Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ХЪÆЛДЗÆГ ХАБАР
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Хадзыгуа æмæ Бади дыууæ уарзон сыхаджы уыдысты, ахæм бон нæ уыд æмæ иумæ ма абадой, ма аныхæстæ кæной. Зæронд ног азмæ ма дыууæ къуырийы уыд, афтæ бæгæнытæ афыхтой. Хадзыгуайæн йе 'нтуан зæрдæдаргæ нæ уыд æмæ Бадимæ суад æнтуангур, æмæ та ам дæр ныхæстыл фесты: 

– Мæнæ бæрæгæхсæв æрцæуы, ома, æнæзæгъинæгты, æмæ сын ницы кæныс? – афарста Бади. 

– Куыннæ! Мæнæн сын сау стыр уасæг нывонд у. 

 

Дыццæджы изæрæй Гагуыдз быдырæй куыстæй æрбацыд æмæ йæ къай Хадзыгуайы хыссæ кæнгæ æрбаййæфта. Хадзыгуа йæ лæппу Черменмæ дзуры: 

- Марадз-ма, уартæ сау стыр уасæг аргæвдын кæн, ахсæв бæрæг æхсæв у. 

 

Чермен ацыд æмæ спичкæйы рухсмæ æндæр уасæг æрцахста æмæ йæ аргæвдын кодта. Хадзыгуа бардиаг кодта, стæй загъта: 

- Цæй, сау дæр уасæг æмæ бур дæр, цы уæлдай у. 

 

Рæсугъд фынг сын сарæзта, цырæгътæ ахуыссын кодта æмæ бинонты æндæр уатмæ ракодта: уадз æмæ дзы саходой æнæзæгъинæгтæ, зæгъгæ. Стæй бацыдысты, рухс ссыгътой æмæ фæминас кодтой уасæг æмæ чъиритæй. Райсомæй Чермен йæ мадæн дзуры: 

– Дысон мæ цыма фыны чындзы арвыстой. 

– Мæ хæдзар бахорз, æмæ æз дæр ахæм цыдæр куы федтон. 

 

Уалынмæ Гагуыдз галтæ сивтыгъта æмæ æрбадзырдта Черменмæ: 

– Цом, уæлæ хъæдбынæй хос æрласæм нæ фосæн, – æмæ ацыдысты.  

 

Хъæдбын къулыл сæ галтæ суагътой, фæстаг цæлхыты бын хъæд бакодтой, фæстæмæ ма ратула, зæгъгæ. Уалынмæ сæм сæ сыхаг æрбацыд, мæ сугты бричкæ суадоны цур ныссагъд æмæ мын дæ галтæ æд дислы авæр, зæгъгæ, æмæ сæ акодта. Чермен бричкæмæ сгæпп кодта, бæндæнтæ райсон, зæгъгæ. Бричкæ фезмæлыд, уæд йæ раззаг цæлхытæ фæзылдысты æмæ уырдыджы афардæг. Æрхы был бричкæ фæфæлдæхт æмæ ныддæрæн, Чермен каконты æрдузмæ бахауд. 

Уалынмæ сыхаг лæг галтæ æрбакодта æмæ Гагуыдзы æрбаййæфта сагъæсимæ. 

Чермены сæвæрдтой хъæрзгæ, цъæррæмыхстытæй бричкæйы сугты сæр кæрцы уæлæ, галты бабастой бричкæйы фæстæ æмæ афардæг сты хъæумæ. Хадзыгуа йæхи хоста, мæнæ мæ фынтæ цæмæ рауадысты, зæгъгæ, æмæ сагъæстимæ бахуыссыдысты. 

 

Æхсæвы иу афон Гагуыдз йæхи хъуыды æддæмæ рацыд, кæсы, æмæ хъомдоны дуармæ род рацу-бацу кæны. Гагуыдз йæхимæ дæр æрзагъд кодта, мæ род æддæ куыд ныууагътон, зæгъгæ, æмæ йæм фæраст мидæмæ йæ бакæнынмæ. Гацыр родмæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ уый стырæй-стырдæр кодта. Йæ цурмæ куы бахæстæг, уæд уыд къамбецы йас, хъуынджын. Лæг фембæрста, род кæй нæу, æмæ фæстæмæ фæзылд. Кæсы, æмæ сæ чындз рацыд урс дарæсы, кæрты дуармæ фæуайы, Гагуыдз æм фæдзырдта, ацы æнафоны уынджы цы архайыс, зæгъгæ, æмæ чындз бæласы фæстæ алæууыд. Гацыр банхъæлмæ каст, цы уыдзæн уымæ, стæй бацыд æмæ бæласы фæстæ ничи. Уæд бамбæрста, цыдæр æй кæй фæливы, уый, æмæ йын Хадзыгуа хабæрттæ радзырдта.  

– Æмæ нывондаг аргæвстай? – афарста Бади? 

– Нæ, Чермен æндæр аргæвдын кодта, – загъта Хадзыгуа. 

– Уæдæ уын ацы æргом митæ уыдон кæнынц, æргомæй уæм рацыдысты æмæ тызмæгæй уæ кæрты рацу-бацу кæнынц. Тагъд сын аргæвд сæ нывондаг æмæ сæ хатыр ракур. Уæддæр уыл нæ бахæццæн уыцы уасæг. 

 

Хадзыгуа уасæг рацагуырдта, фæлæ нæ фæзынд. Æвæццæгæн, кауы сæрты цæхæрадонмæ тахт, йæ къах телыл фæфидар æмæ цæхæрадонырдыгæй кауы фарсыл саст къахæй амард. Уæдæй фæстæмæ Хадзыгуа нывонд никуыуал скодта, куы скæны, уæд та йæ æххæст фæкæны. 

 

Мысыкаты Ахберд 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ