Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ИРОН ДЕМОКРАТИ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

XV-XVI-æм æнусты Ирыстоны политикон цардæвæрд уыд æххæст демократон. Рагон бердзенаг дзырд «демократи» нысан кæны «адæмы барад», «адæмы хицаудзинад». Хицаудзинад алы граждайнаг æхсæнады дæр ис йæ уæнгты къухты. Уæздæттæм уыд хи зæххытæ æмæ хи хæдзарад, никæй дæлбар уыдысты, архайдтой æхсæнады политикон царды. Сæ граждайнаг бартæ сын æххæст кодта адæмон æмбырд æмæ хъахъхъæдта тæрхондон. 

 

Ныхас. 

Ирыстоны тæккæ уæлдæр уынаффæгæнæг æмæ уагæвæрæг орган уыд адæмон æмбырд – Ныхас. Дзырд «ныхас» у ирон, йæ иу нысаниуæг у «адæмон æмбырд». Дзырды ацы мидисмæ тынг хæстæг лæууынц рагон уырыссаг дзырдтæ «собор» æмæ «вече». Дзырды иннæ нысаниуæг у «ныхас» (разговор). Мивдисæг «ныхасын»-имæ («склеивать, соединять») сын ис иу уидаг.  

Адæмон æмбырд дзыллæйы иу кодта, уыд сæ иудзинады символ. Ирон Ныхас уыд уынаффæгæнæг, уагæвæрæг æвзаргæ органты бирæкъæпхæнон системæ. Мыггаджы æмæ хъæуы ныхасы уæвыны бар уыд æппæт нæлгоймæгтæн дæр. Иуæй-иу хатт-иу æрбахуыдтой йæ куырыхондзинадæй нымад æмæ царды фæлтæрддзинадæй зындгонд чи уыд, ахæм сылгоймæгты дæр. 

Фыццаг хъæлæсы бар уыд хæдзары хистæр нæлгоймагмæ. Уыимæ уæлдай нæ уыд, цы кары ис, уый. Хæрз æвзонг лæппуйæн дæр йæ бон уыд йæ бинонты бартæ хъахъхъæнын, йæ уæлейы-иу хистæр нæлгоймаг куы нæ уыд, йе та-иу уыцы хистæр æгæр куы фæзæрон, уæд. Мыггаджы ныхасы-иу развæлгъау æрдзырдтой хъæуы ныхасмæ цы фарстатæ хаст æцæудзысты, уыдоныл. Адæмон æмбырды бæрзонддæр æмвæзады архайдтой æвзæрст минæвæрттæ.  

Хъæууон Ныхас-иу равзæрстой се ‘хсæнæй минæвæрттæ сæ мыггæгты (ам ныхас цæуы мыггагыл йæ уæрæх æмбарынады, уырыссагау: «колено»)* иумæйаг Ныхасмæ. Уыцы æртæ стыр æмбырды та-иу сæ рады равзæрстой минæвæрттæ граждайнаг æхсæнады Ныхасмæ. Уырдыгæй та-иу минæвæртты къорд æрвыст æрцыд æнæхъæн æхсæнады (зæгъæм - комы) Уæлдæр Ныхасмæ – Стыр Ныхасмæ. Æхсæнæдты æхсæн бадзырдмæ гæсгæ-иу гæнæн уыд, æмæ æрæмбырд уыдаид æгас Ирыстоны Стыр Ныхас. Фæлæ-иу уый уыд тынг стæм хатт – хæстæй тас-иу куы уыдис, кæнæ та æхсæнадон царды исты вазыгджын ивддзинæдты размæ. 

 

 

* Рагон таурæгъмæ гæсгæ Ос-Бæгъатырæн уыдис æртæ фырты — Сидæмон, Цæразон æмæ Кусæгон. Æмæ скифты таурæгъы уæларвæй æрхаугæ сызгъæрин дзаумæттæ æртæ æфсымæры кæстæр Колаксайы къухмæ куыд бацыдысты æмæ уый охыл паддзах куыд сси, афтæ Сидæмон, Цæразон æмæ Къусæгон дæр се ’хсæн байуæрстой сызгъæрин дзаумæттæ ахæм нысаниуæгимæ: дзуары лæг, хæстон æмæ хуымæтæджы кусæг. Уæды рæстæгмæ ирæттæм паддзах нал уыд. Æмæ сæ хъуыдис фæллой кæнын, знагимæ хæцын, стæй хуыцаумæ кувын. Ирон мыггæгтæ сæхи нымайынц уыдоны байзæддæгтыл. Ам ныхас цæуы уыцы æртæ рагон мыггагыл. 

 

 

Стыр Ныхасмæ æрвыст минæвар уæвын, адæмы бартæ хъахъхъæнын уыд тынг бæрнон хæс, æппæтыл æй не ууæндыдысты. Минæвары лæджыхъæдæй, йæ бæрнондзинадæй аразгæ уыд йæ бинонты, йæ мыггаджы, йæ хъæуы кад æмæ намыс. Уымæ гæсгæ-иу адæмон æмбырды уæлдæр къæпхæнмæ æвзæрст æрцыдысты æппæты кадджындæр æмæ куырыхондæр адæймæгтæ. Уымæн æмæ-иу уыдон бирæ хæттыты систы æууæнчы аккаг гом, демократон æвзæрстыты фæрцы. 

Æппæт æхсæнады кæнæ хицæн хъæуы Ныхасы æвзæрстой тæккæ вазыгджындæр æмæ ахсджиагдæр фарстатæ: цæдис скæнын, хæсты райдиан æмæ фидыды бардзырд. Ныхас уыд фæткфидаргæнæг оргæн, уым фидаргонд цыдысты ирон хуымæтæг барады иумæйаг нормæтæ. Хæсты рæстæг уым æвзæрстой хæстон фæтæгтæ. Сабыр царды рæстæг та-иу снысан кодтой Ныхасы бардзырдтæ, уынаффæтæ чи æххæст кодтаид, ахæм бæрнон адæймæгты. Иуæй-иу хъæуты уыд иунæгæй хицауиуæг чи кодта, ахæм æвзаргæ разамонджытæ. Дыгурмæ æхсæнады ахæм разамонæг, сæргълæууæг хуынди «уоли». 

 

Ныхас-иу цы хæстæ сæвæрдта, уыдон хъуамæ æххæстгонд цыдаиккой барвæндонæй æмæ лæвар. Хæстон æмæ политикон хицаудзинад-иу æвзæрст адæймагмæ лæвæрд æрцыдысты бæрæг рæстæгмæ. Ныхас лæмбынæгæй йæ цæст дардта йæ æвджидбартæ сæ хæстæ куыд æххæст кодтой, уымæ. Уыдон дзуапп лæвæрдтой сæ алы къахдзæфæн дæр. Кæд æмæ-иу Ныхас æцæгæлон адæймаджы райста куыстмæ, уæд-иу ын фыстой мызд. Хъæуы ныхасы æвджид ма уыдысты сыхаг общинæйы æрвылбоны хъуыддæгтæ дæр. Ам-иу сбæлвырд кодтой хизæнтæ æмæ хъæдæй пайда кæныны фæтк, быдыры куыстыты æмгъуыдтæ. Ам æвзæрстой бæрнон адæймæгтæ бынæттон кувæндоны æрвылазы бæрæгбон сбæрæг кæнынæн, снысан-иу кодтой разамонджытæ æхсæнадон куыстытæн (зæгъæм, хиды арæзтады, кæнæ фæндаг цалцæг кæнынады). Хъæуы ныхас дзуапп лæвæрдта хъæу, стæй хъæубæсты зæххытæ хъахъхъæныны хъуыддагæн дæр; адих-иу кодта хæдзæрттыл хъæуы иумæйаг хæрдзтæ; æвзæрста æцæгæлон фæрсаг лæгты курдиæттæ хъæуы сын цæрыны бар раттыны тыххæй. Ныхасы бардзырдтæ халæгæн-иу рахастой карз тæрхон: хъоды йыл-иу бакодтой, кæнæ та-иу æй се ‘хсæнæй фæсырдтой. 

 

Ирон адæм «ныхас» хуыдтой адæмы æмбырд дæр, стæй йæ бынат дæр, ома иугæндзон кæм æмбырд кодтой адæм, уыцы ран. Зæгъæм Уæлладжыры Уæлдæр Ныхасы бынат абон дæр хуыйны «Ныхас». Цæразоны фæстагæттæн та сæ ныхас æмбырд кодта дзуары фæз Сидæны. Алы хъæуы дæр ныхасæн уыд бæрæг бынат. Иуæй-иу хъæуты сæ ныхасæн арæзтой егъау, уæрæх агъуыстытæ, иннæтæ-иу æрæвæрдтой фæтæн æмбæрзт, мæнгагъуыст. Фæлæ арæхдæр æмбырд кодтой гом арвы бын. Хистæртæ-иу бадтысты амфитеатры хуызы æвæрд дурын къæлæтджынтыл. Сæ алфамблай лæууыдысты кæстæртæ. Ныхасмæ адæмы æрбамбырд кодта фидиуæг, уый-иу фехъусын кодта адæмæн ныхасы уынаффæтæ дæр. Ныхасмæ нæлгоймæгтæ æрбамбырд кодтой бæрæгбонарæзт æмæ гæрзифтонгæй. Ныхасы уæвджытæн æнæмæнгхъæугæ миниуæгыл нымад уыд хиуыл хæцын фæразын. Цыфæнды быцæу фарстайыл дæр æмбæлд дзурын æрмæст сабырæй.  

Алы минæварæн дæр уыд дзырды бар, фæлæ-иу фыццаг, кæй зæгъын æй хъæуы, байхъуыстой кадджын хистæртæм. Стæй-иу райдыдта развæлгъау ныхас: минæвæрттæ дзырдтой сæ кæрæдзиимæ, алчидæр-иу йæ хъуыды бамбарын кодта иннæтæн, архайдтой, цæмæй иу хъуыдымæ, иу фæндонмæ æрцыдаиккой. Уый-иу сæ къухы куы нæ бафтыд, уæд-иу къордгай фæдих сты, æмæ-иу алы къорд дæр æмбарын кодта йæ хъуыды, фарста цы хуызы хуыздæр алыг чындæуа, уый фæдыл. Æппæт ныхасгæнджытæм дæр-иу куы байхъуыстой, уæд-иу рахызтысты хъæлæс кæнынмæ. Цы фарста лыггонд цыд, уый фарсхæцджытæ æмæ ныхмæлæуджытæ-иу фæйнæрдæм алæууыдысты. Афтæмæй-иу уæд хъæлæстæ банымадтой. Адæмон æмбырд канд уагæвæрæг æмæ уынаффæгæнæг оргæн нæ уыд, уый уыд æгъдауы, æфсармы, дзырдарæхстдзинады, хæдзарадон æмæ политикон фæлтæрддзинады æвæджиауы скъола. 

 

Хъæууон ныхасмæ нæлгоймæгтæ æмбырд кодтой æрвылизæр. Ам дзырдтой сæ боны сагъæстæ æмæ зилæнтыл, сæ балцы æмæ цуаны хабæрттыл. Раргом-иу кодтой сæ зындзинæдтæ дæр, кæд сын исчи исты бауынаффæ кæнид, зæгъгæ, ахæм ныфсимæ. Ирон адæмаджы цард уыд æргом, йæ æппæрццæг æмæ æвæрццæг миниуджытæ, йæ кад æмæ йæ худинаг зындгонд уыдысты æппæтæн дæр. Ныхасæй тынг аразгæ уыд æхсæнады ахаст хицæн адæймæгты митæм. Ныхасы куысты сæйраг фæтк уыд æргомдзинад. Хъуыддæгты мидæг хæрз чысыл гуырысхо æмæ æнæууæнкдзинад дæр-иу адæмы рæгъмæ хаст æрцыд æмæ-иу уæд ссис карз æрныхасы, уайдзæфты аккаг. Æргомæй кæй æвзæрстой æппæт хъуыддæгтæ дæр, уымæ гæсгæ бынат нæ уыд дам-думтæ æмæ фæсаууонмæ козбау митæн. Ирон лæджы бинонты цард æмæ ахастытæм ничи ницы бар дардта. 

 

Ныхас уыд æхсæнады информацион центр. Уырдыгæй-иу базыдтой иууылдæр ног хабæрттæ, уырдæм цыдысты дард æмæ хæстæг сыхæгтæй хабархæсджытæ. Дард балцæй, стæрæй чи æрбаздæхт, уый хъуамæ ныхасы радзырдтаид, дард бæстæты ногæй цы федта æмæ цы фехъуыста. 

Ныхасы базонгæ уæвæн уыд ирон адæмон культурæйы алы къабæзтимæ. Зæрæдтæ мысыдысты сæ ивгъуыды бонтæ, кæстæр фæлтæрты таурæгъты, кадджыты фæрцы зонгæ кодтой сæ адæмы историимæ. Фæсивæд адæмы æмбырды æвдыстой сæ хъару æмæ арæхстдзинад хæстон хъуыддаджы – бæхылбадт æмæ хæцæнгарзимæ архайды. Арæзт цыдысты алыхуызон спортивон хъæзтытæ æмæ ерыстæ. Хуыздæр зарæггæнджытæ æмæ кадæггæнджытæ дæр сæ аивад æвдыстой ам. Арæх-иу сын ныхас бахæс кодта исты хъайтартыл зарæг ныффыссын, стæй-иу æм ныхасы байхъуыстой, аргъ ын-иу скодтой. 

 

Тæрхон.  

Ирон тæрхон куыста фыдæлтæй баззайгæ æгъдæутты домæнтæм гæсгæ. Хатгай Ныхас æххæст кодта тæрхоны хæстæ. Ныхас æвзæрста æхсæны æгъдауы домæнтæ-иу чи хæлдта, уыдоны хъуыддæгтæ , æхсæнады ныхмæ фыдракæндтæ.  

Хицæн хъуыддæгтæ æмæ фыдракæндтæ æвзæрста æхсæны тæрхон. Фыдгæнæг дæр, стæй-иу æфхæрд дæр тæрхондонмæ æрбацыдысты сæ хиуæттæ æмæ хæстæджытимæ. Тæрхоны лæгтæ æвзæрст цыдысты дыууæ фарсы бартæ хынцгæйæ. Тæрхонгæнджытæ та иу æвзæрстой æгъдæуттæ, ирон хуымæтæг барады нормæтæ хуыздæр чи зыдта, ахæм нымад, куырыхон лæгты æхсæнæй. Уыдон æнæмæнг уыдысты уæздæттæй, кадджын æмæ тыхджын мыггæгтæй. Уый та уымæн афтæ уыд, æмæ тæрхонкæнынад уыд тæссаг хъуыддаг: тæрхоны уынаффæйæ-иу разыйæ чи нæ баззад, уымæн йæ бон уыд тæрхоны лæгтæй йæ маст исын. 

 

Фыдæлтæй баззайгæ фæткмæ гæсгæ æвзæрстой æртæйæ фараст тæрхоны лæджы онг – граждайнаг æхсæнады æртæ фæлтæрæй, фыдæл-мыггагæй (кæс уæлдæр æмбарынгæнæн) алкæмæй дæр æмхуызон нымæцæй. Куыд Ныхасы, афтæ тæрхоны дæр æгъдаумæ гæсгæ фидаргондыл нымад уыд æрмæстдæр-иу уыцы æртæ фыдæл-мыггаджы минæвæрттæ кææ сфидар кодтой, ахæм уынаффæ. Уыимæ, фылдæр уæз уыдис, сæ райгуырдмæ гæсгæ дзуары лæгты æмæ тæрхонгæнджыты фæлтæрмæ чи хаудта, уыцы тæрхоны лæгты хъæлæс. Уыдонæн сæ бон уыд тæрхондоны уынаффæ бафидар кæнын кæнæ аивын. 

 

Тæхоны æмбырды-иу фыццаг ныхасы бар лæвæрд цыд хъастгæнæгæн, уый-иу бамбарын кодта йæ хъасты сæр. Стæй-иу дзырды бар радтой фыдгæнæгæг кæнæ тæрхойнагæн. Уый фæстæ-иу ныхасы бар райстой дыууæ ныхмæлæууæджы хæстæджытæ. Ирон тæрхон сæйраг æргом здæхта сæрмагондæй фыдракæндмæ, стæй фыракæнды буаргъæдон æвдисæндартæм. Зæгъæм, исчи-иу цæф куы ‘рцыд, уæд-иу адæмон хосгæнджыты, дохтырты фæрцы скодтой экспертизæ. Æвдисæнты ныхасыл уыйбæрц æууæнк нæ уыд. Хъуыддаджы уавæртæ-иу биноныг æвзæрст куы æрцыдысты, уæд тæрхоны лæгтæ архайдтой ныхмæлауджыты бафидауын кæныныл. Фидыд уыд æхсæны тæрхоны тæккæ ахсджиагдæр хæс. Кæд æмæ-иу фидыдæй ницы рауад, уæд-иу тæрхонгæнджытæ фехъусын кодтой сæ уынаффæ. Тæрхоны бардзырдмæ гæсгæ аххосджын хъуамæ бафыстаид иннæ фарсы хæрдзтæ, стæй ивар. Уымæй уæлдай-ма хъуамæ æххæстгонд æрцыдаиккой дыууæ æнæмæнгхъæугæ домæны.  

Фыццаг уыд ардбахæрд. Тæрхонгæнджытæ-иу растыл кæй банымадтой, уый хъуамæ ард бахордтаид йе ‘рвадæлтæй цалдæр лæгимæ. Мæнг ардбахæрд нымад уыд стыр тæригъæдыл. Ардбахæрыныл чи нæ разы кодта, уый нымад цыд аххосджыныл. Зæгъæм, хъастгæнæг æмæ йæ хæстæджытæ не сразы сты ард бахæрыныл, уæд-иу дзуаппдæттæг нымад цыд æназымыл. 

Тæрхоны хъуыддаджы дыккаг æнæмæнгæххæстгæнгæ домæныл нымад уыд фидыды фынгæвæрд. Уыцы фынгтæ-иу сцæттæ кодтой аххосджыныл нымад чи æрцыд, уый бинонтæ. Ныхмæлæуджытæ-иу фынджы уæлхъус бадгæйæ скуывтой Хуыцаумæ æмæ-иу бафидыдтой.  

 

Тæрхонгонд кæмæн цыд, уый æнаххос у, уый цæмæй бæлвырддæр рабæрæг уа, уый тыххæй-иу ын скодтой дон кæнæ артæй фæлварæн. Тæрхон-иу сраст кодта, арты мидæг чи бацыд, æмæ чи нæ басыгъд, кæнæ гуылфгæнгæ доны чи нæ аныгъуылд, уый. 

Зындгонд-ма у магион тых кæмæн уыд, ахæм фæлварæн дæр. Гуырысхо-иу кæуыл кодтой, уый хъуамæ ахызтаид судзгæ бирæгъы нуæртты сæрты. Ирон адæмы уырныдта, фæлывд лæг уый фæстæ карз рынчын кæй фæуыдзæн. 

 

Лæгмард-иу куы æрцыд, уæд-иу мæрдджынты домæнмæ гæсгæ тæрхон снысан кодта, цæмæй уыдонæй исчи схæцыдаид марæгимæ. Уыди дыууæ хуызы тæрхоны хæстон фæлварæны. Сæ иуы-иу марæджы сæвæрдтой мысанæн, æмæ-иу хæлттæ сæппæрстой, æхсты бар кæй уыдзæн, ууыл. Кæнæ та-иу мæрдджынтæй исчи æмæ туджджын лæгæй-лæгмæ хæцыдысты хъаматæй. Сæ дыууæйæн дæр сæ цæстытæ уыдысты баст. 

 

Тæрхондоны сæрмагонд бынæттæ-иу равзæрстой дзуары кувæндæттæм æввахс. Алы æхсæнады дæр уыд фыдæлтыккон æгъдауы домæнтæ бæстон чи зыдта, ахæм лæгтæ. Уыдоны-иу ахуыдтой æндæр æхсæнадтæм дæр. Æппæт Ирыстоны дæр сæ рæстзæрдæ æмæ куырыхондзинадæй зындгон уыдысты Туалгомы æхсæнады, Нары æхсæнады тæрхоны лæгтæ. Æппæтæй кадджындæр æмæ нымаддæр та уыдысты Дагомы тæрхонгæнджытæ. Уæлладжыры æхсæнады, Дагомы хъæуы уыд Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондон. Уырдæм цыдысты тæккæ дæрддаг кæмттæй дæр цæмæй сын алыг кодтаиккой сæ æнæзæрдæдаргæ, суйтæ хъуыддæгтæ, кæнæ та цæмæй æндæр, дæлдæр тæрхоны æнæраст уынаффæ аивтаиккой. Суанг-иу æндæрбæстаг адæм дæр хаттæй-хатт сæ хъаст æрбахастой Дагомы тæрхондонмæ, сæ фыдыбæстæйы-иу рæстаг тæрхоныл сæ зæрдæ куы нал дардтой, уæд. 

 

 

Блиты М.М., Бзарты Р.С.  

«ИРЫСТОНЫ ИСТОРИ» 

Дзæуджыхъæу, «Ир», 2000 

 

Ирон æвзагмæ æрмæг ратæлмац кодта Брытъиаты Анжела 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ