæрвæт, хонгæ та йæ Сангали кæнæм. Алы аз дæр дзы фæхизы иу-дыууадæс мин фысы бæрц. Æмæ уыдон иууылдæр иу лæджы фос сты. Мæн уыцы фос куы уаиккой, æндæр мæ ницы хъæуы...  

— Æмæ та дæуæн дæр уыцы таурæгъы лæгау фæллад фæндаггонæн дæ бирæ фосæй иу сæныкк аргæвдын дæ цæст нæ бауарзид... — йæ ныхас баппæрста чидæр. — Де ’ххуырст фиййæутты нæмгæ нæ кæндзынæ? — Дæ фосы фаджыс дæ сæрæй нæ фæуæлдæр уыдзæн? Ныхасæппарæн кæнынц фæйнæрдыгæй. Нæй, никæй — зæрдæмæ фæцыд уыцы бæллиц.  

— Уæдæ æз та райсин... — райдыдта хадон кусæг æмæ схуыдта иу къахетаг кънйазы ном. Кæуылты сты йæ зæххытæ æмæ йæ сæндæттæ! æртæ хъæуы цæрынц йæ зæххыл. Йæ фæллойæн банымайæн дæр нæй, æмæ йæ сæр паддзахы раз дæр нæ къул кæны...  

— О, о, паддзахы раз нæ къул кæны, фæлæ Арсены раз йæ зонгуытыл æрхауы! — йæ дзырд баппæрста хиуаг. Кусджытæ хорз зонынц, кæй кой кæнынц, уый. Арсен Одзелашвили уыдис кънйазы цагъар. Абырæг алыгъд æмæ дзы æмризæджы рызтысты хъæздгуытæ æмæ кънйæзтæ, уæлдайдæр та, мæгуыр адæмы чи æфхæрдта, уыдон. Ничи бабæллыд уыцы хъæздыгдзинадмæ дæр. Уыйфæстæ сбирæ сты дзурджытæ. Худæджы хос фæцис, Анануры пъырыстыфы хуызæн лæг суæвынмæ чи бабæллыд, уыцы дзимыраг. Хорз æфсин равзарын дæр, ай-гъай, хорз лæвар у, фæлæ адæймагæн йæ фадат куы нæ уа æрмæст хъæбæрхоры кæрдзынæй дæр йæ бинонты бафсадын, уæд уымæй дæр цæй хорз цард ис. Иу чидæр ма суанг стырдæр лæвармæ дæр ахæццæ. Кæд, дам, бархийæ æвзаргæ у, уæд, дам, æз равзарин, паддзах куыд суон, афтæ. Фæлæ ууыл дæр хъусджытæ се ’ппæт не сразы сты. Уадиссаг бæллиццаг нæу паддзах дæр. Хæлæггæнджытæ йæм бирæ ис. Афтæ дæр, дам, вæййы, æмæ уыцы бынаты тыххæй æфсымæр æфсымæры амары, фырт — йæ фыды. Стæй адæймаджы адæмы хорзæх куы нæ уа, уæд ахæм бынат дæр цæй тæхудиаг у! Паддзах та мæгуыр кусæг адæмæн æлгъыстаг у, хъæздгуытæ æмæ дзы стыр хицæуттæй æндæр чи раппæлдзæн? Къазармайы цы кусджытæ уыд, уыдонæй ма стæм чидæртæ баззад, иннæтæй алчидæр загъта йæ бæллиц. Уæдмæ Къобæй сыздæхт, «Ирон фæндыр» сын чи каст, уый. Æхсызгон уыд кусджытæн йе ссыд, уымæн æмæ та чиныг дæр йемæ æрбахаста. Бамбарын ын кодтой, ныхас цæуыл цыд, уый. Радзырдтой йын кусджытæ, чи цæмæ бабæллыд, уыдæттæ дæр. Уый бахудт йæ мидбылты æмæ афтæ зæгъы: — Ау, æмæ бирæ кæрдзынтæ æмæ дзидзатæ чи хæры, кæнæ мæгуыр кусæг адæмы ехсæй чи нæмы, ахæм хицæуттæй хуыздæр ницы ссардтат? Адæм фегуыппæг сты. Алчидæр та хъуыдытыл фæцис: уæдæ ма цы хуыздæр бæллиц уа? Къобаг та йæ чиныг райста, рафæлдæхта йæ, иу ранмæ дзы æркаст æмæ дзуры дарддæр:  

— Æнхъæл дæн, æмæ уын мæнæ ацы чиныджы цытæ кастæн, уыдон уæ зæрдыл дзæбæх нал лæууынц? — æмæ райдыдта чиныг кæсын: «Тæхуды, йæ дзыллæйы раз Чи ракæны барджын ныхас, Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй! Тæхуды, йæ уарзондзинад, Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..  

— Ахæм тæхудиаг уыд Къоста йæхæдæг æмæ мæнæн мæхимæ дæр ахæм лæг уæвынæй хуыздæр бæллицц нæ уаид... — балхынцъ кодта къобаг йæ ныхас. Къазарма ныхъхъус. Иунæг сыбыртт, иунæг дзырдæппарæн дæр ничиуал скодта. Æппынæрæджиау иу ухаттаг бадзырдта чиныгкæсæгмæ: — Цыбырныхасæй, Къостайы хуызæн, нæ?  

— Æмæ цы! — Æгæр дын нæ уаид? — Цæмæн! Иугæр фæндонæй у, уæд мын уадз æмæ уа! Ныр ныхас аздæхт Къостайырдæм. Алчидæр дзырдта, цы дзы фехъуыста æмæ зыдта, уый. Къоста, дам, Нары комы цæрджытæн зæхх райста Лабæйы, иннæ кæмтты чи цæры, уыдонæн дæр архайы зæхх райсыныл быдыры. Терчы облæсты хицау цы инæлар у, уый, дам, Къостайæ афтæ тæрсы, æмæ йæ галуаны алыварс æхсæвæй-бонæй хъахъхъæнджытæ лæууынц æд хæцæнгарз. Къоста, дам, паддзахмæ хъаст бахаста, цæмæй хæхбæсты цæрджытæй алы коммæ дæр уа уæрдонвæндаг. Дзæуджыхъæуы хицæуттæ, дам, иу мæгуыр лæгæн æнаххосæй ауындзыны тæрхон скодтой, фæлæ Къоста йæ сæрыл радзырдта, æмæ лæг фервæзт. Къоста, дам, æрдомдта хицæуттæй, цæмæй алы хъæуы дæр уа скъола, чызгæй, лæппуйæ паддзахы хардзæй кæм ахуыр кæной, ахæм. Æвæццæгæн, æмбисæхсæвмæ дæр нæма фæцис Къостайы кой. Къостайы хуызæн лæг суæвын — уыцы бæллицæй хуыздæр бæллиц никæмæ разынд кусджытæй... Ацы хабар-иу арæх кодта мæ фыдыфыд. Уый йæ бæстондæр дзырдта, номæй æмæ мыггагæй амыдта, йемæ митмæрзæгæй чи куыста æмæ Быдарты къазармайы чи царди, уыцы кусджыты. Йæ хабæрттæ мæ зæрдыл даргæйæ æртынæм азты иухатт Къобæй араст дæн фистæгæй Бæрзæфцæгмæ. Федтон, митмæрзджытæ кæмыты куыстой, Быдарты къазармайы хæлддзæгтæ ныр дæр ма лæууынц фæндаджы былгæрон, тъунелтæй дæр иуæй-иутæ фехæлдысты, кусæг дæр дзы нал вæййы зымæгон, æхгæд кæй вæййы, уый тыххæй. 3 Хуссар Ирыстоны, Едысы, райдайæн скъола раджы фæзынд, 1890 азы. Уый уыд цыппар комы фынддæс хъæуæн иунæг скъола. Дамгъæтæ ахуыр кодтам уырыссаг чиныг «Родной мир»-æй. Уыдон-иу куы базыдтам, уæд та-иу райдыдтам ирон чиныджы кæсын. Уыцы рæстæджы, 1900 азты, Цæгат Ирыстоны райдайæн скъолаты ахуыр кодтой Хъаныхъуаты Алмахситты чиныгæй, Хуссар Ирыстоны та Мамытты Стефаны чиныгæй. Хетæгкаты Къостайы кой хъуыстам нæ хистæртæй æмæ, махразмæ чи ахуыр кодта, уыдонæй, фæлæ йын йæ уацмыстимæ базонгæ стæм, æрмæст скъоламæ куы бацыдыстæм, уæд. Дамгъæты фæстæ ахуыр кодтам Къостайы æмдзæвгæ «Фыдуаг» æнæкæсгæйæ дзурын, уыйфæстæ «Уасæг», «Кæмæн цы?», «Лæгау», «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп». Фæстаг æмдзæвгæ не ’ппæт дæр æнæкæсгæйæ дзурын куы сахуыр кодтам, уæд ахуыргæнæг æрымысыд æмдзæвгæ хицæн рольты равдисын. Скъоладзаутæй иуы схуыдта бирæгъ, иннæйы — хърихъупп. Æртыккаг та хъуамæ дзырдтаид авторы текст. Лæппутæй алчидæр æнæрхæцгæйæ сахуыр кодта æмбисонд. Бирæгъ йæ дзых ныххæлиу кодта, афтæмæй «мæлыны къахыл» ныллæууыд. Хърихъупп сæрыстырæй æмæ æнæрвæссонæй зилы йæ алыварс. Текст дзурæг афтæ куы загъта: «Бирæгъы хъæлæсы фатау фæцавта даргъ бырынкъ, афтæмæй уæны стæг сдавта», зæгъгæ, афтæ, хърихъупп чи хъазыд, уыцы лæппу æгæр арф фæтъыста йе ’нгуылдз «бирæгъы» хъæлæсы æмæ, чысыл ма бахъæуа, уый йæ аходæны къæбæртæ скала. Скъоладзаутæн та худæджы хос фæцис. Ахуыры азы кæронмæ ма сахуыр кодтам Мамытты Стефаны чиныджы Къостайы æмдзæвгæтæй «Æрра фиййау», «Мæгуыры зарæг», «Мæгуыры зæрдæ», «Марходарæг», «Саг æмæ уызын»— æдæппæт иуæндæс æмдзæвгæйы. Дыккаг аз ахуыр кодтам Мамытты Стефаны чиныджы дыккаг хай. Ам дæр та рæдау разынд чиныгаразæг Къостайы æмдзæвгæтыл. Æмæ, æвæццæгæн, канд уый тыххæй нæ, æмæ уæды рæстæджы ирон æмдзæвгæтæ хæрзыстæм кæй уыдысты. Уæдмæ ирон газетты æмæ журналты фæзындысты къорд æмдзæвгæйы, суанг ма хицæн уагъд æмбырдгæндтæ дæр, фæлæ, æвæццæгæн, чиныгаразæгмæ Къостайы æмдзæвгæтæ хуыздæр фæкастысты.  

Дыккаг азы ахуыры кæронмæ ма уыцы чиныгæй сахуыр кодтам Къостайы æмдзæвгæтæй: «Тæхуды», «Сагъæс», «Уалдзæг», «Сæрд», «Фæззæг», «Гъæй-джиди!», «Сæрдыгон къæвда», «Æнæ хай», «Зымæг». Нæ ахуыргæнджытæ (Кокойты Джена æмæ Сланты Ефин) нæ канд уыдоныл дæр нæ ныууагътой. Къостайы «Ирон фæндыр»-ы цы æмдзæвгæтæ уыд æмæ уыдонæй нæ ахуыргæнæн чиигуытæм чи нæ бахауд, ахæмтæ дæр ма нæ ахуыр кодтой æнæкæсгæйæ дзурын. «Ныфс», «Балцы зарæг», «Фесæф», «Хъазтæ», «Марды уæлхъус», «Сидзæргæс», «Всати», «Цъиу æмæ сывæллæттæ». Æртыккаг къласмæ куы бахызтыстæм, уæд «Ирон фæндыр» чингуытæ фæфылдæр сты нæ хъæуы. Ахуыргæнæгмæ, сауджынтæм æмæ ма мах размæ чи ахуыр кодта, уыцы лæппутæй кæмæдæрты. Уыцы чингуытæ æвидийгæ цыдысты къухæй-къухмæ, хъæуæй-хъæумæ, хæдзарæй-хæдзармæ, æмæ бирæ рæстæг никæмæ фæстиат кодтой. Махмæ, скъоладзаутæм дæр, хæццæ кодтой, уæдæ куыд! æцæг нæм дзы диссаг фæкастысты иуæй-иу бынæттæ. Зæгъæм, дзырдæн, нæ ахуыргæнæн Мамытты Стефаны чиныджы æмдзæвгæ «Сагъæс» афтæ райдайы: «Мæ удылхæцæг, Табу дын фæуа». «Ирон фæндыры» та: «Мæ удылхæцæг æнæнцой уа». Чиныгаразæг сауджын уыд æмæ, чи зоны, уый тыххæй нæ бакуымдта йæ зæрдæ хуыцауæй «æнæнцой уа» зæгъын. «Сидзæргæс» дæр ахуыр кодтам «Ирон фæндыр»-æй. Фæлæ, куы ма йæ загътам, чиныг алкæй къухы не ’фтыд. Нæ сыхæгты лæппу Дзадте дæр не ссардта чиныг, фæлæ йæ æнæкæсгæйæ чи дзырдта, уыдонмæ хъусгæйæ уæддæр базыдта, æрмæст иу ран фæрæдыд æмæ та уый дæр худæджы хос фæцис ахуыргæнинæгтæн. «Халон баргъæвст сындзыл. Уад тымыгъ хæссы...» Ацы дыууæ рæнхъы афтæ сахуыр кодта: «Халон баргъæвст сындзыл. Уæтты бын хуыссы...» Чиныг æм нæ уыд æмæ йæ йæ хъус куыд ахста, афтæ йæ сахуыр кодта. Мæнæн нæхи хæдзары уæлдай арæхдæр кæсын кодтой «Ирон фæндыр» сылгоймæгтæ. Нæхæдæг дæр бирæ бинонтæ уыдыстæм, фæлæ ма-иу нæм зымæгон бонты не ’рвадæлты æмæ нæ сыхæгты сылгоймæгтæ дæр æрæмбырд сты æд æлвисинæгтæ æмæ та-иу мæм бахатыдысты: «Къостайы та нын бакæс!» Бафиппайдтон иу уавæр: Къостайы æмдзæвгæтæ-иу сын куы дзырдтон æнæкæсгæйæ, уæд сæм уый къаддæр диссаг каст, чиныгæй сын цы кастæн, уымæй. Иухатт мæ фыдымады бафарстон:  

- «Цæмæн уæм афтæ кæсы?» Уый мын загъта: «Искæмæй исты фехъус æмæ йæ æндæр искæмæнты радзур — уый бынтон æнахуыргонд адæймаг дæр базондзæн, фæлæ чиныджы цы фыст ис, уый бакæсын та æрмæст ахуыргонд лæджы бон у». Иугæр сæм афтæ кæсы, уæд æз дæр æнæкæсгæйæ кæй зыдтон, уыцы æмдзæвгæты дæр-иу сын кастæн чиныгæй. Къостайы æмдзæвгæтæй «Ирон фæндыр»-мæ чи нæ бахауд, уыдон хабар та афтæ рауад: «Додой» нæ уыд чиныджы, фæлæ йæ хистæр скъоладзаутæм æмæ ас адæммæ хъусгæйæ зыдтам не ’ппæт дæр, заргæ дæр æй кодтам. «Салдат» æппæты фыццаг хатт фехъуыстон, рæгъаугæс æй куыд зарыд, афтæмæй, стæй йæ рафыстон, иу-цалдæр азы размæ скъола каст чи фæцис, ахæмы тетрадæй. «Æхсины лæг» бакастæн, æрмæст советон дуджы цы чингуытæ рацыд, уым. Мæ зæрдыл ма лæууы, фыццаг къласы куы ахуыр кодтам, уæды рæстæгæй иу цау. Æмдзæвгæ «Лæгау» афтæ райдайы: «Фест райсомæй, лæгау, Ныхс сапонæй дæхи...» Не ’мкъласонтæй иу лæппу йæ ныфс бахаста ахуыргæнæджы бафæрсын: — Ахуыргæнæг, æмæ сапон куы нæ уа, уæд та? Ахуыргæнæг исдугмæ фегуыппæг, фæлæ уайтагъд дзуапп ссардта:  

— Сапон куы нæ уа, уæд та афтæ: дæ къухтæ æнтыд æмæ донæй тынг ныхс, стæй та уыйфæстæ дæ цæсгом сыгъдæг донæй... Æвæццæгæн, уымæн йæ дыккаг боны хуызæн скъоладзаутæн сæ къухтæ афтæ сыгъдæг никæдма уыдысты. Æнтыд та кæцы хæдзары нæ уыд! *** Цæгат æмæ Хуссар Иры кæмттæй Урстуалты комæй арфдæр нæ разындзæн. Дæс æмæ ссæдз километрæй æввахсдæр æм нæ хæццæ кодта уæрдонвæндаг. Урстуалты кой афтæ бæстон уымæ гæсгæ кæнæм, æмæ уыцы къуымы дæр Хетæгкаты Къостайы кой чи нæ хъуыста, йæ æхсæнадон архайд ын чи нæ зыдта, йæ диссаджы «Ирон фæндыры» зыланг кæцы хæдзарæй нæ райхъуыст, ахæм нал баззад цыппар комы фынддæс хъæуæй. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй, скъола каст чи фæцис, уыцы лæппутæй Къостайы иронау фыст æмдзæвгæтæй æмбисæй фылдæр æнæкæсгæйæ дзурын чи нæ зыдта, ахæмтæ дæр хæрз стæм уыдаиккой. Уыдонмæ хъусгæйæ ма кæсын æмæ фыссын цы ас адæймæгтæ нæ зыдтой, уыдонæй дæр бирæтæ базыдтой æнæкæсгæйæ дзурын цалдæргай æмдзæвгæтæ: «Додой», «Салдат», «Сидзæргæс», «Мæгуыры зарæг» æмæ æндæртæ. Номдзыд æмæ стыр фысджытæ бирæ адæмтæм ис. Фæлæ уыцы иу рæстæджы стыр фыссæг дæр уай æмæ адæмы сæрхъуызой дæр, стæй дæ канд ахуыргонд адæм нæ, фæлæ кæсын æмæ фыссын чи нæма зоны, уыдон дæр æнæкæсгæйæ дзурын зоной, ахæм фысджытæ æмæ дзыллæйы лæгтæ стæм хатт вæййынц адæмты историйы. Ирон адæмæн Къоста ахæм уыд. 1936 азы уалдзæджы, Къостайы амардыл 30 азы куы сæххæст, уæд уыдтæн Майрæмададжы. Царахатæй иу лæппулæг кодта Къостайы зарæг, адæм ыл цы зарæг скодтой, уый. Къостайыл зарæг кæй ис, уый зыдтон, фæлæ йæ уæды онг хъусгæ нæма фæкодтон. Иттæг хорз хъæлæсы хицау уыд Царахы-фырт. Тынг хорз зарыд уыцы зарæг. Йæ алы куплеты кæрон дæр-иу фæцис ахæм ныхæстæй: «Цæрай æмæ бирæ нын фæцæрай, Хетæгкаты Леуаны фырт Мæгуыр къуылых Къоста!» Ацы ныхæстæй дæр бæрæг у, зарæг конд кæй уыд, Къоста ма цæрдуд куы уыд, уыцы рæстæджы. Сгуыхт æмæ номдзыд дзыллæйы лæджы ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр уæлдай буцдæр кодтой зарæгæй, кады æмæ номы зарæгæй. Зарæг-иу кодтой, адæмы сæраппонд йæхи нывондæн чи хаста, удæгас-иу чинæуал уыд, ахæм адæймæгтыл, йæ цæргæ-цæрæнбонты йæ дзыллæйæн æрдхæрæны хорздзинæдты чи бацыд æмæ цæрдудæй кад, цыт æмæ намысы зарæг кæуыл скодтой йæ адæм, ахæм фыццаг лæг ирон адæммæ, чи зоны, Къоста уыд... Æмæ зарæджы ныхæстау, цард, цæры æмæ цæрдзæн ирон адæмы уарзон хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт сахъгуырд Къоста! 

 

 

 

 

 

Къостайы мады зарæг. 

Чеджемты Георы ныхæстæ. 

Зары Гæвдинты Риммæ 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ