Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ахуд, æмæ фылдæр фæцæрай
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Куырой ӕнӕдон быдыры 

 

Сæрæби дын ӕнӕдон быдыры арӕзта куырой... Къæрæби йыл ӕрбамбӕлди ӕмӕ йӕ фӕрсы: 

- Цы аразыс, Сæрæби? 

- Ау ӕмӕ кӕд дӕ сӕры зонд ис, уӕд цӕуылнӕ базыдтай, куырой кӕй аразын, уый? 

Къæрæби фӕйнӕрдӕм акӕстытӕ кодта ӕмӕ цӕугӕ-дон куы никуы ӕруыдта, уӕд исдуг Сæрæбийыл фӕхудынмӕ хъавыди, стӕй, куы йӕ бафхӕрон, зӕгъгӕ, ӕнӕдзургӕйӕ арасти йӕ фӕндагыл. Сæрæбийӕн уый хъыг куыд нӕ уыдаид, ӕмӕ афтӕ дзуры Къæрæбийы фӕдыл: 

Дӕ хорзӕхӕй, Къæрæби, рӕстмӕ дын фӕуӕд дӕ куырой ӕмӕ дзы райгӕ у, зӕгъгӕ, мын цӕуылнӕ раарфӕ кодтай? 

Раарфӕ дын кодтон,— загьта Къæрæби,— фӕлӕ мӕ куырой доны хъӕрæй нӕ фехъуыстай. 

 

 

„Хъисфӕндырӕй цӕгъдӕг" ӕмӕ ӕдылы ӕхсӕкгӕс 

Иу хуыснӕг дукани адавынмӕ бахъавыди. Хырх райста æмæ дзы лыг кӕны дуары гуыдыр. Хъахъхъӕнӕг æй æрбаййæфта ӕмӕ йӕ фӕрсы:  

- Уым цы ми кæныс, хорз лæг? 

- Мӕнӕ хъисфӕндырӕй цӕгъдын,— дзуапп радта хуыснӕг. 

- Ау, ӕмӕ дын хъуысгӕ цӕуылнӕ кӕны?— бадис кодта хъахъхъӕнӕг. 

- Ницы кӕны, райсом ӕй фехъусдзынӕ,— загъта хуыснӕг ӕмӕ йӕ куыст дарддӕр кæны. 

 

 

Рӕсугъд бӕх 

Иу хъӕуы астӕу, ныхасы, бирӕ адӕм бадынц. Уалыимӕ уынгты иу барӕг ӕрцӕуы. 

- Уый бӕх у, бӕх! — дзурынц кӕрӕдзимӕ адӕм.— Цы хорз цӕуы! Куыд рӕсугъд у! 

Уӕд сӕм сӕ астӕуӕй иу куырм лӕг дзуры: 

- Уӕ йӕ бындар фӕуа, ӕниу цы нард у, цы! 

- Ау, ӕмӕ йӕ ды та цӕмӕй уыныс?— сдис ыл кодтой адӕм. 

Уӕд сӕм уый дзуры: 

- Уый нард куынӕ уаид, уӕд рӕсугъд дӕр нӕ уаид. 

 

Фыры цӕф 

Иу лӕджы, йӕ хӕдзары бадгӕйӕ, хуыссӕг ӕрцахста, ӕмӕ ӕркув-ӕркув кӕны. Уӕд хӕдзары, тохъхъылӕн кӕй хастой, ахӕм дынджыр фыр, йӕхицӕн мӕстӕй марыны ӕнхъӕлӕй, фӕстӕрдӕм дард фӕцыди ӕмӕ йын йӕ ныхӕн уыциу гуыпп нылласта. Лӕг бандонӕй уӕлгоммӕ асхъиудта ӕмӕ хъӕр кӕны: 

- Ӕллааах! Чи мæ амардта? Кӕмӕн цы кодтон? 

 

Тӕрхъусы мард 

Иу лӕг, гутоны фӕдыл цӕугӕйӕ, тӕрхъус амардта ӕмӕ йæ æрбахаста уӕрдонмӕ йӕ дыууӕ ӕмбалмӕ. Уыдон дӕр ыл бацин кодтой. Дыууӕ ӕмбалы уӕрдоны бын бадынц ӕмӕ ныхас кӕнынц. Гутонгӕнӕг иу зылд ӕркодта ӕмӕ сӕм дзуры: 

- Ӕмӕ диссаг та куыннӕ уыди! Йӕ рагӕпп ӕмӕ мӕ дзомсы фехст иу та куыд баисты! 

Дыккаг зылдӕн дӕр та сӕм дзуры: 

- Цас диссаг уӕм фӕкасти: фӕцӕйлыгъди, дзомс ыл фехстон, ӕмӕ фӕмард и. 

Ӕртыккаг зылдӕн дӕр та сӕм дзуры: 

- Ныууадзут-ма тӕрхъусы кой! Цас фӕцарӕхсын ӕм хъуыди! Фӕцӕйлыгъди, цырд ӕм фӕлӕууыдтӕн ӕмӕ йӕ фӕмард кодтон. 

Уӕд ӕмбӕлттӕй иу фестади, тӕрхъусы иуварс ныззыввытт кодта ӕмӕ дзуры: 

- Ӕнӕрай дзы скӕн дӕ тӕрхъусӕй! Афтӕ ӕнхъӕлыс, ӕмӕ нӕм ӕндӕр ницы ныхас ис? 

 

Бирӕгътӕ 

Иу мӕгуыр усы хъуджы быдыры бирӕгътӕ аргӕвстой ӕмӕ йӕ фӕйнӕрдӕм ивазынц. Уый сӕм, йӕ рустӕ тонгӕ, дардӕй кӕсы, стӕй йӕ бон куы базыдта, уӕд хъӕумӕ кӕугӕ ӕрбацыдис ӕмӕ дзуры: 

- Бирӕгътӕ дӕр ӕмхуызон не 'сты, нӕ: мӕгуыры фарс чи хӕцы, ахӕмтӕ дӕр дзы ис. Дыууӕ бирӕгъы дзы сӕ уды къубал скъуыдтой, иннӕ бирӕгъты дзыхӕй йӕ мердӕм ластой. 

 

Бӕласы цӕф 

Зондаби ӕмӕ Ӕрраби хъӕдмӕ ацыдысты суг ласынмӕ. Зондаби бӕлас акалдта, ӕмӕ Ӕррабийыл рафӕлдӕхти, фӕлӕ фервӕзт ӕмӕ йын стыр куывд скодтой. Фынгыл хистӕр расидти: 

- Йе, хуыцау, уӕдӕ ма Зоидабийыл дӕр бӕлас цы рафӕлдӕха, ӕмӕ та уымӕн дӕр ахӕм куывд куыд скӕной. 

 

Ӕмӕ хӕрӕгӕй дӕр хуымӕтӕджы хӕрӕг уыди? 

Ӕртӕ ӕфсымӕры ӕмӕ сӕ фыд-зонд хӕрӕфырт горӕты цардысты иумӕ. Иухатт ӕфсымӕртӕ хъӕуӕй сӕ ныййарджытӕй райстой гӕххӕтт, зӕгъгӕ, сӕ цыппӕрӕм  

ӕфсымӕр Хӕмӕт уӕззау рынчын у. Ӕфсымӕртӕ ууыл фенкъард сты, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ тынг ӕхсайдтой. 

Къорд боны фӕстӕ ӕфсымӕртӕ бадынц сӕхимӕ, уалынмӕ кӕуыны хъӕр сӕ хъустыл ӕрцыди. Сӕ иу рауади ӕддӕмӕ, кӕсы ӕмӕ сӕ хӕрӕфырт кӕрты дуарӕн хъӕрӕй кӕугӕ ӕрбацæуы. 

- Цы хабар у? Цы кодтам?— зӕгъгӕ ма сдзырдта, стӕй уый дӕр ныббогъ ласта. Иннӕ дыууӕ дӕр разгъордтой, сӕ уӕрджытӕ хойгӕ. Бӕстӕ ӕрдиаг сси, цыппар дӕр кӕуынц. Уæд хӕрӕфырт йӕ кӕуын фӕурӕдта ӕмӕ дзуры: 

Ӕмӕ хӕрӕгӕй дӕр хуымӕтӕджы хӕрӕг уыди! Сымахты-йедты бӕхтӕй хуымыдзаджы аргъ уыди!— ӕмӕ та кӕуы. 

Уӕд ӕфсымӕртӕй иу йӕ кӕуынӕй фӕсабыр ӕмӕ йӕ фӕрсы: 

- Уый та цӕй хӕрӕджы кой кӕныс? Чи дын дзырдта Хӕмӕты мард? 

Хӕрӕфырт ницы дзуры. 

- Чи дып дзырдта, зӕгъын? Ӕви мысгӕ ӕркодтай? 

- Ницы æрымысыдтӕн,— загъта хӕрӕфырт,— мӕнӕ нӕхицӕй гӕххӕтт райстон. Фыссынц мӕм, Хӕмӕт дзӕбӕхдӕр у, фӕлӕ мӕ хӕрӕг амарди. 

- Ау, уӕдӕ нӕ дӕ хӕрӕгыл фӕкӕуын кодтай?- смӕсты сты ӕфсымӕртӕ.— Хорз кад ын скӕнын кодтай! 

 

 

 

Салдат — бирӕ, топп — нӕй 

Зондаби ӕмӕ Ӕрраби фӕрсӕй-фӕрстӕм сӕ нартхоры хуымтӕ рывтой. Зондаби тӕнӕг барывта, Ӕрраби та йӕ бӕзджынӕй ныууагъта. Уӕд ӕй Зондаби фӕрсы: 

- Мӕ хӕлар, дӕ хуым афтӕ бӕзджынӕй цӕмӕн ныууагътай? 

Уый йӕм дзуры: 

- Паддзахадмӕ цас фылдӕр салдат уа, уыйас — хуыздӕр. 

Зондабийы нартхор хорз ӕрзади, Ӕррабийӕн та - фӕсалы хуызӕн. Сӕ тонын афон та Зондаби фӕрсы Ӕррабийы: 

- Цӕй, дӕ салдӕттӕ куыд сты?  

Уый йӕм дзуры: 

- Мӕ салдӕттӕ бирӕ хъӕлӕкк сты, фӕлӕ сӕм топпытӕ нӕй, топпытӕ! 

 

Алчеры лӕдзӕг 

Алчер ӕмӕ сауджын фӕцӕйцыдысты иу хъӕууынджы. Уӕд сӕм ныхасы адӕм кӕсынц, ӕмӕ дзы иу дзуры: 

- Хъӕды мыггӕгтӕй дӕр амондджынтӕ куыннӕ ис! 

- Цӕй тыххӕй зӕгъыс?— фӕрсы йӕ иннӕ. 

- Цӕй тыххӕй цы хоныс? Уӕдӕ ма уӕлӕ алчеры къухы цы ӕвзистарӕзт лӕдзӕг ис, уый ӕмӕ мӕ хӕрӕджы дидтӕлбосы лӕдзӕг иу скӕ! 

 

Бæхы ӕви стуры фыд? 

Раджы заманы Хъалмыхъхъы иу ирон лӕгӕн уазӕгуаты лывзӕ рахастой. Лӕг тынг сгуызавӕ ис, кӕд бӕхы фыд у, миййаг, зӕгъгӕ. Куы фынгмӕ ӕркӕсы, куы фысыммӕ бакӕсы. Цыдӕр зӕгъынмӕ хъавы ӕмӕ нӕ зоны нӕдӕр хъалмыхъхъагау, нӕдӕр уырыссагау. Фысым ын фьгнгмӕ къухӕй амоны, ома, ахӕр, зӕгъгӕ. Уӕд уазӕг бӕхы уаст ныккодта:  

- Ми-гъа-гъа? 

Фысым йӕ сӕр ӕмӕ йӕ къухтӕ батылдта,— ома, нӕ, зӕгъгӕ, стӕй йӕм фӕстӕмӕ ныууасыди:  

- Ӕм-му-уу! 

 

Сасиргур 

Иу зæронд ус сасиргур йӕ сыхӕгтӕм бауади. Хӕдзары зæронд лæг даргъ бандоныл хуыссыди, ӕмӕ, цӕмӕй ус ма фефсӕрмы уа, уый тыххӕй йӕ цӕсгом кӕрцӕй æрæмбæрзта.  

Зӕронд лӕджы ӕфсин сасир куы радта, уӕд хӕрзиуæггурмæ дзуры: 

- Фӕлӕуу-ма, мӕнӕ иу арахъхъ аназ!..  

Уый йын афтӕ зӕгъы: 

- Нӕ, нӕ мӕ ӕвдӕлы. Цӕй, уӕд та ӕри! — ӕмӕ йӕ анызта. Дыккаг дӕр афтӕ. 

- Иу ма дзы аназ! — хаты та йӕм зӕронд лӕджы ус. 

- Уӕуу, ӕна, тынг ӕнӕвдӕлон дӕн,— зӕгъгӕ та йӕ айста ӕмӕ йӕ аиызта. 

Афтӕмӕй дзы фӕдыл-фӕдыл, «ӕнӕвдӕлонӕй» фондз анызта. Уӕд зӕронд лӕг кӕрцы бынӕй фӕсӕррӕтт ласта ӕмӕ йӕм дзуры: 

- Хорз ус, уагӕры ма дӕ ӕвдӕлгӕ куы кодтаид... 

 

 

Хӕрӕг 

Хӕххон лӕгӕн йӕ хӕрӕг былӕй ахауди, ӕмӕ йын йӕ хъӕубӕстӕ зӕрдӕтӕ ӕвӕрдтой: 

Ма хъыг кӕн, хуыцау та дын ӕндӕр хӕрӕг ратдзӕн. 

Уӕд хӕрӕджы хицау дзуры: 

- Нӕ зонын, ӕз цы хуыцауы зонын, уый мын ӕнӕ фынддӕс сомы хӕрӕг радта?.. 

 

Ӕнгуз 

Ӕрраби фистӕгӕй фӕцӕйцыди; кӕсы, ӕмӕ йӕ фӕндагыл-иу рӕсугъд ӕнгуз. Йӕ цуры алӕууыди Ӕрраби, ӕдзынӕг ӕм ныккасти ӕмӕ дзуры: 

- О, ме 'сфӕлдисӕг хуыцау, мӕ хӕдзар мын ацы ӕнгузы хуызӕн дзаг фестын кӕн!—йӕхӕдӕг ӕнгуз систа, асаста йӕ ӕмӕ разынди афтид.  

Ӕрраби исдугджихӕй аззад, стӕй дзуры: 

— Тобӕ, тобӕ, хуыцау! Куыдзы коммӕ ма бакӕс. 

 

Сымахмӕ дӕр æрдиаг кæнӕм 

Иу мӕрдджынмӕ ӕндӕр хъӕуӕй мӕрддзыгой ӕрцыдысты. Зианы лӕууӕг адӕм дыууӕ кӕрты бацахстой, мидӕгӕй та дыууӕты ӕхсӕн быру нӕ уыди. 

Мӕрддзыгойы адӕм сыхаджы кӕртмӕ барӕдыдысты ӕмӕ кӕуынц. Кӕуынмӕ сӕ чындз хӕдзары дуарӕй йӕ сӕр радардта ӕмӕ сӕм дзуры: 

- Мах не 'стӕм, мах, уӕртӕ фаллӕгтӕм ацӕут.  

Уӕд ӕм кӕуджытӕй иу фӕцырд ис ӕмӕ йын афтӕ 

зӕгъы: 

- Сымахмӕ дӕр ӕрдиаг кӕнӕм, сымахмӕ, йӕ кӕртыл кау сбийын чи нӕ фӕразы!.. 

 

Иу ма дзы куы аназин... 

Иу лӕг Даргъ-Къохы уынгты расыгӕй саргъыбӕхыл сцӕйуади. Ӕфсӕнвӕндаджы станцӕмӕ куы схӕццӕ, уӕд йӕ бӕх вагоныл абаста, йӕхӕдӕг буфеты смидӕг, цудтытӕгӕнгӕ. 

Цалынмӕ арахъхъ нуӕзта, уалынмӕ поезд араст ӕмӕ саргъыбӕхы йӕ фӕдыл аласта. 

Лӕг йӕ сӕр, йӕ фад нал ӕмбӕрста, афтӕмӕй рацыдис; йӕ бӕх кӕм ныууагъта, уым ӕрлӕууыд ӕмӕ ракӕс-бакӕс кæны. Уӕд ӕй иу зӕронд ус фӕрсы: 

- Цы агурыс, хорз лӕг? 

- Диссаг! загъта расыг лӕг,— тӕккӕ ацы ран мӕ бӕх иу хӕдзары фарсмӕ абастон, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр фӕдӕлдзӕх сты!.. 

 

Сӕныччы аргъ 

Иу лӕг хӕйрӕджыты ӕхсӕвмӕ кусӕрттаг ӕлхӕдта æмæ фиййауы фӕрсы: 

- Дӕ сӕныкк цас кӕныс? 

- Авд абази ӕмӕ дыууӕ суарийы. 

- Нӕ, уый ӕгӕр зынаргъ у, сом ӕмӕ ӕрдӕг айс. Фиййау нӕ разы кӕны: 

- Капекк дӕр дзы нал аппардзынӕн. Ӕлхӕнӕг фæмӕсты ӕмӕ дзуры: 

- Уӕдӕ нӕ хӕйрӕджытӕ бынтон цагъды куы фӕуой, уӕддӕр дын уымӕй фылдӕр нӕ бафиддзынӕн! 

 

 

 

Фынӕйа фӕрсӕг 

Иу хӕдзары бинонтӕ, фынӕйӕ чи фарста, ахӕм лӕг-дӕсныйы ӕркодтой, хорз ӕй федтой. Лӕг куы бануӕзтджын, уӕд бинонтӕм дзуры: 

- Хуыссӕн мын бакӕнут ӕмӕ куы фӕсур уон, уӕд мыл-иу сыгъдӕг, ӕнӕцыд чызг йедтӕмӕ куыд ничи хӕца, афтӕ. 

Дӕсны ӕрхуыссыди, бинонтӕ йӕ алыварс цӕлхӕм-бырдӕй бадынц ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Бинонтӕ бадынӕй сфӕлмӕцыдысты. Уӕд хӕдзары хицау фестади ӕмӕ дзуры: 

- Ӕнхъӕлдӕн ӕмӕ ацы хӕрӕг бынтондӕр ныффынӕй ис?— ӕмӕ йӕ мӕстыйӕ басхуыста. 

- Цӕй-ма, цы ми кӕныс? 

Уый фестъӕлфыди, къӕхтӕ, къухтӕ тилгӕ, ӕмӕ сӕнттӕ цӕгъды. Чындздзон чызг, хӕдзары хицауы хо, лӕджы уромы. Дӕсны ӕнӕфсармӕй ӕвналы чызгмӕ, ӕмӕ йӕ хӕдзары хицау фӕхъуыды кодта. Ӕвиппайды ӕддӕмӕ рауади, уайтагъд фӕстӕмӕ фездӕхти ӕмӕ дынджыр лӕдзӕгӕй хуыссӕнмӕ дӕсныйыл дзӕхст-дзӕхстӕй ралӕууыди... 

Дӕсны ма афтид мидӕггаг дзаумӕтты куыддӕртӕй раирвӕзт. 

 

Сауджыны сӕрыл бӕлон абадти 

Иубон, уынджы фӕцӕйцӕугӕйӕ, сауджыны сӕрыл ӕрмахуыр бӕлон абадти. Йӕ къух ӕм ӕрцахсынмӕ куыд сцӕйиста, афтӕ йӕм диакъон дзуры: 

- Фӕлӕуу, мӕ бар ӕй уадз! 

Иӕхӕдӕг ӕнцадгай фӕстӕрдыгӕй ӕрбахъуызыди, лӕдзӕг дард фӕхаста, ӕмӕ — хафт! 

Бӕлон атахти, фӕлӕ сауджыны сӕрӕн йӕ туг акалди. 

 

Зивӕггӕнаг æфсин 

Иу лӕг кӕсӕгтӕ ӕрцахста, ӕрхаста сӕ ӕмӕ йӕ усмӕ дзуры: 

- Не 'фсин, мӕнӕ ацы кӕсӕгтӕ ахс ӕмӕ сӕ афыц!  

Уӕд ӕм ус афтӕ дзуры: 

- Ӕмӕ сӕ цӕрӕнбонты ӕдзух доны куы вӕййынц, уӕд ма сыл ӕз та дзӕгъӕлы мӕ дон цы хардз кӕнон?.. 

 

Ды та мӕнӕй гӕдыдӕр 

Арыхъхьы хурварс иу рувас йӕхи хурмӕ тавта, йӕ лӕппын та йæ цуры хъазгӕ кодта. Рувас ӕнӕзмӕлгӕ æгæр бирæ куы лӕууыдис, уӕд ӕм йӕ лӕппын дзуры:  

- Цы ми кӕныс, нана, куыд ӕнцад лӕууыс?  

- Цы ми кӕнын, зӕгъыс? Уалӕ Хъӕриуы хохы фарсыл хъӕд судзы, ӕмӕ йӕм мӕхи тавын. 

Уæд рувасы лӕппын йӕ бынатӕй фестъӕлфыд, асхъиудта ӕмӕ йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдын байдыдта. Иӕ мад фæтарсти ӕмӕ йӕ фӕрсы: 

- Цы кодтай, мӕ хур, цы дыл ӕрбамбӕлд?  

- Уалӕ Хъӕриуы хохӕй зынг фесхъиудта ӕмӕ мыл сæмбӕлди. 

- Дӕ быны къускыл баззайай, ды та мӕнӕй гӕдыдӕр! 

 

 

Галдзарм 

Иу лӕг йӕ чысыл лӕппуимӕ базармӕ уӕрдонӕй галдзарм уӕймӕ аласта. Лӕг кӕдӕмдӕр ауади. Уӕд лӕппуйы иу ӕндӕр лӕг фӕрсы: 

- Кӕй лӕппу дӕ, кӕ?  

Уый йӕм дзуры: 

- Дудары. 

- Уӕ, мӕ хур акӕнай, ӕмӕ Дудар мӕ тӕккӕ хӕлӕртты хуыздӕр куы у! Ӕмӕ йын ахӕм лӕппу ис? Ай дын мӕнӕ суари, азгъор ӕмӕ дӕхицӕн дзул алхӕн! 

Лӕппу дзулмӕ куыд фӕци, афтӕ лӕг галдзарм афардӕг кодта. 

 

Афтӕ дзур 

Иу лӕг йӕ сыхаджы фӕрсы: 

- Мӕ тохъхъыл фырнӕрдӕй цӕуын нал фӕразы, мӕ цӕст ӕй аргӕвдын нӕ уарзы ӕмӕ йын цы кӕнон? 

Уӕд ын сыхаг афтӕ зӕгъы: 

- Аргӕвд ӕй, ӕдылы, ӕмӕ райсом ахъӕр кӕн, зӕгъгӕ, адавдӕ мын ӕй уыди, ӕмӕ дын ӕй хъалагъуртӕ бафиддзысты. Ӕхсӕвы йын ӕй сыхаг йӕхӕдӕг адавта. Райсомӕй лӕг сыхагмӕ фӕфӕдис и: 

- Дысон мын чидӕр мӕ тохъхъыл адавта.  

Уӕд ӕм сыхаг дзуры: 

- Гъе! Афтӕ дзур. 

Бауырнӕд дӕ, ӕцӕгӕй мын ӕй адавди, ӕцӕгӕй! 

- Гъе, гъе! Афтӕ дзур, афтӕ! Хорз дзурыс! 

 

Былцо хӕдзармӕ бӕх ӕрбатардта... 

Иу хӕдзармӕ чындз ӕрхастой, кӕрты хъазт стынг и. Хӕдзары хицау къӕбицы рынчынӕй хуыссы. Устытӕ хӕдзары дзолгъо-молгъо кӕнынц, къухтӕ тилынц. 

Уалынмӕ хӕдзары астӕу барӕг ӕрбалӕууыд, бӕх хуыррыттытӕ кӕны. Устытӕ фӕтарстысты ӕмӕ хъӕр-ӕмахст кӕнынц. Уӕд рынчын мӕстыхуызӕй хъӕццулы бынӕй йӕ сӕр радардта ӕмӕ фӕрсы: 

- Уый та чи у? Цавӕр хабар у? 

- Мӕнӕ дын Былцо дӕ хӕдзармӕ бӕхыл ӕрбацыди.  

-Ау, ӕмӕ ӕз Былцойӕн йӕ хӕдзары фистӕгӕй дӕр куы никуы уыдтан... 

 

Тамако ӕруарыди 

Иу лӕгӕн уыди тамакодымаг ӕмӕ райсомӕй ӕрӕгмӕстаг фырттӕ. Уӕд сӕм иурайсом сӕ фыд мидӕмӕ хъæр кӕны: 

- Мӕ лӕппутӕ! Уӕлӕмӕ сыстут, мӕнӕ уын ӕдтейы тамако ӕруарыди. 

Уæд ӕм йӕ фырттӕ мидӕгӕй дзурынц:  

- Дӕ разы, дада, къуымы халамӕрзӕн, ӕмӕ уал ды мидæмæ хафгӕ, мах дӕр дӕм зындзыстӕм, чысыл ма ахуыссӕм. 

 

 

Мыдычыргъӕд 

Иу лӕгӕн йӕ мыдычыргъӕд адавдӕуыд. Уый бавдӕлди, ӕмӕ хъӕуыхицаумӕ йӕ хъаст бахаста. Хъӕуы хицау адӕмы къӕнцылармӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕм дзуры: 

- Ныронг нӕм давд нӕ уыди, ныр нӕм фӕзынди ӕмӕ уыцы давӕг ныртӕккӕ дӕр не 'хсӕн ис, нӕ астӕу бӕрӕгӕй зыны, сымах дӕр ӕй уынут. Кӕсут-ма йӕм йӕ худыл бындзытӕ куыд ӕрӕмбырд сты! 

Давӕг ӕцӕгдӕр адӕмы астӕу лӕууыд; уыцы ныхасмӕ худ йӕ сӕрӕй фелвӕста, ӕмӕ йӕм ракӕс-бакӕс кӕнын байдыдта. 

 

Тъӕнгты калд 

Ӕртӕ къӕрных ӕфсымӕры фӕхыл сты, ӕмӕ дзы иуӕн хъамайы цӕфӕй йӕ тъӕнгтӕ акалдысты. Ӕфсымӕртӕм фӕсмон ӕрцыди, ӕмӕ уыцы сахат кӕцӕйдӕр тагъд-тагъд иу хъӕдгоммӕгӕсӕджы ӕрбахуыдтой. Уый цӕфмӕ ӕнцадӕй ракӕс-бакӕс кӕны, стӕй афтӕ зӕгъы: 

- Дон схъарм кӕнут! 

Цӕйма, тагъддӕр!—дзурынц ӕм ӕфсымӕртӕ. 

- Цы йӕм ракӕс-бакӕс кӕныс? Дон дӕ цӕмӕн хъӕуы? Йӕ тъӕнгтӕ зӕххы лӕууынц, уый нӕ уыныс? 

Уӕд сӕм хъӕдгоммӕгӕсӕг дзуры: 

- Омӕ мыл цы бустӕ кӕнут! Кӕд сӕ уагътат, уӕ тъӕнгтӕ сӕ бынаты куы уыдысты! 

 

Дыууӕ чъындыйы 

Дыууӕ чъынды лӕгӕн сӕ кой адӕмыл айхъуысти. Иуӕхсӕв сӕ иу иннӕмӕ ӕрфысым кодта, ӕмӕ цырагъы рухсмӕ бадынц, кӕрӕдзийӕн сӕ хъӕстытӕ кæнынц. 

Фысым дзуры: 

- Цӕй, ныр нӕ ацы рухс цӕмӕн хъӕуы? Уӕлдай фæлхас цӕуыл кӕнӕм? — ӕмӕ цырагь ахуыссын кодта. 

Уалынмӕ талынджы уазӕгӕн йе'змӕлын цӕуы, æмæ йӕ фысым фӕрсы:  

- Цы ми кӕныс, цы?  

Уазӕг дзуры: 

- Мӕнӕ мӕ хӕлаф ласын, талынджы мӕ цӕмӕн хъæуы, бандоныл дзӕгъӕлы ихсийы, ӕндӕр... 

 

 

Дыккаг мард куынӕ кӕндзӕни 

Хъӕубӕстӕ уӕлмӕрдмӕ фӕцӕйхастой мард, ӕмӕ Фӕндагыл куыддӕр ӕгъдауӕй сӕ къухтӕй ӕрхауди. Адӕм исдуг джихӕй аззадысты, стӕй хистӕртӕй иу дзуры: 

У-у, фӕлтау не 'ппӕт дӕр хӕрзсӕфт куы фӕуыдаиккам. Марадзут, цырддӕр ӕм февналут... 

Уӕд ӕм чидӕр иуварсырдыгӕй ӕрбадзырдта: 

- Фӕлӕуу-ма, цы йӕ срог кодтай! Дыккаг мард куынӕ кӕндзӕни, миййаг! 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ