Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

- НÆ ИРОН ÆГЪДАУ – НÆ ФИДÆНЫ БЫНДУР -
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (3)      Мыхуыры рауадзын

ИРОН КÆСТÆРÆН ЗÆРДЫЛДАРÆН 

 

Нæ хорз кæстæр! 

Кæд дæхи ирон хоныс, уæд дæ зæрдыл дар, нæ адæмы фидæн дæуæй аразгæ кæй у, йæ хъысмæт дæу къухты кæй ис!  

Дæ адæм дыл æвæрынц стыр хæс, æмæ сæ ма фæсай, гадзрахатæй сыл ма рацу, ма бафæзм чъизи æмæ æгъдаухалæг æвзæрты! 

 

Нæ рагфыдæлтæ нын нæ ныууагътой дурæй амад фидæрттæ, стыр сахартæ æмæ бирæ зæххытæ, фæлæ нын уыдоны ныхмæ ныууагътой стырдæр хæзнатæ: сæ миддунейы арф философи, сæ æвидийгæ культурæ, сæ диссаджы уæздандзинад æмæ аланты æвзаг.  

 

Незамантæй нырмæ нæ ирон царды бындур уыдысты Ирон Æгъдау æмæ Адæмы Фарн. Æнæ уыдонæй ирондзинадæн уæвæн нæй, нæй йын фидæн. Æнæ уыдонæй ирон адæм æнæмæнг цæуынц сæфтмæ.  

Сæфтмæ нæ абон тæрынц, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ. Уыдон барвæндонæй, кæнæ та æнæрхъуыдыйæ, халынц ирон адæмæн сæ рæбинаг цæджындз – нæ фыдæлтыккон царды æгъдау.  

 

Бæрзонд бынæттæ, бирæ мулк, цæстмæ митæ, æдзæстуарзондзинад лæггæнæг систы, кæмæндæр та - æгъдаубарæн.  

Карз нозт нæ цæлгæнгæ, кафгæ-заргæ сæрсæфæнмæ фæтæры. Бирæтæ уый нал æмбарынц, водка доны бæсты нуазынц. Хъыгагæн, уымæн тынг ахъаз сты иуæй-иу ас адæм дæр, карджын уæвгæйæ æгъдау чи нæ зоны, æмæ кæстæрты рæдийын чи кæны.  

 

Фыдæлтæй баззад хистæрæн аргъ æмæ лæггад кæнын, йæ ныхасмæ йын лæмбынæг хъусын. Æмæ уыцы æгъдау хъуамæ махæн сæфт макуы уа. Фæлæ абоны царды хистæр æргом куы рæдийа, æгъдау куы хала, уæд æм нæ байхъусын къаддæр зиан хæссы, æнæгъдау ми бакæнынæй.  

 

Кæстæр!  

Ныры дуджы 18-æм æнусы царды æгъдæуттæ ногæй джиппы рауадзæн нал ис, уый бæлвырд у. Фæлæ не ‘хсæнадон ахастдзинæдтæн ис, ирæттæ цæй фæрцы стæм, æмæ нын иннæ адæмтæ аргъ цæй тыххæй кæнынц, ахæм бындур .  

Уый ды фехалын ма бауадз!  

Хъæддыхæй зон ирон агъдауы бындурон домæнтæ, йæ фæзилæнтæ, цы æмбæлы æмæ цы не’мбæлы, æмæ дæ уыцы зонд хондзæн фарны фæндагыл.  

 

Абоны бон Ирон Æгъдау æмæ Ирон Æфсармы домæнтæн сæ сæйрагдæртæ сты: 

 

- Адæмы ‘хсæн, æхсæнадон бынæтты зон дæхи дарын. Ма кæн хъæр, æнæфсарм, кæнæ схъæл ныхас. Дæхи ма стау, аргъ кæн алкæйы зондæн дæр. Фылдæр хатт бирæ зæгъынæй байхъусын пайдадæр вæййы.  

 

- Ма кæн къуыдипп, схъиуд митæ. Зон хиуыл хæцын, уый фæрцы адæмы астæу уыдзынæ тыхджындæр æмæ фæрнджындæр. 

 

- - Хæдтулгæ машина скъæргæйæ, аргъ кæн дæхи цардæн æмæ адæмы æдасдзинадæн. Хиуыл хæцын фæраз æмæ æрра, схъиуд цыд ма кæн. Дæ алыварс чи ис, уыдонæй æфсæрмы кæн, сæ фæндаг сын ма лыг кæн. Дæхи æгад æмæ æлгъыстаг ма кæн, адæмы фыдæх райсын бирæ у.  

 

- Ирон нæлгоймæгтæ фембæлгæйæ хъæбыстæ никуы кодтой. Кæрæдзийы къухта-иу райстой æмæ-иу дзыхæй уæздан арфæ ракодтой.  

Нæу дæуæн дæр сыхæгтæй æрбайсгæ хъæбыстæ кæныны æгъдау фæзминаг. 

 

- У хайджын ирон æфсармæй. Уынгты, паркты, æхсæнадон бынæтты уром æмæ ма ‘вдис дæ монцтæ. Чызг æмæ лæппу кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц, уымæ хъуамæ адæм кинойау ма кæсой. Алцæмæн дæр ис йæхи бынат æмæ рæстæг.  

 

- Зон æмæ æххæст кæн кæстæр-хистæры æмæ хистæр-кæстæры æгъдау. Кад кæн нæ фæрнæйдзаг хистæртæн, ис сæ зонд æмæ фæлтæр. Зон, ирон адæмы фарн хистæрæй кæстæрмæ кæй цæуы, æмæ фидæны дæ кæстæртæ уыцы фарн дæумæ кæй агурдзысты.  

Ма йæ фесаф! Бахъахъхъæн æй цæсты гагуыйау! Ма фæкæн фæсмойнаг уыцы кæстæрты! 

 

- Ма æрлæу бинонты æгъдау халджыты æмрæнхъ. Макуы райхъуысын кæн дæ хæдзарæй хъæр ныхас, загъды уынæр. Уый на адæммæ уыдис худинаг.  

Аргъ кæн дæ ныййарджытæн, дæ цардæмбалæн, дæ бинонтæн.  

 

- Зон дæ кæстæртæн раст зонд бацамонын, сæ адæмы уидæгтыл фидар баст куыд уой, сæ Райгурæн бæстæйыл – æнувыд. Саби фыццаг ныййарджыты бафæзмыны, æмæ дæ кæстæртæн кæддæриддæр у хорз æгъдау æвдисæг.  

 

Бирæ кæстæртæ хæдзары амонд æмæ фидауц сты, фæлæ уыимæ дæ зæрдыл дар, уыдон нæ Иры фидæн дæр кæй сты, æмæ æппæт дæр дæуæй аразгæ кæй у. 

 

- Дæ адæмы фарнимæ дæ фыццаджыдæр бæтты нæ ирон æвзаг.  

Уый нæ æгæрон хæзнадонæн йæ бахизæн дуары дæгъæл у.  

Ма йыл атигъ кæн дæхи! 

Æдæрсгæ дзур, кæс æмæ фысс иронау! Бауарзын кæн уыцы æвзаг дæ кæстæртæн. Зон, æцæг ирон уый нæу, ирон бинонты 'хсæн чи схъомыл ис, фæлæ йæхæдæг ирон кæстæрты чи схъомыл кодта. 

 

Кæд ыл дæ уавæрты фæрцы, кæнæ ныййарджыты рæдыдæй афоныл нæ фæцалх дæ, уæд ныр хъуыддаг æрмæстдæр дæхицæй аразгæ у. Алкæй бон дæр у хи хъаруйæ йæ мадæлон æвзаг сахуыр кæнын.  

 

- Ирон фынгæн стыр нысан ис. Уый у нæ аргъуан, нæ кувæндон.  

Зон ирон фынджы æгъдæу, æмæ уымæ гæсгæ дæхи дар! 

Дæ зæрдыл бадар, ирон адæм хæрд æмæ нозтыл зыд нæ кодтой, зыдтой дзы бæрц. Расыггæнæг уыдис худинаг, зарæггаг.  

 

Карз нозт æгъдаухалæг у, нæ сафæг. Маргау ахъардта на адæмы тугдадзинты æмæ нæ иугай цæгъды. Æппæтæй хуыздæр, дæ къух ыл бынтон куы сисай, уый. Незамантæй, хорæй конд бæгæны уыдис нæ адæмы кадджындæр нозт. Хорз аргъ кодтой къуымæлæн дæр.  

 

Дунейы кадджын адæмтæй никæцы нуазы водка дзаг агуывзæтæй. Уый нымайынц хъæддаг мийыл. Никуы уыдис нæ фыдæлтæм дæр ахæм æгъдау. Æмæ афтæ чи зæгъы, ирон фынджы уæлхъус æрмæстдæр карз нозтæй кувгæ у, уый ирон æгъдауæн æппындæр ницы æмбары.  

 

Æгъдаухалджытæ сты гуыбындзæлтæ æмæ расыггæнджытæ. 

Абон уыдонæй бирæтæ уынаффæгæнджытæ систы. Хатгай бадынц хистæрæн, нозтæй тых кæнынц, халынц ирон æгъдауы бындурон фæтк.  

Ирон æгъдауы фæрæзтæй сын зон уæзданæй, фæлæ фидарæй ныхкъуырд дæттын!  

 

- Фæстаг рæстæг фæсивæдæн фæзындис бирæ ног фадæттæ кæрæдзиимæ зонгæ æмæ ныхас кæнынæн. Уыдонæй иу у интернет. Æмæ уыцы ран ирон фæсивæд хъуамæ сæ зæрдыл æдзухдæр дарой, мингай адæмтæ сæм фæйнæрдыгæй кæй кæсынц æмæ æгас ирон адæмæн уымæ гæсгæ тæрхон кæй кæнынц.  

 

Ма дзы ‘вдис дæхи æнæуагæй, дзæгъæлдзыхæй, æрдæгбæгънæгæй, хъæбыстæгæнгæйæ, гъе ироны ном æгадгæнæг æндæр ахæм хуызы. Ма рох кæн ирон æмбисонд: «Хъæуæй хъæды дæхи хуыздæр дар!» 

Зон, дæ фыдæлтæ сæ кæртмæ дæр гуыбынгомæй нæ хызтызты, сæ монцтæ адæмы размæ нæ хастой, дзæгъæлдзырд æмæ æнæуаг ныхас нæ кодтой.  

 

- Тырн хæрзхъæд ахуырмæ. Уый фæрцы рацыдысты нæ ирон адæм раззагдæрты æмрæнхъ. Царды мидæг архай зондæй, фæлтæрæй, уды хъаруйæ.  

Зон зындзинæдтæн, цæсгом æнæфæчъизигæнгæйæ, фæразын. Худинаг æмæ æгадæй дæхи хиз. Худинаджы бæсты-иу мæлæт æвзæрстой дæ фыдæлтæ. 

 

- Ныры рæстæг тызмæг у. Бирæты смæгуыр кодта, къæсæргæронмæ сæ раппæрста. Фæлæ куыстуарзонæй мæгуыр худинаг никуы у, куыд нæу худинаг хи куыствæллойæ амад мулк дæр. Худинаг у давын, мæгуыр адæмы сайын, стъигъын, гæртамтæ исын. Уыдонмæ ма бабæлл. Адæмы фыдæх стыр æмæ ахадгæ у. Ахæм хъæздыгдзинады та амонд нæй.  

Дæ цæсгом æхцайыл æмæ бæрзонд бынæттыл макуы ауæй кæн.  

Зон æмæ æмбар дæ алыварс цы мæгуыр адæм ис, уыдоны. Мæгуырæн баххуыс кæнын фарны хъуыддаг у.  

 

- Алы адæймагæн дæр аргъ кæн йæ дзыпп æмæ йæ бынатмæ гæсгæ нæ, фæлæ йæ удыхъæдмæ гæсгæ. Чи цы у, уый йæ хъуыддæгтæй бæрæг вæййы. Лæгдзинад æхцайæ баргæ нæу. Йæ сыхы, йæ хъæубæсты мидæг, адæмы домæнтæ хи хъуыддæгтæй бæрзонддæр чи æвæры, уый уыдис кæддæриддæр арфæйаг, адæмæн уарзон. 

 

- Адæмтæ иуылдæр æмсæр æмæ æмбар сты. Нæй дзы хуыздæртæ æмæ æвзæрдæртæ. Дæ фыдæлтæ кæддæриддæр аккаг аргъ кодтой иннæ адæмтæн, цæвиттонæн сæ хастой. Уыцы зондæй хайджын у ды дæр.  

Фæлæ æппæты фылдæр уарз дæ ирон адæмы æмæ дæ райгуырæн Ирыстон.  

Макуы ракан знаггад дæ адæмæн, нæдæр хъуыддагæй, нæдæр ныхасæй!  

Æппæт хъаруыйæ архай йæ кад, йæ намыс бæрзонд сисыныл, нæ адæмы иудзинадыл!  

 

-Ныры заман нæ фæсивæдæй бирæты сæ балцвæндæгтæ ахастой Ирыстонæй дард. Æмæ кæмфæнды куы уай, уæддæр макуы рох кæн дæ райгуырæн бæстæ, дæ мыггаг, дæ адæмы. Хуыздæр цард агургæйæ сыл ма ауигъ дæ къух. Зон сæ минæвар кæй дæ, æмæ дыл хорз æгъдау æвдисыны хæс æвæрд кæй ис.  

Уастырджийыл дæхи фæдзæхс, æмæ дæ рæствæндаг кæнæд! 

 

Нæ домбай фæсивæд!  

Сымах стут нæ фидæн, нæ зæрдæдарæн æмæ нæ цардаразæг! 

Мæ бауадзут фесафын нæ фыдæлты æгæрон хæзнатæ: Ирон Æвзаг, Ирон Æгъдау æмæ Фарн!  

Макуы ацæут æнæгъдаудзинады фæндагыл!  

 

Фидар хæцут нæ адæмы фыдæлтыккон уидæгтыл, бафсадут сæ уæ лæгдзинад, уæ цыргъзонд æмæ уæ хæрзæгъдауæй, уæ ныфс, уæ хъаруйæ, нæ ирон адæммæ уæ æгæрон уарзондзинадæй!  

 

Æмæ уын уæ фæрнджын фæндагыл Дуне Сфæлдисæг Иунæг Кадджын Стыр Хуыцау æххуысгæнæг уæд! 

 

 

Кучиты Руслан 

 



 Фиппаинæгтæ (3)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ
 
Вы не зарегистрировались. Гости не могут писать комментарии
: райдайæнмæ схизын

тынг хорз 

08.10.2014 , 18:40  
: райдайæнмæ схизын

Тынг раст ныхæстæ! Уæлдайдæр мæ зæрдæмæ фæцыди: "Хъæуæй хъæды дæхи хуыздæр дар!"

16.08.2011 , 01:50  
Абайти Асланбек : райдайæнмæ схизын

Рази дан.

08.08.2011 , 05:48