Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

*Цæгæраты Созырхъо
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Цæгæраты Созырхъойы ныхас. 

 

Ирон царды фарн хистæрæй цæуы. Кæстæртæ исынц хорз зонд æмæ фæлтæр, ахуыр кæнынц, æгъдау æмæ æфсарм сæ алыварс цы куырыхон хистæртæ фæуынынц, уыдоныл, цæвиттонæн сæ фæмысынц цалыммæ сæхæдæг хистæры кармæ бацæуынц, уæдмæ.  

 

 
Афтæ мах дæр, 1970-æм азты æрыгон фæсивæд, цымыдисæй хъуыстам уæды куырыхон хистæртæм алы комы, алы хъæуы. Абон дæр ма æрымысын Хъæдгæроны æгъдаутауæг фæрнджын, кафаг-зараг хистæрты: Сокаты Афæхъойы, Хæутаты Агубейы æмæ иннæты.  

Уæдæ уæды заман, Иры дзырддзæугæдæр æмæ куырыхондæр хистæртæй иу уыдис Хидыхъусаг Цæгæраты Созырхъо. Рухс дзæнæты бадæт. Æнæ ахуыргондæй, Созырхъо уыдис диссаджы зонд æмæ фæлтæры хицау. Уыимæ арæзта зарджытæ, цагъта хъисын фæндырæй, йæ аив ныхасмæ та йын адæм хъусынæй нæ фæлладысты. Кæд нæм йæ кæстæртæ фæкæсой, уæд ма бацагурдзыстæм фылдæр æрмæг ацы лæджы тыххæй æмæ йæ ам ныммыхуыр кæндзыстæм.  

Фæлæ ныр мæнæ ам, уæ хорзæхæй, байхъусут Цæгæраты Созырхъойы аив æмæ мидисджын ныхасмæ.  

 

Кучиты Руслан  

www.ossetians.com 

 

 

Стыр бузныг ацы МР3 файлтæ интернетмæ чи бахаста, уыцы æнæзонгæ ирон лæгæн: 

 

Ирон æвзаг, æгъдау æмæ иудзинады тыххæй раныхас  

 

Цæгæраты Созырхъо. Зæронд таурæгъ  

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ