Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Æмбалты Цоцко
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ÆМБАЛТЫ ЦОЦКО 

(1871-1937) 

 

Искуы нæ фидæнон историк куы фысса ирон чиныджы хабæрттæ, уæд тыхджын зæрдæбынæй æрымысдзæнис Æмбалты Цоцкойы. Ирон чиныгæн, ирон æвзонг литературæйæн Æмбалты Цоцко фæрныг куыст бакодта. 

 

 
Сæрмагонд йæхи зондæй Æмбалты Цоцко ирон æвзагыл ницы ныффыста. Уый чингуытæ æндæр æвзæгтæй æрмæст ивгæ кодта ирон æвзагмæ. 

 

Æмбалты Цоцко иттæг хорз зоны æндæр æвзæгты литературон хæзнатæ; зоны куыд хъæуы æвзарын хорз чиныг æвзæрæй; æмбары рæсугъд чиныджы ад. Уый æндæр æвзæгтæй ахæм чингуытæ ивы, нæ ирон адæм бæрзонд æмæ рæсугъд хъуыдытæ кæцæй райсой. Уый æрмæст ахæм чингуытæ ивы ирон æвзагмæ, сæрибар æмæ тохы тыххæй чи дзуры, æфхæрд адæймаджы сæрыл чи хæцы. Иунæг ахæм рæнхъ нæ раивта Æмбалты Цоцко, йæ хъуыды арф æмæ бæрзонд кæмæн нæу, пайда ирон адæмæн чи нæ æрхæсдзæнис. 

 

Æмбалты Цоцко раивта иронау гермайнаг стыр фыссæг Шиллеры чиныг «Вильгельм Телль». Уыцы чиныджы Шиллер бæрзонд систа рагон швейцариаг адæмы ном Швейцары хæххон чысыл адæм сæрибары тыххæй сæ сæр мæлæтмæ радтой æмæ сæ бæстæй фæтардтой æцæгæлон æлдæртты. 

 

Сæдæ азы дæргъы Шиллеры чиныг сæрибары фæндагыл аразы Германы фæсивæды. 

 

Ирон адæм дæр, швейцариаг мыггæгтау, хохы цъассыты цæрынц. Нæ цард æмæ не ‘гъдæуттæ швейцариаг адæмы рагон æгъдæуттæм æввахс сты. Мах дæр рагæй хæцыдыстæм æцæгæлон æлдæрттимæ. Шиллер йæ чиныджы цæуыл сагъæс кæны, уый арф бахъардзæни нæ фæсивæды зæрдæмæ. «Вильгельм Телль» бацамондзæни нæ фæсивæдæн, куыд хъæуы мæлын сæрибары тыххæй. 

 

Уырыссаг фыссæг Короленкойы фыстытæн сæ цæстыгагуы у «Макары фын». Уыцы чиныджы Короленко ракодта мæгуыр Макары таурæгъ. Мæгуыр Макарæн æнтъæрдау-æнтъæрд кодтой хъæуыхицау æмæ иннæ æлдæрттæ; тардтой йæ сауджынтæ; домдтой йæ хъуаг æмæ стонг, хъызт-уазал æмæ æнтæф, къæвда æмæ хус рæстæг, салд зæхх æмæ фыдбоны тайга... Йæ цæргæ-цæрæнбонты мæгуыр Макар хаста æвирхъау уæззау уаргъ. 

 

Революцийы размæ нæ хъæууон кусæг адæм цардысты Макары цардæй. Æнцон уыдзæнис нæ кусæг лæгæн Макары рис бамбарын. Уый адыл Æмбалты Цоцко раивта ирон æвзагæй Короленкойы таурæгъ «Макары фын». 

 

Иу рæсугъд аргъау ныффыста уырыссаг фыссæг Вересаев. Аргъауы ном хуыйны «Стъалы». Уыцы аргъауы сахъгуырдтæ уæларвмæ стъалытæ хæссынмæ цæуынц, цæмæй тар æмæ æнуд зæххыл цард ног æгъдæуттыл саразой. Æмбалты Цоцко уыцы аргъау раивта ирон фæсивæдæн. 

 

Тынг айста Æмбалты Цоцко йæ зæрдæмæ дæсны фыссæг Андерсены аргъæуттæ. Андерсены фыстытæй Цоцко ракодта иронау: «Фыдуынд бабызы цъиу» æмæ «Булæмæргъ». 

 

Тыхджын æвзагæй раивта Æмбалты Цоцко Хирьяковы ныффысгæ «Стыр тох». Ацы чиныджы тыххæй Цоцко уæлдай арфæйаг у ирон адæмæн. Брытъиаты Елбыздыхъо йæ «Амыран» куы фыста, уæд æнæмæнгæй йæ зæрдыл дардта «Стыр тох», бирæ хъуыдытæ æмæ нывтæ систа уыцы чиныгæй. 

 

Иукъорд хæттыты Æмбалты Цоцко бафæлвæрдта стихтæ раивын, æмæ йын уыдон дæр рæсугъд рауадысты. Уырыссаг поэт Языковы «Денджыз» Цоцкойы тæлмацæй йæ оригиналæй къаддæр нæу. 

 

Ацы дуджы Æмбалты Цоцко æндæр æвзæгтæй ивыны куыст ныууагъта æмæ архайы Нарты кадджытыл. Уыцы кадджытæй иу чысыл чиныг джиппы дæр рауагъта. 

 

Чингуытæ æндæр æвзæгтæй ивгæ-ивын Цоцко стыр дæсныйад равдыста. Йæ раивгæ чингуытæ иттæг æввахс лæууынц сæ оригиналтæм, ницæмæй фесты уыдонæй æвзæрдæр. 

 

Алы чиныгæн дæр сæрмагонд аивтæ, сæрмагонд ахастытæ вæййы. Цоцко, искæй чиныг тæлмацгæнгæйæ, оригиналы рæсугъд ахастытæй фæсте ницы фæуадзы. 

 

Къуымых æмæ гуылмызыл нымайæм мах нæ ирон æвзаг, къæзгæйæ дзурæм иронау. Фæлæ Цоцко куы байдайы дзурын ирон æвзагæй, уæд цыма æнæбын малæй исы рæсугъд æмæ арф ирон ныхæстæ. Афтæмæй йын бантыстис раивын «Вильгельм Телль», гермайнаг æвзаджы рæсугъд æмæ тых Шиллер æххæстæй кæм равдыста. 

 

Ирон æвзаг гуырысхойаг кæмæн у, ирон æвзагыл фыссын æмæ дзурын кæй фæнды, уыдон æнувыдæй бакæсæнт Цоцкойы тæлмацгонд чингуытæ. 

 

Æмбалты Цоцко нырма йæ фæстаг ныхас нæ загъта. Нырма Цоцко цардбарæг лæг у, æмæ йæ тыхтæ йæхимæ сты. Æвзонг ирон литературæйы мæсыг амайджытæй сæ иу Цоцко уыдис. Æвæццæгæн, дарддæр афтæ нæ фæлæудзæнис, æмæ та уыцы мæсыгыл исты ног зынаргъ дур ма æрæвæра. 

 

ТЫБЫЛТЫ Алыксандр 

1925 

Журнал «Мах дуг» 

 

Æрмæг ист у: 

http://www.allingvo.ru 

 

 

 

 

Къамы: Абайты Васо, Æмбалты Цоцко æмæ Галаты Барис 

 

 

ЦОЦКОЙЫ СФÆЛДЫСТАДÆЙ: 

 

ТИБЫ ФÆДИС ДЫГУРМÆ 

 

Ацы хабæрттæ æрцыдысты, Хъырымы хан Девлет-Гирей сæм куы ’рбафсæрста, уæд — 1750 азы кæнæ уæдмæ хæстæг.  

 

Дыгургом базыдтой, Хъырымы хан Долат-Джери сæм хæссынмæ кæй æрбацæуы. Æмæ Дыгуры хистæр Хъуыбадты Тазрет фервыста фæдис хъæргæнджытæ алы рæттæм Ирыстоныл. Æмæ æд æфсæдтæ æрбафсæрстой Хъырымы тæтæр, Кæсæг дæр семæ, æмæ Дыгур æрбадтысты æрбацæуæнты комы дымæгмæ.  

 

Тиб, хабар фехъусгæйæ, æрбадтысты тæрхоны. Раздæр рахастой ахæм тæрхон, цæуын кæй хъæуы фæдисы. Дыккаг фæнд та уый уыди: цалæй ацæуай æмæ чи ацæуа? Æмæ алыг кодтой: дыууæ лæджы цы хæдзары ис, уымæй иу лæг, æртæ лæджы кæм ис, уырдыгæй дæр иу лæг, цыппар лæгæй — æртæ, фондз æмæ фылдæр лæгтæй — æртæ. Мамысоны хъæутæм дæр фæдзырдтой Тиб æмæ дзы акодтой хæдзарæн лæг фæдисы. Мамысоны хъæуты сæрæн лæгтæ сæхи барæй цыдысты, аннæты та æхсарæй акодтой.  

 

Фæдисы адæмæн хицæуттæ уыдысты Къадзты Барæта, Боциты Бæтæхъо.  

 

Дыгургомы адæмы хæцгæйæ ныййæфтой Мамысоны фæдисæттæ тæтæримæ. Дыгурмæ ма ныххæццæ сты Рацъæй дыууæ хъæуы — Хъив æмæ Чъеура, сæ хицау Луарсаб Дзапартæй. Мамысон æмæ Рацъæй фæстæмæ Дыгурмæ иу адæймаг дæр нæ фæзынд фæдисы.  

 

Мæймæ фæстæмæ æрбаздæхтысты Мамысоны фæдис, иу æнамонд хабар дзы не ’рцыди.  

 

Хъырымы ханы атардтой комы дымæгæй.  

 

 

ТИБЫ ХÆСТ УЫРЫСЫ ÆФСÆДТИМÆ 

 

1822 азы сæрды. Калакæй рарвыстой хицæуттæ æфсæдтæ, сæ хицау Попов, Херсоны полчъы хицау. Дзырд ын уыди хицæуттæй: Дзауы ком, Къуыдаргомыл куыд ацыдаид æмæ Згъилы æфцæгыл Мамысонмæ куыд ныххызтаид. Фæдзæхст ын уыди: адæмы сабырæй куыд раздæхтаид Уырысы хицауадмæ, куыд сын бамбарын кодтаид Уырысы тых, се ’гъдау, сæ кад.  

 

Попов Дзауæй Тибмæ сабыргай фæцыди, фæиста фырттæ, хицæуттæ æвæрдта.  

Тибы адæм йæ размæ æрлæууыдысты Къоты фæзы Тлийы бын. Фæрсынц Поповы:  

 

— Чи дæ, кæдæм цæуыс, стæй цæмæн цæуыс?  

 

— Æз дæн æрвыст Уырысы паддзахы номæй, æрвыст Калакæй, — дзырдта Попов тæлмацæй, йæ талмачтæ гуырдзиæгтæ. — Паддзахы фæнды, цæмæй Иры дзыллæ басабыр уой æмæ сæхи Уырысы уазæг бакæной, Уырысы æгъдæуттæм гæсгæ сабыр цард райдайой, Гуырдзы куыд бакодта, афтæ.  

 

— Уыдон хорз сеппæт дæр, фæлæ дын зæгъæм: мах бæстыл дæуæн нæй ацæуæн; кæуылты æрцыдтæ, фæстæмæ дæр уыцы рæттыл дæхи айс æд æфсад. Уырысы паддзахæй куы курæм, уæд нæм-иу фæзынæд, фæлæ уал ныр уæхи айсут нæ зæххæй.  

 

Попов разæй фæлмæн ныхас кодта, фæлæ Тиб ком нæ дæттынц, уæд булкъон хъæбæрæй ауагъта йæ ныхас.  

 

Уæд æм Тиб сминæвар кодтой:  

 

— Мæнæ нæ кæрæдзийы бамбарæм, дæ ныхæстыл æрсагъæс кæнæм æмæ дын ардыгæй изæрмæ дзуапп уыдзæн, æрмæст ардыгæй ма фезмæл нæ дзуаппы агъоммæ.  

 

Хъæумæ райстой сæхи Тибы адæм, сæхи æфсæддон арæзт æрбакодтой. Дыууæ дихы фæкодтой Тибы хæцæг адæм сæхи. Тибæн сæ хицау уыди Бибо Боцитæй, аннæтæн та Саулох Кучиты. Саулох æд æфсад бацыд хуссæртты, Бибо та цæгæтты. Уырысы æфсады сæ астæу фæкодтой æмæ цыл хæст самадтой. Бибо ма цыл хуссæрттæй хуыр раскъæрдта бæрзæндты; топпы гæрах, хуыры хъæр иу сысты.  

 

Æризæр, афтæ Уырысы æфсæдтæ хæцын байдыдтой дыууæрдæм. Фæхæцыдысты, цалынмæ цæст уыдта, уалынмæ дыууæрдыгæй дæр. Куы бахсæв, уæд Попов æд æфсад фæстæмæ айста йæхи. Тиб æй сырдтой фæсте. Попов фæстæмæ Згъилы æфцæгыл ахызт Къуыдармæ.  

 

Хъуыддаг ууыл ахицæн.  

 

* * *  

 

1824 аз. Калакæй рарвыстой дыууæ æфсады: иуæн дзы хицауад кодта майор Бобриков, иннæмæн та майор Кершен. Майор Бобриков хъуамæ рацыдаид Згъилы æфцæгыл Тибмæ, Кершен та Захъайыл Нармæ, æмæ дыууæ æфсады сиу уыдаиккой Тибы. Уый фæстæ, Тибы байсыны фæстæ, дыууæ æфсады ацыдаиккой Уæлладжыры комыл Кæсæгмæ.  

 

Кершен æрхæццæ Нармæ. Нар æй суазæг кодтой: радзырдтой йын, Екатеринæ-паддзахæй фæстæмæ Уырысмæ сæхи кæй радтой, Уырысæн кæй куыстой сæ фыдæлтæ, сæхуыддæг дæр кусыныл разы кæй сты. Куырдтой Кершенæй, цæмæй уырыссаг скъола арæзт æрцæуа æмæ ахуыр байдайой уырыссаг чиныджы. Иу-æртæ боны афæстиат Кершен Нары, Бобриковæй йæм хабар нæй. Куы нæ æмæ куы нæ уыди, уæд йæ ныфс нал бахаста Тибмæ. Нар дæр æй не сразы кодтой æмæ аздæхт фæстæмæ Ручъы æфцæгыл. Нарæй разыйæ ацыди.  

 

Кершены ацыдæй йæ дыккаг бон Бобриков Згъилы æфцæгыл рахызт æмæ Тибмæ сарæзта йæ фæндаг. Тиб та уымæн дæр æрлæууыдысты йæ разыл. Бобриков сæм дзуры:  

 

— Хæстмæ не ’рцыдтæн. Фæндаг мын радтут, Кæсæгмæ у мæ арæзт. Хæрзиуджытæ уын ралæвар кæндзæн нæ паддзах, скъолатæ уын сараздзæн, сахуыр уæ кæндзæн.  

 

— Сымах, Уырысæй нæ хъæуы æрмæст иу хорздзинад, — загътой Тиб, — нæ бæсты æмгæрæтты дæр куыд нæ цæуат, афтæ, уадзут нæ цæрын æнцад нæхицæн.  

 

Тиб фæныфсджын сты 1822 азы хъуыддаджы. Уыцы рæстæджы Поповы куы фæсырдтой, уæд Уырысы æфсæдтæй фæмард ссæдз лæджы.  

 

Æхсæвы та Тиб Бобриковы æфсады алфамбылай æрзылдысты æмæ цыл хæцын байдыдтой. Тæрсæн гæрæхтæ фæкодта Бобриков дæр сармадзанæй, æртæ гæрахы, йæхæдæг æмæхсæвæджы алыгъд йæ фæд, йæ фæд.  

 

Райсомæй Уырысы æфсæдтæй дыууæ марды баззад.  

 

 

БАДИЛАТÆ МАМЫСОНМÆ КУЫД НЫББЫРСТОЙ 

 

Æмæ Бадилатæ Гулæры æмбырд кæнынц лæгæвзæрстæй. Æрбадтысты тæрхоны. Хистæр равзæрстой, ныхас кæнынц.  

 

— Адæмы астæумæ нын ацæуæн нал ис, уайдзæф, фидис нын кæнынц, Тиб уæ ласынц, уæйтæ уæ кæнынц, зæгъгæ. Ай бæсты куы нæ уæм, уæд бирæ хуыздæр у. Нæ хæс райсæм Тибæй, æмæ йæ исгæ дæр афтæ ма ракæнæм, фæлæ Тиб æмæ Мамысоны адæм дыгурон адæймагæн йæ рæзты цæуын дæр куыд нæ уал бауæндой, гъе уый сын!  

 

— Уый хорз уаид бæргæ, фæлæ йæ зæгъын æнцон у, йæ бакæнын та афтæ æнцон нæу. Тиб æхгæд сты алырдыгæй, Тиб æфсæддон адæм сты — усæй-лæгæй топпæхсæг, æмæ фæндæй куы ницы самал кæнæм нæ хæс райсынæн, уæд та куы фæхудинаг уæм ноджы тынгдæр.  

 

— Уæдæ баздæхæм æмæ æнцондæр фадат цы ран уыдзæн, уый сбæрæг кæнæм æмæ фæлæбурæм уыцы ран, хъæу æд гæдитæ, æд мыстытæ рахæссæм нæ хæсмæ.  

 

— Згъилы хъæдæй æнцондæр фадат бабырсынмæ, фæхæссынмæ нæй, æфцæггæрон ис хибарæй. Фæдис нæма фендзæн, афтæ йæ Къорахы комы мидæг фæкæндзыстæм.  

 

Гулæры æмбырд ацы фæндыл сразы сты. Дыгургомы æфсæдтæ цæй бæрц æрæмбырд хъæуы, уый сбæлвырд кодтой — æфсæдтæн фæтæг равзæрстой æмбырды.  

 

— Уæдæ ма зарæг скæнæм, — загътой фæсивæд, — Мамысонæй нæ хæс куыд исдзыстæм.  

 

Скодтой симды зарæг:  

 

Мах фæцæуæм тых кæнынмæ,  

Уæ уæси уæрæйдæ æмæ си уæрæйдæ.  

Мах Туалтæй нæ хæс райсдзыстæм,  

Уæ уæси уæрæйдæ æмæ си уæрæйдæ.  

Кард кæмæн нæй — кард рахæсдзæн,  

Уæ уæси уæрæйдæ æмæ си уæрæйдæ.  

Топп кæмæн нæй, уый топп рахæсдзæн.  

Уæ уæси уæрæйдæ æме си уæрæйдæ. 

Ус кæмæн нæй — ус рахæсдзæн.  

Уæ уæси уæрæйдæ æмæ си уæрæйдæ.  

Рахæссут сын сæ сывæллæттæ æд авдæнтæ.  

Уæ уæси уæрæйдæ æмæ си уæрæйдæ.  

Раскъæрут сын се стуртæ æд къæлæттæ,  

Уæ уæси уæрæйдæ æмæ си уæрæйдæ.  

 

 

Байхъуысти Дыгуры фæнд Тибмæ. Кæсæбийы фæзмæ æрæмбырд кодтой Мамысоны хъæуты. Æмæ бауынаффæ кодтой:  

 

— Дыгур сæ хæс исынмæ цæудзысты, куыд фехъуыстам, уымæ гæсгæ, æмæ уæ цырд лæууын хъæуы. Тасдæр Згъил æмæ Хълиатæн у фæхæссынæй. Мыййаг куы ’рбабырсой, æфсæргæ та кæндзысты митагъоммæ, уæд-иу мæсыджы сæр арт скæнут, топп æхсут: зондзыстæм, фæдис кæй ис. Цалынмæ Тиб æрбацæуой Лисрийы хъугоммæ, уалынмæ уæ бынатæй ма фезмæлут. Ацы ран æфсæдты æмбырдгæнæн, нæ тыхы æмбырдгæнæн, æмæ цы кæнæм, уый иумæ.  

 

* * *  

 

Æрæгвæззæджы цъæнуд афон, Дыгуры æфсад иу æхсæв ныббырстой Згъилмæ. Згъилы адæм алы æхсæв дæр хуыссыдысты фидæртты, мæсгуыты.  

 

Дыгуры æфсад дуæрттæ басастой, хæдзæрттæм бабырстой: фос рауагътой, Сафайы быны рæхыстæ рафтыдтой, иуæй-иу хæдзæрттыл арт бафтыдтой.  

 

Гал аргæвстой, æхсæвæр фыхтой сæхицæн, æлдарад кодтой хъæубæсты.  

 

Дыгур мæсыджы дуæрттæм бырсынц, фæлæ сæ хъахъхъæнынц, нæ сæ уадзынц мæсыджы бадджытæ, бынмæ сæ æхсынц. Уæд иу мæсыгæй дзырдæуы тыхгæнджытæм:  

 

— Чи дæ, уый бæрц æфсæдтæ кæй фæдыл æрбацыди? Хъæу ныббырсынмæ йæ ныфс чи бахаста?  

 

— Æз дæн Хъарабæгъаты Текъа, мæ мад мæ фыды стæн, фæлæ ды та чи дæ?  

 

— Æз та Челдыты Бекгъа; æмæ ахсæв, Текъа, де ’хсæв у, райсом та хуыцауы куы фæнда, уæд мæ бон уыдзæн, Бекгъайы бон.  

 

Тиб, Мамысоны хъæутæ, Лисрийы хъугомы æхсæвæджы сиу сты. Фæнд скодтой, куыд хæцой бырсджытимæ. Дыууæ дихы фæкодтой хæцæг адæмы: къаддæр — иу дыууиссæдз лæджы — снысан кодтой Джебетъайы рагъмæ разы бадынмæ, фылдæр та — Згъилмæ. Æмæхсæвæджы разыбадджытæ Джебетъайыл цæуæнтæ æрцахстой. Аннæтæ боны фæрухсмæ æнхъæлмæ кастысты.  

 

Дыгуры æфсæдтæ Згъилы басыгътой, фос аскъæрдтой æд хæрджытæ, æд куыйтæ æмæ айстой боны цъæхмæ сæхи. Куыддæр фезмæлыдысты, афтæ фæдис сæ уæлхъус абадтысты. Хæст тыхджын кæнын байдыдта Джебетъайы хæтæны. Æмæ Бекгъа дзуры:  

 

— Челдыты Бекгъайæ, Текъа, адон та дын æфсæдтæ, гъе. Фыдæлтæй дзырдтой: хæсты тымыгъы Бадилон лæгтæ бæрæгдæр уыдысты сæ дзæхстæй, се ’хсарæй...  

 

Хæцгæ-хæцын кæрæдзимæ бахæццæ сты знæгтæ дыууæрдыгæй Джебетъайы хæтæны. Дыгур ницы уагътой, кæй ахастой, уыдонæй. Уалынмæ Дыгурыл разæйбадджытæ Згъилдуры æрдыгæй сæхи бандзæрстой æмæ сыл хæцынтæ систой: Дыгур уæд фæтыхстысты.  

 

Текъа дзуры йæ адæммæ:  

 

— Ныууадзут фосгонд, фæлæ фæстæмæ нæхимæ, чи куыд лæг у, афтæ.  

 

Дыгур згъæлын байдыдтой чысылгай. Сæ фадыварц уыди дзабыртæ, хуалхыл æрчъитæ. Дыгурæн нал æнтысы хæсты тымыгъы Джебетъайы фæтæн фæсалы. Æмæ та дзуры Текъа-фæтæг:  

 

— Гъе, æнцондзурæн æмæ зынцæуæн Джебетъа, куынæуал æнтысы уын размæ. Хъуыбадты Баде фæмард хæсты.  

 

Хъуыбадты Бутгъæ дзуры:  

 

— Æз нæ хæдзармæ фæцæуинаг нал дæн мæ мард æфсымæры фæстæ.  

 

Кард фелвæста æмæ æхсарæй ацыд Мамысоны æфсæдтæм. Фараст нæмыджы сæмбæлд Бутгъæйы риуы æмæ æфсæдты размæ æртылди.  

 

Хæст банцад. Дыгурæй бирæ аирвæзт, бирæ дзы цæфтæй. Текъа дæр аирвæзт цæфтæй. Сæ номдзыд адæмæй хæсты фæмард Дыгурæй аст лæджы, аннæтæй цыппæрдæс, цыппæрдæс та дзы фæци ахсты. Ахст адæмæй дыууæйæн Туалтæ сæ дзырд не ’мбæрстой. Æвæджы уыдысты асиаг. Мард фесты Хъуыбадты Бутгъæ, Баде, Гæус; Хъарабæгъатæй Æмзор, Абысалтæй Умар, Бытутæй Елмырзæ, Хъабантæй Куыцык.  

 

Мамысон æрæмбырд кодтой Къубалæджы фæзмæ мæрдты, сæ быны сын фæсал бакодтой, сæ уæлæ нымæттæ. Мамысоны адæм рад скодтой æмæ сæ хъахъхъæдтой: бон æртæ мыггаджы, бон æртæ мыггаджы. Удæгасæй ахстыты цыппæрдæсæй Тибы хæдзæрттыл байуæрстой, къуыдыртæ сыл сæвæрдтой.  

 

Дыгур алыгъдысты Къæрæугомыл сæ фæд сæ фæд, Хъæдысæрмæ сæ ных сарæзтой. Куыддæр æфцæгæй ахызтысты, афтæ сæ Мамысон ныууагътой.  

 

Мамысонæй бындз къуымæлы нæ бахауд — мард дзы ничи фæци, цæфтæ дзы уыдис.  

 

Дыгур уырдыгæй фæстæмæ фидиссаг фесты: «Бага нæмыг æмæ фæныкхос». Ома багасæгъы фаджыс, фæныкхос та — фæныкæй топпыхос.  

 

* * * 

 

Хабар айхъуыст кæмттыл. Нары Хетæгкатæ Поты фæзмæ æрæмбырд сты. Барджытæ Тибмæ арвыстой. Иунæг лæг дæр нæ баййæфтой Тибы — зæрæдтæ, устытæ æмæ сывæллæтты йеддæмæ. Лæгтæ уыдысты Згъилы. Нары бадджытæ Згъилмæ бацыдысты, федтой, цы ’рцыди, уый æмæ аздæхтысты сæхимæ.  

 

Дыккаг хатт æрæмбырд сты Поты фæзы Хетæджы мыггаг стырæй-чысылæй. Сæ хуыздæр лæгты сæвзæрстой æмæ сын бафæдзæхстой, Дыгур æмæ Мамысоны куыд бафидауын кæной. Сатъаты Туатæм баиу сты Хетæгкаты æвзæрст лæгтæ æмæ Бадилаты минæвæрттæ. Фидыды хъуыддаг рæзыдис Тибы. Сатъатæй Тибы астæу цыдысты Хетæгкатæ æмæ Туатæ. Мамысон сæ хъуыддаг бакодтой æртæ лæджы бæрны: Джергаты Датъи, Боциты Хъаплан æмæ Тогъойты Хъайтыхъы бæрны. Æртæ лæджы æртæрхон кодтой: Бадилаты Дыгур хъуамæ бафидой Мамысонæн уæзданы мæрдтæн дæсгай галтæ, сау адæмы мæрдтæн фæндзгай галтæ, ахст чи уыди, уыдонæн та ахсты аргъ — фынддæсгай галтæ.  

 

Хетæгкатæ æмæ Туатæ хатыдтой Мамысоны тæрхоны лæгтæм:  

 

— Мæрдтæй аргъ райсын æгъдауы нæ цæуы, уæхицæн æй аккаг ма скæнут, ном уын нæ уыдзæн, æнæуый цы бакодтат, уый бакодтат кадимæ, рæхджы йæ нал байрох кæндзысты, фæстагæттæн дæр фæдзæхсты, нæ рох кæндзысты, уæ бæсты æмгæрæттæ дæр куыд нæ уал ауайой. Стæй мах хатыр дæр бакæнут, курæг уæ стæм æгас Наргомæй.  

 

Хæс кæд агуырдтой Дыгур, уæд æй бацагуырдтой Тибæй, уыдон уыдысты хæсджын Дыгурæй. Фæлæ уартæ нæ комы рæбын иу æнæбон мæгуыр лæг дуры бын цæры — уый цы кодта Дыгурæн? Уый иухуызон у: кæмæндæр йæ бæхыл йæ бон нæ цыди æмæ йæ саргъы надта. Цы стæрхон кодтам, уый йæ бынаты баззайдзæн: йæ мардæн кад чи кæны, уый йæ балхæнæд.  

 

— Курæм уæ æмæ нæ хатыр бакæнут. Ау, æмæ иу куы стæм, æфсымæртæ: рувасæн дыууæ стыгъды ничи кæны, — ныццагътат сæ æмæ сын æгъгъæд фод, — загътой Хетæгкатæ, æмæ уæ тæрхон аивут.  

 

Ницы ком лæвæрдта Мамысон. Æртæ боны хатынæй нæ банцадысты Хетæгкатæ. Куынæуал æмæ куынæуал уагътой сæ къæйныхæй Мамысоны, уæд Датъи, Хъаплан æмæ Хъайтыхъ ногæй æркастысты тæрхонмæ æмæ загътой:  

 

— Уæдæ цæрынæй хæрынмæ Хетæгкатæ нæ хæлар адæм, кæд нæм быцæу ис æз хуыздæр уоныл, уæддæр. Бавдæлæм æмæ Дыгур уыдон уазæг сæхи кæм бакодтой, уым — бирæ фосæй бирæгъ дæр не ’фсæды, — афтæ бакæнæм. Уæдæ нæ тæрхон ивæм æмæ æндæр тæрхон кæнæм: Хъуыбадты Хъуырманы ус Азанет-æхсин курæг æрбацæуæд Тибмæ, урс гал æрбаласæд Тибы Таранджелоз-дзуармæ æмæ йæ уым ныббæттæд. Мамысон Азанетæхсины хатырæй æмæ Хетæгкаты хатырæй æппын æнæ истыйæ ауадздзысты Дыгурæн сæ мард уæд, сæ ахст адæм уæд.  

 

— Уыцы тæрхон уын мах зæрдæмæ дæр цæуы, — загътой Хетæгкатæ. Тæрхон Хетæгкатæ расидтысты Бадилаты минæвæрттæн.  

 

* * *  

 

Бадилатæ Сатъаты Туатæм сразы сты Мамысоны тæрхоныл æмæ Дыгурмæ ацыдысты. Сæхимæ уыдон тæрхон расидтысты.  

 

Къорд бонты фæстæ Хъуыбадты разагъды Хъуырманы ус Азанет-æхсин Тибмæ бацыд; урс гал ныббаста Таранджелозы бын, стæй йæ Тиб семæ ахонынц, бацыд Къубалæджы фæзмæ мæрдтæм.  

 

Мæрдты уæлхъус лæууыди Будатæй Дæхци, уындæй дæр, кондæй дæр уый хуызæн рæсугъд лæг Зæхх нæ федта, фæлæ æнæхъаруйæ дæр æмæ лæджыхъæдæй дæр уымæй ницæйагдæр Мамысоны ком нæ федта, хæсты æмгæрæтты дæр нæ ацыд.  

 

Мамысон сарæзтой нæртон арæзт Дæхцийы. Хуыздæр дарæстæй йыл скодтой, хуыздæр хæцæнгæрзтæй йыл æрбастой. Мæрдты уæлхъус схъæлæй рацу-бацу кæны Будаты Дæхци.  

 

Азанет-æхсин æмæ Дыгуры устытæ фæцæуынц кæугæ мæрдтæм; Азанет-æхсин байдыдта хъарæг, — йæ дыууæ лæппуйы фæмард сты хæсты:  

 

— Ме стыр тых, ме стыр ныфс Бадилаты астæу туаллаг нæмыгæй иу бон æрбайсæфти. Уæй-йа, мæ бон, уæу мæ мæгуыр бон! Мæ бон æмæ бирæ мæ хуызæтты бон!  

 

Кæд уæ ахæм лæг амардта, йе ’хсæвхуыссæн йæ бондарæс кæмæн у! Кæд уæ ахæм лæг амардта, йæ ус æнæхсадæй кæрдзын кæмæн кæны.  

 

Кæд уæ ахæм лæг амардта, йæ ус йæ гуыдын йæ агъды фарсыл кæмæн мæрзы. Æрынцад кæуынæй Азанет-æхсин æмæ дзуры Мамысоны адæммæ:  

 

— Ме ’дзард лæппуты марджытæй мын иу равдисут.  

 

— Цæмæн дæ хъæуы! Куы йæ фенай, уæд дæ зæрдæ фæрисдзæн. Иу лæджы къухæй бацыдысты мæрдты бæстæм.  

 

— Курын уæ, æмæ мын æй равдисут, — уæлдай мын нал у, цы фæдæн, уый фæдæн. Будаты Дæхцимæ йын бацамонынц:  

 

— Уæртæ уый у дæ фыртты марæг.  

 

— Мæ зæрдæ иучысыл æрынцад, — загъта Азанет-æхсин, — сæ адзал искæй къухæй кæм æрцыд, уым уæддæр сæ æгайтма лæджы хуызæн лæг амардта; уый æлдар куы у æлдар.  

 

Арфæ ракодтой Дыгур Мамысонæн, тынг арфæ ракодтой Хетæгкатæн æмæ уыйадыл Къубалæджы фæзæй рацыдысты æд мæрдтæ Дыгур æмæ иннæ адæм. Хетæгкатæ Нузалмæ фæцыдысты Дыгуримæ, стæй аздæхтысты сæхимæ.  

 

Æрмæг ист у чиныгæй:  

Æмбалты Цоцко. «Удварны хæзнатæ».  

Чиныг сарæзта Соттиты Р. — Дзæуджыхъæу: 2009.  

 

 

Алы адæмыхатт дæр сæрыстыр вæййы, йе ‘хсæнæй цы разагъды лæгтæ рацæуы, уыдонæй. Уæлдайдæр та, адæммæ ахуырады рухс чи фæхæссы, ахæмтæй. Уыдонæй иу у Æмбалты Цоцко – рухстауæг, этнограф, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг, æвзагиртасæг, тæлмацгæнæг æмæ педагог. 17 октябры йыл æххæст кæны 150 азы. Цoцкойы гуырæн бонмæ нæ телеуынынад бацæттæ кодта документалон программæ. 

 

 

 

 

Ацы æрмæг æмæ ноджы фылдæр Æмбалты Цоцкойы сфæлдыстадæй ис ссарæн мæнæ ацы ран: 

http://www.iriston.com 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ