Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

КÆХЦГÆНÆН
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
 

КÆХЦГÆНÆН 

 

Хетæджы бонæй къуыри фæстæдæр хуыцаубоны ралæууынц Кæхцгæнæнтæ. Уæд фæкувынц афæдзы дæргъы чи райгуырди, уыцы лæппутæн. Уыцы бон лæппуйы мадæрвадæлтæ лæвæрттæ æмæ хуынтимæ бабæрæг кæнынц сæ чысыл хæрæфырты. Хуыны дарæстæ, хъазæнтæ æмæ æндæр лæвæрттимæ вæййы здыхтсыкъа фыр. Фæткмæ гæсгæ лæвæрттæ дæр æлхæдтой æмæ фынг дæр арæзтой сабийы мады ныййарджытæ. Сывæллоны мад-иу æрзылди фыдæрдыгæй дæр æмæ мадæрдыгæй дæр йе ‘ввахс хæстæджытыл, цæмæй йын баххуыс кодтаиккой. Бæрæгбоны ном дæр уырдыгæй цæуы — сабийы мад-иу зылди стыр хъæдын кæхцимæ. Ӕмбырд-иу кодта алыгъуызон лæвæрттæ æмæ, фынг цæмæй сараздзæн, уыдæттæ. Уыцы кæхцæй-иу сывæллоны ныййарæг скуывта, цæмæй сæ дзуæрттæ фыдбылызтæй хизой. 

 

Бæрæгбонмæ рагацау сæхи бацæттæ кæнынц хъæуы кæнæ сыхы фæсивæд дæр. Скæнынц гамхудтæ кæрцыты та — згъуыммæ, æмæ æрзилынц, кæхцытæ кæмæ уыдзæн, уыцы хæдзæрттыл. Уыцы æгъдау хуыйны Сойгæнæн. Хæдзæрттыл зилгæйæ, семæ хастой дзуарсæгонд хъил, бастой йыл алыгъуызон хъуымацы гæппæлтæ. Лæппутæй сæ иу хаста даргъ хъил, хуыдтой йæ Фарны хъил. Иннæтæ цыдысты йæ фæдыл, зарыдысты, алы хъазæн ныхæстæ кодтой. Кæй кæртмæ-иу бацыдысты, уыдон æфсинтæ-иу сын фынгæй рахастой хæйттæ кæнæ-иу сын радтой цыхтытæ. 

 

Фарны хъил чи хаста, уыцы кæстæр фæсивæд уыдысты æнæкъæм, æнæазым. Сабитæ æмæ, сæ амонд чи нæма ссардтой, уыцы фæсивæд-иу архайдтой, алы хæрзтæ æмæ бæркад курынимæ баст бæрæгбонты. 14-15 аздзыд лæппутæ сæумæрайсом æрзилынц ногуырд лæппуты хæдзæрттыл, сабиты æмæ ныййарджыты кадæн азарынц. Зылд куы фæвæййынц, уæд лæппутæ сæхæдæг куывд скæнынц, хистæрты цæст сыл куыд хæца, афтæ. 

 

Ноггуырд кæй хæдзæртты ис, уыдонæй алчидæр хъуамæ стур аргæвда, адæмы фæхынца, уымæй равдисынц, лæппу сын кæй райгуырд, уый. Ӕгас хъæу дæр æрæмбырд вæййынц æмæ сæрмагонд фынгтыл цал сæры æрæвæрынц, уымæ гæсгæ базонæн вæййы, хъæуы цал лæппуйы райгуырди, уый. Сыгъдæг, ног дзаумæтты конд сабийы-иу бахастой фынджы хистæрмæ, уый-иу чындзы цæгатæй æрхæсгæ хуынæй скуывта Мады Майрæмæн. Уый фæстæ-иу йæ къухмæ райста сабийы æмæ йын йæ къах дзыккайы къусы фæтъыста, къахы фæд куыд баззадаид, афтæ. 

 

Уыцы бон кæмæн не скуывтой, уыдон рынчынтæ кæй хæсдзысты, адæмы рæгъы кæй нæ рацæудзысты, уый сæ уырныдта. Уымæ гæсгæ-иу кæхц скæнын афоныл кæмæн нæ бантыст, уыдон-иу æй фæстæдæр сарæзтой. 

 

Куыдфæстагмæ сылгоймаг йæ цæгатмæ кæхцагур нал цыд, цæгат сæхæдæг райдыдтой кæхц хæссын. 

 

http://new.xurzarin.ru/kaexcgaenaen/ 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ