Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Дзуæртты бынмæ цæуыны æгъдау
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Зон дæ фыдæлты мидисджын æгъдæуттæ æмæ ма уадз иннæты дæр рæдийын!  

 

 

Дзуæрттæм цæуыны æгъдау. 

 

«Дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ хохæй быдырмæ арæзт цыдысты бæрæг сыгъдæгдæр, райдзастдæр, фидардæр бынæтты кæм хъæуты астæу, кæм уыдонæй иуварсдæр нæудзар къуыбыртыл, рындзтыл. 

Дурæй бæласмæ кувæндæтты-дзуæртты быннæттæ фæлгонцгонд цыдысты бæстывæрды æрдзон уагыл.» 

Айларты Измаил 

 

 

 

 

Ирон адæймагæн йе`гъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ бæрæгбон йæ кувинагимæ ссæуы Дзуармæ. Фæлæ скувыны размæ алчидæр хъуама йæхи бацæттæ кæна Дзуары размæ сыгъдæгæй æрлæууынмæ. Æнæ уымæй уыцы цыдæн æй нысæн сæфгæ кæны, куывд Дзуармæ нæ фæхæццæ уыдзæн. Фидарæй зæрдыл бадарын хъæуы: 

 

Дзуармæ цæуынвæнд куы скæнай, уæд хъуамæ адарай ком иу къуыри, кæнæ та æппын къаддæр 3 боны: ома, æвзæр дзыхæй дын нæй дзурæн, нæй æлгъитæн, сылгоймаджы æмуд цæуæн, æнæуаг митæ кæнæн, ирон бæгæныйæ карздæр нозт нуазæн. Уыцы бонты айк, маргъ æмæ бырынкъджыны фыдæй ма фæхъæстæ у, тамако ма бадым, дæ ныхас æмæ дæ хъуыдытæ ссыгъдæг кæн. 

 

Хойрагæй дæ хæдзары æрцæттæ кæн кувинæгтæ: 3 уæливыхы, кæд кусарт акодтай, уæд физонæг (раззаг хуылфыдзаумæттæй, кæнæ 3-5-7 фæрсчы кусæрттагæн йæ рахиз фарсæй конд), ирон бæгæны, урс хæцъилы тыхт сыгъдæггонд æфсæйнаг мысайнаг. Дзуармæ минас æмæ цæл кæнынмæ нæ фæцæуынц, фæлæ кувынмæ, бинонты æмæ сыхбæсты бафæдзæхсынмæ. 

 

Уæлæдарæс хъуамæ уа сыгъдæг. Тар хъуымацæй хуыд дзаумæтты аив нæу бæрæгбонмæ цæуын. Цыбырдыс, гомхъуыр дарæсы Дзуармæ цæуын не ‘мбæлы. Нæлгоймæгæн цæугæ у худы, сылгоймæгæн та сæрбæттæны. Хæлафджын сылгоймаг дзуармæ нæ цæуы.  

 

Де`ртæ кæрдзыны дын хистæртæ куы акувой, уæд саход кувинæгтæй. Уыдонæй æмбæлы аходæггаг æрбахæссын хæдзармæ – бинонтæ дзы цæмæй фæхъæстæ уой. Кæд демæ исчи йæ мысайнаг арвыста, уæд уымæн дæр йæ кувæггаджы хай сæмбæлын кæн. 

 

Дзуары кувæндонмæ нæй хæссæн хъæбæр нозт, водка, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг бæгæнытæ, тамакотæ. Уым нæй хъæрæй дзурæн, æнæуаг ныхас кæнын, искæимæ быцæу кæнын. Ирон Дзуармæ нæй хæссæн æмæ уым судзæн чырыстон сойын цырæгътæ, нæ дзы хъæуынц нывтæ-иконæтæ, дзæнгæрджытæ æмæ æфсæйнаг дзуæрттæ-кърестытæ дæр. 

 

Сылгоймагæн йæ номæй ис сдзурæн Хуыцауы Дзуар, Мады Майрæм æмæ Алардымæ. Иннæты нæмттæ йæ дзыхæй хъуамæ уадзгæ дæр ма скæна. Цæуæн дæр йын ис æрмæст ацы Дзуæртты кувæндæттæм. 

 

Дзуары бын ерыстæ куы саразой, дæхи иуварс ма алас, бавзар иннæтимæ дæ хъару æмæ дæ зонд. Хъазты мидæг дæ кафынмæ куы хоной, уæд «нæ зонын»-зæгъын худинаг у. Ракаф иу куыд зоныс афтæ. 

 

Дæ фæстæ бафснайын хъом у. Æвгтæ, гæххæттытæ, кæрдзынтæ сæмбырд кæн æмæ сæ рахæсс Дзуары бынæй. Нæй æвналæн æрмæст мысайнæгтæм, стæй ма адæм цы мигæнæнтæй фæархайынц, уыдонмæ. 

 

Ацы домæнтæ уæ зæрдыл бадарут, хъуыды сæ ничи æркодта - баззадысты нын фыдæлтæй. Цæмæй уæ куывдтæ расугъдæй фехъуысой æмæ рæствæндаг уат, уый тыххай уæ зæрдыл дарут Дзуармæ цæуыны æгъдау. 

 

КУЧИТЫ РУСЛАН 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ