Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ирыхъæуы Фæсивæды Сидт
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Мах дзырд дæттæм... 

 

Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 23 июль  

 

Фæстаг рæстæг нæ алыварс цы фыдракæндтæ æмæ фыдбылызтæ цæуы, уыдоныл сагъæс кæнгæйæ, Ирыхъæуы фæсивæд æрæмбырд сты Хуыцауы Дзуары кувæндоны бын.  

 

Рауад сын æргом æмæ бæрнон ныхас нæ ирон царды хæрзæгъдаудзинады бындур бахъахъхъæныны охыл. Æмбырды архайджытæ фæсидтысты Ирыстоны се ’мгар лæппутæ æмæ чызджытæм.  

 

 

 

Нæ Иры фæсивæд!  

 

Фыдæлтыккон æгъдау кæддæриддæр урæдта ирон адæмы æлгъыстаг чъизи æхцатæй, сæ азарæй, хæлофæй. Хæрдмæ нæ уагъта зыдыкаты, ратонаты, æздæнонты. Карз æмæ уæззау уавæртæ нæ фыдæлты нæ басастой, уыдон нæм æрхæццæ кодтой нæ рагон æвзаг. Йæ уæздан хиуылхæст æууæлтæй уый дисы бафтыдта Европæйы адæмты, сæ хотыхдар лæгтæ сæ сæхицæн фæзминагæн райстой нæ фыдæлты æгъдау æмæ царды фæтк.  

 

Ирон лæг кæддæриддæр тырныдта уæлахизтæм, бæрзæндтæм, йæ туджы уыдис ерыс кæнын. Æгъдау уыцы тырнындзинад тасын кодта æхсары, хæрзаудæндзинады, æнæхипайдадзинады, фæллой уарзыны хъуыддæгтæн. Æвæццæгæн, Стыр Хуыцауимæ дæр æндæрхуызон уымæн ныхас кæнæм, æндæрхуызон æм уымæн кувæм.  

 

Рæстудæй, хи фæллойы руаджы йæ цард чи арæзта, уый хуымæтæджы нæ хуыдтой Хуыцауы сконд лæг. Бæргæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тохы быдырты чи баззад, уыдон Ирыстонæй куы нæ фæхъуыдаиккой, уæд фæлтæрты ’хсæн бастдзинад нæ фæцудыдтаид.  

 

Уыцы диссаджы æвзыгъд, сыгъдæгзæрдæ фæллойуарзаг, æхсарджын хистæрты хъуыдыджын ныхас æмæ уынаффæхъуаг æййафæм. Уыдон нæ баурæдтаиккой ацы æнæсæрфат дугъæй, фæндагæн нын æй равзарын нæ бауагътаиккой. Æмæ кæд бирæ фарстытæ æмæ уайдзæфтæ, нæ сæргъы чи ис, уыдонмæ хауынц, уæдцæр аххосæгтæн сæ фылдæр нæхимæ агургæ сты.  

 

Кæд афтæ нæу, уæд куыдæй фæзындис ахæм фидис: «Ахæм зондджынæй мæгуыр цæмæн дæ?»  

 

Кæд афтæ нæу, уæд æрдзæн ахæм фыдмитæ цæмæн кæнæм? Быроны æмæ йæ æнтыды бын куы фæкодтам.  

 

Ирон лæг, дæ зæронд мад æмæ фыды афтæ æнцонæй паддзахады фæсдуар куыд æрæвæрдтай?  

 

Æрмæст дæ сабиты бонæй-бонмæ ног дзаумæтты тухыс, семæ та дæ мадæлон æвзагыл нæ ныхас кæныс, семæ ныхас кæныс æрмæстдæр æхцатæ, машинæтæ æмæ галуантыл.  

 

Мах, Ирыхъæуы фæсивæд, Хуыцауы Дзуары кувæндоны бын дзырд дæттæм:  

 

Алы сыхы дæр фæзындзæн æгъдау æмæ фæткхалджытæн ныхкъуырд дæттæг цæстдарæг къордтæ.  

 

Цæрдзыстæм ирон фæсивæды сæрыстырдзинадыл, кадыл дзурæг фæткмæ гæсгæ.  

 

Æрыгон лæппутæ цалынмæ бинонты хъуыддаг бакæной, цалынмæ сæ хæдзæртты сабитæ фæзыной, уæдмæ сын карз нозт нуазыны бар нæ уыдзæн.  

 

Экстремизмыл, талынг галиу зондахастыл, лæгмæрдтыл æнцойгæнæг дины алыхуызон сектæтæн Ирыхъæуы бынат нæй.  

 

 

Ирон лæппуйы кадыл дзурæг фæтк  

 

• Дæ хистæрты нымай, хъус сæм.  

 

• Иумæйаг ныхасы къаддæр дзур, фылдæр хъусгæ кæн æмæ фылдæр базонай.  

 

• Адæймагæн йæ бæрц, йæ хъару баргæ сты йæ зонд æмæ куыстуарзондзинадæй, цы сарæзта, уымæй.  

 

• Дæ зæрдыл дар, ды дæ рагон тыхджын æмæ цытджын адæмы фæдон, æмæ дын рæдийыны бар нæй.  

 

• Дæ дзырд макуы фæсай.  

 

• Æдылыимæ ма быцæу кæн. Нæ дæ бамбардзæн.  

 

• Зон æмæ фынджы æгъдау æмбар.  

 

• Хæрд æмæ нозтæй бæрц зон.  

 

• Хæрнæг æмæ цины фынгтæ æфсæдынæн не сты.  

 

• Зон æмæ ма рох кæн дæ мыггаджы уидæгтæ рагфыдæлы онг.  

 

• Зон æмæ нымай дæ Фыдыбæстæ æмæ дæ адæмы рагон истори. Уый дын сфидар кæндзæн дæ ныфс, дæ уд, ратдзæн дын хъару.  

 

• Тырн дæ мадæлон æвзаг, ирон æгъдæуттæ, ирон кафты æмæ зарыны аивад хуыздæр базонынмæ.  

 

• Макуы æппæл дæхицæй, дæуæй зондджындæртæ æмæ хъаруджындæртæ бирæ, æмæ дзы, чи зоны, уыцы рæстæг дæ фарсмæ исчи ис.  

 

• Схъæл ныхас «ды та чи дæ?!» бахурх кодта Ирыстоны, æмæ йæ ма кæн, дæхи дзы бахиз.  

 

• Цардæмбал æрмæст бакасты рæсугъддзинадæй ма агур, бинонтæ æмæ йæ мыггагæй дæр бафæрс.  

 

• Фыдыбæстæ, ныййарджыты æмæ цоты уæйгæнæгæн хатыр нæй!  

 

• Ма ’фхæр иннæ адæмыхæттыты, алчидæр сæ у рæсугъд æмæ зынаргъ, куыд Хуыцауы лæвар.  

 

 

Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцау, мæгуыр æмæ нæ æгадæй бахиз!  

 

 

Ирыхъæуы фæсивæды номæй:  

 

Цомайты Эдуард,  

Азиты Таймураз,  

Коцойты Алан,  

Засеты Чермен  



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ