Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Брытъиаты Елбыздыхъо
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Брытъитаты Цопаны фырт Елбыздыхъо 

(1881-1923) 

Зындгонд рухстауæг, ирон драматурги æмæ театры бындурæвæрæг 

 

 

 
Брытъиаты Елбыздыхъо уыд æмæ баззайдзæн ирон драматургийы бындурæвæрæг æмæ профессионалон театры дуаргомгæнæгæй. Йæ генион сфæлдыстады рæвдауæг уддзæфæй адæймаджы зæрдæ байдзаг вæййы хæххон царды нывтæй, рæстæджы сагъæстæй æмæ национ сæрыстырдзинадæй. 

«Царды судзаггаг фарстатæн» дзуапп агурыны фæндагыл лæуд сты Елбыздыхъойы уацмыстæ се 'ппæт дæр. Уыдон æргом кæнынц драматурджы хъуыдытæ æмæ сагъæстæ йæ мадæлон æвзаг, райгуырæн зæхх æмæ йæ иубæстон адæмы хъысмæтыл. Уымæй уæлдай Елбыздыхъо фæлвæрдта бамбарын æхсæнады ахæм бындурон хъуыддæгтæ, куыд хорз æмæ æвзæр социалон дунейы, адæймаг æмæ æхсæнады æхсæн ахастдзинæдтæ, райгуырæн зæххы ивгъуыд дуг æмæ йæ рухс фидæн. 

Елбыздыхъо йæ хъайтарты сыгъдæг æнкъарæнтæ цы уæлтæмæнады поэтикон тыхимæ æвдисы, уымæн, фыццаг бакæсгæйæ куыд хуымæтæг зыны, афтæ æнцонæй бамбарæн нæ вæййы. Махмæ гæсгæ, ам сбæрæг вæййы, драматургæн йæ аивадон райдиан философон райдианимæ иу хаххыл кæй лæууы, уый. Уымæ гæсгæ йæ уацмыстæ арф фæд ныууагътой канд нæ литературæйы мидæг нæ, фæлæ ма нæ дзыллæйы монон дунейыл дæр. Драматург цард йæ алыварс куыд уыдта, афтæмæй йæ никуы иста, никуы фидыдта, æмæ афтæ куы нæ уыдаид, уæд йæ къухы нæ бафтыдаид ирон литературæйы æнæхъæн «фæфæлдæхт» саразын, «маймулийæ» та театр.  

Брытъиаты Елбыздыхъойæн йæ размæ цы уыд, æмæ ногæй цы радта, уый тыххæй, махмæ гæсгæ æппæты растдæр хъуыды кодта Калоты Хазби: «Моцарт, Бах, Шопен æмæ Чайковскиймæ куы фæхъусын, уæд арф ныуулæфын æмæ фæзæгъын: тæхуды, мах адæммæ дæр куы уаид музыкæйы ахæм зæрингуырдтæ. «Фауст», «Отелло», «Мæ зонд – мæ сафæг» æмæ дунеон литературæйы иннæ цæвиттойнæгтæм сценæмæ куы фæкæсын, уæд та æрхъуыды кæнын «Амыран»-ы, «Дыууæ хойы æмæ æнд. Æрымысын уыдоны авторы æмæ дзы сæрыстыр вæййын» ( Калоты Х.А.Мах дуг.-1978.-№1.-105-107ф.) 

Брытъиаты Цопаны фырт Елбыздыхъо райгуырд ис 1881 азы 10 (23)мартъийы Куырттаты комы Дæллагхъæуы. Елбыздыхъойыл фараст азы куы сæххæст, уæд æй йæ ныййарджытæ радтой Дæллагхъæуы райдиан скъоламæ. Уыцы рæстæджы уым куыста Собиты Инал. Фæлтæрдджын зондамонæджы фæрцы лæппу цыбыр рæстæгмæ йæ цахъхъæнтæй фæраздæр. Тынг фæахъаз Елбыздыхъойæн «Адæмон университет» - Ныхас дæр. Йæ лæджы кары бацæугæйæ куыд фыста, уымæ гæсгæ уый йæхæдæг уыдис, адæймаг йæ зонд, йе ‘взаг æмæ дунеæмбарынад кæм уæрæхдæр кодта, ахæм æнæхъæн хæххон скъола. Собийы-фырт Хуымæллæгмæ куы аивта йæ куысты бынат, уæд Цопан дæр йæ фырты уырдæм арвыста ахуыр кæнынмæ (драматургæн йæ хо Уæлгъа уым цард). Фæлæ дзы бирæ нæ бафæстиат, фæстæмæ сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. 

Дæллагхъæуы скъолайы сæййæфта ног ахуыргæнæг – ольгинскæйыхъæуккаг – Тыбылты Ципойы. Хæдæфсарм лæппу та уыимæ дæр ссардта иумæйаг æвзаг. Тыбылы-фырт йæ уд хъардта, цæмæй йæ хуыздæр ахуыргæнинаг къазнайы хардзæй Дзæуджыхъæуы 1-æм Реалон скъоламæ ист æрцыдаид, ууыл. 1893-æм азы 15-æм августы Елбыздыхъо ист æрцыд цæттæгæнæн къласмæ, чысыл фæстæдæр та сфæрæзта фæлварæнтæ дæр раттын 1-æм къласмæ.  

Елбыздыхъо реалон скъола каст куы фæцис, уæд ахуыргæнæгæй кусын райдыдта йæ райгуырæн хъæуы. Уыцы рæстæгимæ баст сты драматургæн йæ фыццаг литературон æнтыстдзинæдтæ – «Уæрæседзау» æмæ «Худинаджы бæсты – мæлæт» . Уыдон Уæрæсейы фыццаг революцийы агъоммæ æвæрд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы, Ольгинскæйы, Æрыдоны æмæ æндæр рæтты (Æлборты Б.А. Ирон хиаразгæ театры историйæ (йæ 60азмæ). Мах дуг – 1965. №12. 90ф.). 1905-æм азы та рацыдысты хицæн чиныгæй. 

1908-æм азы Елбыздыхъо ацыд Бетъырбухмæ æмæ бахаудта, номдзыд уырыссаг ахуыргонд, Рефлексологийы бындурæвæрæг Бехтерев В.М. столицæйы цы Психо-неврологон институт байгом кодта, уырдæм.  

1908-æм азы Елбыздыхъо сусæгæй æрцыд Дзæуджыхъæумæ. Горæты цы театралон къорд (архайдтой дзы Тотраты Бесæ, Гуыриаты Гагуыдз, Зораты Муссæ æмæ æнд.) уыдис, уыдон хъæппæрисæй гуырдзыйы клубы драматурджы кадæн сентябры æмбисы æвæрд æрцыд «Хазби»-йы фыццаг спектакль. Режиссер ын уыд Елбыздыхъо йæхæдæг. Премьерæйы цы æхца æрæмбырд, уыдон стыр арфæтæгæнгæ радтой авторæн, цæмæй йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодтаид, уый тыххæй. Бакуйаг ирæттæ Коцойты Арсены разамындæй (уый рæстæгмæ уыд уым – Тифлисæй Бетъырбухмæ цæугæйæ), дзæуджыхъæуккæгтæм гæсгæ, сфæнд кодтой трагеди «Хазби» сæвæрын. Елбыздыхъо кæд фыццаг премьерæйæн режиссер уыд, уæд дыккаджы та хъазыд сæйраг ролы. 

Ацыдис драматург Бакуйæ Бетъырбухмæ æмæ та ахуыр кæнын райдыдта Психо-неврологон институты. 1910 азы ссардта йæ амонд дæр – ракуырдта Хъазыбегаты Ольгæйы.  

Цалдæр æмбалы бымбырд кодтой иу-чысыл æхца æмæ 1912-æм азы рауагътой журнал «Хуры тын». Фæлæ йын æххуысгæнджытæ кæй нæ фæци, уымæ гæсгæ сæ бон баци æрмæстдæр 3 номыры рауадзын.  

1913-æм азы бацыд Бетъырбухы университеты юридикон факультетмæ æмæ йæ 1917-æм азы каст фæци æмæ æрыздæхт Ирыстонмæ. 

Уæрæсейы фыццаг буржуазон демократон революцийы агъоммæ Елбыздыхъо бацыд йæ лæджы кары, куыд революционер, афтæ. Елбыздыхъойы йæ революцион куыст æркодта революцион партийы рæнхъытæм. 1905-æм азы ссис УСДКР-йы уæнг. Партийы бынæттон хайад ын йæ бар бакодта Дзæуджыхъæуы зылды ирон адæмы æхсæн революцион куыст кæнын.  

Фыццаг революции куыд хæстæгдæр кодта, афтæ Елбыздыхъо йе ‘мбæлттимæ арæхдæр бæрæг кæнын райдыдта æфсæддон хæйтты дæр, уæлдайдæр та Ирон дивизионы. Сидтис сæм, цæмæй хицауады уынаффæтæм мауал хъусой æмæ уыдоны зондæй кусджыты ма æфхæрой, уымæ.  

1905 азы декабры мæйы драматург гимназист Байаты Чермен æмæ Мæскуыйы университеты студент Къессаты Геуæргиимæ ирон бæхджын дивизионы 1-аг сæдæйы растынмæ кæй разæнгард кодта, уый тыххæй ахст æрцыдысты (ГССР-йы ЦПИА. 113ф. 276хъ. 2-3ф.).1906–æм азы райдианы сæ бакодтой Дзæуджыхъæуы зылды ахæстоны, фæлæ ахстыты æхсæн политикон куыст кæй кодтой, уый тыххæй æрвыст æрцыдысты Назраны фидармæ.  

Назраны фидары конд цыдысты, марыны тæрхон кæмæн уыдис, ахæм фыдгæнджытæ. Афæдзæй фылдæр арвыста номдзыд фыссæг талынг æмæ уазал ахæстоны, фæлæ йæ фидар къултæ æдых разындысты Елбыздыхъойы удварны ныхмæ: зымæджы, дурджын зæххыл хуысгæйæ, ныффыста йæ драмæтæ «Хазби» æмæ «Дыууæ хойы».  

Йæ рæстæг куы æрцыд, уæд ахæстонæй цæугæ бæргæ ракодта, фæлæ йын Ирыстоны цæрыны бар нал уыд æмæ, æвæндонæй, Къостайау фæхауæццаг йæ райгуырæн зæххæй.  

1913-1917-æм азты Елбыздыхъойы цардвæндаг æмæ æхсæнадон архайд æмæ литературон сфæлдыстады ис иууыл стырдæр «урс стъæлфытæ». Афтæмæй та зын бауырнæн у, уыцы рæстæг драматург пассивон цард кæй кодтаид, уый.  

Фылдæр хабæрттæ зонæм Елбыздыхъойы цардæй, 1917-æм азы апрелы мæйы Ирыстонмæ куы сыздæхт, æмæ æвиппайды Терчы æхсæнадон царды гуылфæнты куы бахаудта, уæдæй фæстæмæ. 

1917-æм азы майы мæйы арæзт æрцыдис «Хæххонты иугонд цæдис». Центрон комитетмæ алы адæмыхаттæй дæр конд æрцыд фæйнæ иу адæймаджы. Ирыстоны номæй уым хайад иста Брытъиаты Елбыздыхъо.  

1918-æм азы драматург йæ политикон куыст ныууагъта æмæ æрцард Куырттаты комы, куыста ахуыргæнæгæй. 

1922 –æм азы мартъийы Советон хицауад Цæгат Ирыстоны куы фæуæлахиз, уæд Брытъиайы-фырт сыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ æнувыдæй архайын райдыдта алыхуызон уагдæтты куысты: уыд ирон историон-филологон æхсæнады уæнг, горæты ирон драмон къорды сæргълæууæг, политэкономийы ахуыргæнæг. Стыр зæрдæргъæвдæй цæттæ кодта профессион театры устав æмæ уагæвæрд, фæлæ уыдонæн, æвæстиатæй, царды ауадзынæн хъæугæ фадæттæ нæма уыд. Чи зоны, фæстæдæр исты амал фæуыдаид, фæлæ Елбыздыхъойæн ахæстоны æмæ хасты азтæ йе 'нæниздзинад бындурон æгъдауæй фæцудын кодтой (йæ цыбыр цардæн йе ‘ртыццаг хайæ фылдæр фæхауæццаг йæ райгуырæн зæххæй). Цы æнæбары тыхтæ ма йæм баззад, уыдон та хардз кодта сфæлдыстадон куыстыл – «Амыран»-ы кæронмæ ахæццæ кæныныл. Ахæм уавæрты 1923-æм азы сентябры 25-æм боны Елбыздыхъойы зынгзæрдæ йæ «судзынæй» банцад. 

Елбыздыхъо литературон куыст кæнын райдыдта 1902 – 1903 –æм азты, Реалон скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. 

Йе сфæлдыстады фыццаг периоды фæстаг пьесæ уыдис «Маймули рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр!». Ирон аив дзырды зæрингуырды куырдадзы цæхæры маймули фестад рæсугъд лæппу, профессион аивады сурæт.  

Елбыздыхъойы сфæлдыстады сæйраг бынат ахсы историон темæ. Нæ рагфыдæлты хъайтар царды хабæрттæ аивадон уацмысы снывæндынмæ драматург фыццаг хатт бавнæлдта йæ трагеди «Хазби»-йы. Йе сфæлдыстад иртасджытæ куыд нымайынц, уымæ гæсгæ ацы трагеди фыст æрцыд «Дыууæ хо»-имæ иу рæстæг, ома Уæрæсейы фыццаг революцийы рæстæг. 1905-1907-æм азты Елбыздыхъойы сфæлдыстад схызт ног къæпхæнмæ. Тыбылты Алыксандр хуымæтæджы нæ амыдта, зæгъгæ, «Хазби»-йы фæзынд æрвнæрæгау айхъуыст æппæт Ирыстоныл.  

Драмæ «Дыууæ хойы» йæ аивадон æмæ идейон-эстетикон ахадындзинадмæ гæсгæ у Елбыздыхъойы хуыздæр уацмыс. Фыст æрцыдис, драматург йæ революцион куысты тыххæй Назраны фидары куы бадтис, уæд. Талынг ахæстоны райгуырдысты, ирон сылгоймаг ивгъуыд заманты цы фыдуавæрты уыд, цы хъизæмæрттæ, цы удхæрдтæ ‘взæрста, уыдон «хурмæ хæссæг», уæззау царды нывтæ. Ардыгæй фыццаг хатт райхъуыст дыууæ æнамонд хо – Хансиат æмæ Асиаты зæрдæбын ныхас Иры чызджытæм. Драматурджы фæрцы ирон сылгоймаг фыццаг хатт сдзырдта йæ бартыл. Уый уыд Елбыздыхъойы стыр сфæлдыстадон уæлахиз æмæ граждайнаг ныфсхастдзинад.  

Социалон-политикон мотивы бындурыл амад сценæ «Налимтæ» фыст кæд æрцыд, уый бæстон бæрæг нæу. Цы цаутæ дзы æвдыст æрцыд, уыдонмæ гæсгæ йæ ахæссæн ис 1918-1920-æм азтæм. Фыццаг хатт мыхуыргонд æрцыд, 1963 –æм азы Джусойты Нафи Елбыздыхъойæн джиппы цы «Равзаргæ уацмыстæ» рауагъта, уым. 

Комкоммæ зæгъын хъæуы, ацы уацмысы хуызæн нæ драматург иу ран дæр афтæ ‘ргом йæ ахастдзинад революци æмæ мидхæсты дугмæ кæй нæ равдыста.  

Зындгонд францусаг фыссæг Огюст Виллье цы диссаджы хъуыды ныууагъта: «Алы адæймаджы дæр цæры Прометей» (Огюст Виллье де Лиль-Адан. – Избранное. – Л. Худлит.- 1988. 5ф.) зæгъгæ, уый, махмæ гæсгæ, ирон фысджытæй æппæты тынгдæр хауы Брытъиаты Елбыздыхъомæ. Амран – хуыцæуттимæ тохгæнæг титан драматурджы миддунейы цардис фæстаг улæфты онг. (Йæ фæстаг уацмыс дæр «Амран» хуымæтæджы не сси).  

Елбыздыхъойы лæджыхъæд æмæ сфæлдыстадон сгуыхтдзинад кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр фæндагамонæг, зондхæссæг æмæ ныфсдæттæг уыдзысты, ахуыры къæсæрыл æфсармдзæстæй чи æрлæууа, ирон литературæйы чиныг цымыдисæй чи рафæлдæхта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.  

Елбыздыхъо 1917-æм азы «Ирон газет»-ы цы уац «Æфсымæрдзинад» ныммыхуыр кодта, уым фыста: «Æвзæрæй цæрын æнцон у, хорзæй – зын». Ацы ныхæстæ сты Октябры революцийы цахъæнтæ. Фæлæ куыд ахсджиаг сты абон нæ дуджы дæр. Елбыздыхъойы цард, уый дунеæмбарынад, уый сфæлдыстадæн цалдæр дзырдæй зæгъæн куы уаид, уæд сын уыцы афоризмæй бæлвырддæр æмæ хуыздæр ницы æрымысыдæуыдаид.  

 

Хозиты Барис,  

Цæгт Ирыстоны паддзахадон университеты декан.  

Дзæуджыхъæу «Ир» 1993  



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ