Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ирон куывдтæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ÆРТÆ ЧЪИРИЙЫ КУВГÆЙÆ 

 

— Хуыцау, табу Дæхицæн! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

— Абон Дæ бон у, бирæ адæм Дæм кувынц, Хорздзинæдтæ Дæ курынц  

Æмае хуыздæрæн кæй кувинæгтæ, кæй куывд айстай, Уый æмбал мах дæр фæкæн. 

 

—Æнæниз, æнæмаст, хъæлдзæг, амондджын куыд уæм. 

 

— Хуыцау, хорздзинадæй кæй зæрды цы ис, уыдон сæ къухы куыд æфтой, уыцы хорзæх ракæн! 

 

— Фæсивæд рæствæндаг куыд уой кæддæриддæр, Бæстæ сабыр куыд уа, Адæм кæрæдзийы куыд æмбарой, Дунесфæлдисагг, уыцы хорзæх ракæн! 

 

— Хуыцау, нæ чысыл фæллойаг нæ къухы бирæ ис цы уа, уыцы амонд нæ уæд. 

 

— Фыдбылызтæй хызт цы уæм, Нæ кæстæртæн сабыр, рæсугъд фидæн цы уа, уыцы арфæ сæ уæд. 

 

— Стыр Хуыцау, нæ кувинæгтæ Дын барст уæнт æмæ нæ Дæ хорзæх уæд 

 

— Оммен, Хуыцау! 

 

 

 

ЧЫНДЗХАСТЫ КУЫВД 

 

- Уæ Хуыцау, табу Дæуæн! 

- Оммен, Хуыцау! 

 

- Хуыцау, Дæ рафæлдисгæ адæмæн хорздзинæдтæ Дæ цæст бауарзæд! 

 

- Уæ, Дунерафæлдисагг Хуыцау, 

Абон цы дыууæ мыггаджы æмæ дыууæ кæстæры амонды тыххæй кувæм, 

Уый рæстмæ фæкæн! Кæрæдзи уарзгæйæ куыд фæцæрой, 

Сæ хæстæгдзинад мыггагæй мыггагмæ фидардæр куыд уа 

Дыууæ кæстæры æмзай-æмзæронд куыд бауой æмæ дыууæ мыггаджы кæрæдзиуыл куыд бæттой! 

 

- Уастырджи, табу дæхицæн! 

Байраджы — бæхгæнæг, лæппуйы — лæггæнæг Уастырджи, 

Ацы саби-чызджы амондджын фæкæн, 

Иге райгуырагн хæдзарæй йæ цæрæн хæдзармæ амондджындæр къах чи æрбавæрдта, 

Уый æмбал уæд! 

 

- Бинонтæн адджын куыд фæуа, сыхбæстæн уарзон, Дыууæ кæстæрæн сæ хорз фæллой æмæ се 'гъдау адæмы æхсæн нымад куыд уой! 

 

- Уæ Мады Майрæм, уæдæ йæ авд лæппуйы мад фæкæн, 

Иæ авд лæппуйæн авд авдæны куыд ауза, Цы бинонтæм æрцыд, уыдонмæ лæппуйы кæхцытæ куыд фæхæссой! 

 

— Хоры Уацилла, Фосы Фæлвæра, 

Уæ раттæггаг хор æмæ фосæй æфсæст куыд уæм 

 

— Тбау Уацилла, фыдбылызæй нæ бахиз, Дуне сабыр куыд уа, æмæ нæ кæстæрты чындзæхсаевты абонау куыд бадæм! 

 

— Хетæджы Уастырджи, табу дæуæн дæр! Ирыстон æнæфыдбылызæй куыд баззайа, ахæм арфæ ракæн! 

 

— Бынаты Хицау, дæ бынмæ цы кæстæр æрбахызт, уый амондджын фæкæн! 

— Оммен! 

 

— Афтæ ма чи зæгъа зæдтæй, мæ ном куы ссардтаиккой, 

Уæд æз хуыздæр баххуыс кодтаин, зæгъгæ, Уымæн дæр нæ кувинæггаг барст уæнт! 

 

— Оммен, Хуыцау! 

 

 

ЧЫЗГÆРВЫСТЫ КУЫВД 

 

— Уæ Хуыцау, табу Дæуæн! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

— Дæ рафæлдыст адæмæн хорздзинæдтæ Дæ цæст бауарзæд! 

 

— Уæ Дунерафæлдисæг Кадджын Хуыцау, Абон цы дыууæ мыггаджы æмæ дыууæ кæстæры циндзинадыл кувæм, Уый рæстмæ фæкаæ! 

 

— Сæ хæстæгдзинад мыггагæй мыггагмæ фидар æмæ уарзон куыд уа, 

Дыууæ кæстæры сæ фидар зонд æмæ фæллойæ адæмæн уарзон куыд уой! 

 

— Уастырджи, табу дæхицæн! 

Байраджы — бæхгæнæг, лæппуйы — лæггæнæг Уастырджи, 

Ацы саби-чызджы рæствæндаг фæкæн! 

 

— Уæ Бынаты Хицау, йæ ног бынатмæ амондджын къах бавæрæд, 

Æнæниз куыд уа, йæ къаимæ дзы адджынæй куыд цæра! 

 

— Уæ Мады Майрæм, уæдæ иæ авд лæппуйы æмæ иу цъæх чызджы мад фæкæн! 

Иæ авд фыртæн авд чындзы куыд фена, 

Иæ цоты цоты авдæнтæ куыд ауза! 

 

— Тбау Уацилла! Фыдбылызæй нæ бахиз, 

Дуне сабыр куыд уа, 

Нæ кæстæрты чындзæхсæвты куыд бадæм! 

— Хоры Уацилла, хорæфсæст нæ скæн! 

 

— Фосы Фæлвæра, дæ лæвар фосæй куывдты æмæ чындзæхсæвты нывæндтæ куыд кæнæм, Уыцы арфæ нын ракæн. 

 

— Зæдтæй ма афтæ чи зæгъы, мæ ном куы ссардтаиккой, 

Уæд æз хуыздæр æххуыс бакодтаин, Уыдонæн дæр барст уæнт не 'ртæ чъирийы! 

 

— Чырысти рахизырдæм цы дзуар бафтыдта, Уыцы дзуарæфтыд фæкæн ацы хæдзар дæр! 

---Оммен, Хуыцау! 

 

 

 

НЫВОНДЫ КУЫВД ДЖЕУÆРГУЫБАЙЫ БÆРÆГБОН 

 

- Стыр Хуыцауы хорзæх нæ уæд!  

- Оммен, Хуыцау!  

 

- Кæддæриддæр нын æххуысгæнæг куыд уа,  

Уыцы амонд нæ уæд! 

 

— Бæрæгбон у, æмæ ныл афæдзæй-афæдзмæ домбайдæрæй куыд цæуа,  

Уыцы амонд нæ уæд! 

 

—Уастырджийы бонтæ сты, æмæ Уастырджи хуыздæр ахъаз кæмæн ракодта, 

Мах дæр уый æмбал куыд уæм, Ахæм амонд нæ уæд! 

 

— Бинонтæ стæм, æмæ домбайдæр бинонтæ чи фæци. Стыр Бæрзонд Хуыцау хуыздæр хæрзтæ кæмæн ракодта,  

Мах дæр уыдон æмбал куыд уæм, Ахæм хорзæх нæ уæд! 

 

— Уæдæ нын сыхбæстæ ис æмæ уыцы сыхбæстима-кæрæдзийы æмбаргæйæ, уарзонæй куыд цæрæм, Ахæм амонд нæ уæд! 

 

— Нæ хистæртæ амондджынæй, хъæлдзæгæй сæ кæстæрты циндзинадæй æфсæст куыд уой!  

 

— Бæрæгбон у, æмæ хистæртæн Хуыцау ахæм ахъаз бакæнæд,  

Æмæ сæ кæстæртæ фылдæрæй-фылдæр, амондджынæй-амондджындæр куыд кæной! 

 

— Уæдæ афæдзæй-афæдзмæ кусæрттæ фæкæнæм, Æмæ сæ Стыр Хуыцау йæхимæ адджынæн кæмæн айста,  

Мах дæр уый æмбал цы фæуæм, 

Уастырджи нын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уа. 

Ахæм хорзæх нæ уæд! 

 

— Зæдтæ бирæ сты, бирæ адæм сæм фæкуывтой. Нæ фыдæлтæн бирæ хорздзинад куыд дæттой,  

Уыцы амонд нæ уæд! 

 

— Хохæй быдырмæ цы дзуæрттæ ис,  

Уыдон нын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уой, 

Ахæм амонд нын Хуыцау раттæд! 

 

— Тæтæртупп нæ сæрты тæхагг у, æмæ нын нæ цонг домбай куыд кæна, уыцы амонд нæ уæд!  

 

— Уæдæ, бæркадджын куыд уæм кæддæриддæр, Уыцы амонд нæ уæд! 

 

— Дуне сабыр куыд уа, зæххы къорийыл адæм сæ кæрæдзийы куыд уарзой, Уыцы амонд нæ уæд! 

 

— Къæсæры Уастырджи нын нæ къæсæр домбай куыд кæна, 

Нæ фæндæгтæ та — рухс, Уыцы амонд нæ уæд! 

 

— Гъеныр, уазæгæй чи 'рбамбæлди, хæстæгæй чи 'рбамбæлди, 

Уыдон дæр амондджын куыд уой, Уыцы хорзæх нын ратт. 

 

— Кусæрттаг хъабыл уæд, 

Афæдзæй-афæдзмæ амондджын бæрæгбæттæ куыд кæнæм, 

Уыцы амонд нæ уæд! 

 

— Оммен чи загъта, уыдоны цардамонд дæр бирæ уæд! 

— Оммен, Хуыцау!  

 

 

 

ХИСТÆРЫ РАКУЫВД ЦИНЫ ФЫНГЫЛ 

 

— О Стыр Хуыцау! Æмбал кæмæн нæй, Цытджын Иунæг Хуыцау, табу Дæхицæн! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

— Мæнæ а хæдзары бинонты кувинæгтæ Дын æхцон фæуæнт! 

 

— Æппает дуне рафæлдисæг Дæ, æмæ нæ Дæ хорзæх уæд! 

 

— Ды нæ радтай цардмæ æмæ нæ царды рæсугъд фæндæгтыл араз! 

 

— Дæ быны хорздзинадæй цы ис, Уыдонæй ацы хæдзар дæр хайджын куыд уа, уыцы арфæ ракæн! 

 

— О Стыр Хуыцау, кæддæриддæр дын Дæ ном куывдты æмæ чындзæхсæвты 

Æртыгай чъиритæй куыд арæм, Ахæм цард нын рауадз. 

 

— Де сконд зæдтæ æмæ дауджыты хорзæх нæ уæд! 

 

— Уæ, тæхгæ-нæргæ сызгьæрин Уастырджи, Хуыцауæй зæхмæ ирон адæмы минæвар дæ, Хуыцаумæ дын фæндаг ис, æмæ дзы ирон адæмæн хорздзинæдтæ курæг у! 

 

— Дæ рахиз базыры бын сæ бакæн! 

 

— Хуыцауы фыдæхæй сæ хъахъхъæн! 

 

— Иæ хорзæх сыл тау! 

 

— Ды родæй гал кæныс, байрагæй — бæх, лæппуйæ — лæг, 

Æмæ нæ кæстæртæ — де уазæг! 

 

— Фыдбылызæй сæ бахиз! 

 

— Бынаты дæр æмæ фæндагыл дæр — Кæддæриддæр дзæбæх куыд уой, Уыцы арфæ сын дæ цæст бауарзæд! 

 

— Уæ зæлдагбоцъо уæларвон Уастырджи, Зæхмæ ирон адæммæ Хуыцауæй æххуысмæ æртæхыс, æмæ де 'рбадæн бынæттæ алы ран дæр куывддонтæ систы. 

Кад дын кæнынц ирон адæм æмæ сæ дæ хорзæх уæд! 

 

— Лæгты дзуар дæ æмæ Ирыстоны лæгхъуаг макуы ныууадз! 

 

— Хетæджы Уастырджи, Тымбылхъæды дзуар, табу дæхицæн! 

 

— Хетæгæн зын сахат цы æххуыс бакодтай, афтæ ауд а хæдзарыл дæр! 

 

— Ирон адæмы Цæгатæй - Хуссарæй, хохæй - быдырæй иу кæныс, 

Фарн сыл æфтауыс, сæ ныфс дæ, 

Нымдгæнгæ дæ бынмæ кувынмæ, курынмæ цæуынц 

Æмæ сæ-иу курдиаты рæстæг дæ хорзæхæй барæвдау! 

 

— Хуыцаумæ кувæг ирон адæм стæм. 

Нæ хæхбæстæ - дзуарбадæн, нæ быдыртæ - бæркад-барæн. 

Хохæй - быдырæй цыдæриддæр зæд æмæ дуагæн кувæндон ис, табу уæхицæн! 

 

— Нæ зæрдæйы конд куыд у, нæ цард дæр нын афтæ скæнут! 

 

— Æмзонд, æнгомдзинад ныл бафтаут! 

 

— Хъæуæнгом æмæ сыхагуарзонæй куыд цæрæм, ахæм арфæ ракæнут! 

 

— Горæты дзуæрттæ, Ирыхъæуы зæд, Уæ быны цæрæм, табугæнæг уын стаем, æмæ нæ уæ хорзæх уæд! 

 

— Алыхуызон адæмтимæ у нæ цард æмæ, кæрæдзи куыд æмбарæм, уымæн ахъаз бакæнут! 

 

— Хæлардзинад нæ царды нысан куыд суа! 

 

— Уæ, Сыгъдæг Мады Майрæм, Моймæдзыд сылгоймæгтæ де 'вджид сты æмæ сыл дæ хорзæх тау! 

 

— Хъахъхъæн сæ! 

 

— Дæ раттæггаг кæстæртæ ирон адæммæ фылдæрæй-фылдæр куыд кæной! 

— Дзæбæхæй сæ ныййарджыты фæндиаг куыд рæзой! 

— Царды хорздзинæдтæй рæвдыд куыд уой, уыцы арфæ ракæн! 

— Ныхы дзуар, къайады бардуаг дæ, 

æмæ нæ чызджытæ хорз амæндтæ куыд хæссой! 

— Нæлы дзуар, тырынтæ ды гуырын кæныс, æмæ чындзытæн фырттæ фылдæр куыд гуыра, Уыцы фарн рауадз! 

— Нæ нæлгоймаг фæсивæд тархъæды хуызæн куыд кæна! 

— Кæй хæдзары кувæм, уыдон дæр дзы хайджын куыд уой! 

— Урс сызгъæрин Аларды æмæ æлхынцъæрфыг Рыныбардуаг, табу уæхицæн! 

— Нæ сабитæ - уе уазæг! 

— Зæхмæ куы æрцæут, уæд-иу нæ хъазгæ-худгæйæ ныууадзут! 

— Уе 'ргом нæм макуы равдисут! 

— Уæ чъылдыммæ уæм сызгъæрин тæбæгъты кувдзыстæм. 

— Тхосты дзуар, табу дæхицæн! 

— Нæ бæстыл сабырдзинад рауадз! 

— Нæ кæстæртæ зындзинадмæ макуы бахауæнт! 

— Тыхгæнæгæй сæ бахиз! 

— Тыхы сæр нæ макуы бахъæуæд! 

— Æвзвæндаджы Уастырджи, табу дæхицæн! 

— Нæ кæстæртæ кæддæриддæр фæндагыл сты, æмæ амондджын фæндæгтыл куыд цæуой, Ахæм арфæ сын ракæн! 

 

— Æрджынарæджы Тæтæртупп, æфсæнвæндаджы бар дæумæ ис. 

Арыхъы Дурджынбæрзонды Уастырджи, Цыргъобауы дзуар, 

Уæлдæфон фæндæгтæ уæ рæзты цæуынц, 

.Æмæ-иу нæ фæсивæд фæндараст куыд кæной, уыцы арфæ сæ уæд. 

 

— Æгас хæдзар куыд арой, уый сын уæ цæст бауарзæд! 

— О Хоры Уацилла æмæ Фосы Фæлвæра, табу уæхицаен! 

— Нæ гонтæ æмæ уæтæртæ хорæй æмæ фосæй дзаг куыд уой! 

— Куывдтæ æмæ дзы чындзæхсæвтæ куыд кæнæм, ахæм арфæ нын ракæнут! 

— Касуты дзуар, табу дæхицæн! 

— Уалдзæджы зæд дæ, æмæ уалдзæджы цы куыстытæ бакæнæм, 

Уыдон не 'ппæтæн дæр фæззæджы куывдты хæринаг фæуæнт! 

 

— Реком æмæ Мыкалгабыртæ, табу уæхицæн! 

— Бæркад æфтауæг стут, 

Æмæ нæ бæркæдтæ Сидæны цæхгæрау уæле исгæ, 

Бынæй ахадгæ куыд уой! 

— Хорз хъуыддæгты сæ куыд хардз кæнæм! 

— Бахъуыды сахат нæхи къухы куыд уой! 

— Агурын сæ куыд нæ хъæуа, ахæм арфæ ракæнут! 

— Уæдæ мæнæ бынатæн кувæм, 

 

Æмæ сæ Бынаты Хицауы хорзæх уæд! 

— Кæддæриддæр сæ бынаты куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ куыд кæной, Ахæм амонд сæ уæд! 

— Наф, хæдзарвæндаджы зæд дæ, æмæ сæ хæдзарвæндаг фидар куыд уа! 

— Хорз гуырдтæ дзы куыд хъомыл кæна! 

— Мыггагæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстонæн дæр кадгæнæг куыд уой! 

— Иæ намыс ын уæлдæр куыд сисой! 

 

— Сафа, бинонты æнгомдзинады бардуаг, Æртхурон, къонайы зæд, табу дæхицæн! 

— Уæ алыварс цы бинонтæ ис, уыдон кæрæдзийæн уарзон куыд уой! 

Кæстæрæй, хистæрæй цардамонд сæ хай! 

— Саг алы хорз хъуыддагæй дæр сæ зæрдæ куыд рухс кæна! 

— Фæрнджын куыд уой! 

— Сæ хæдзар куывддон куыд уа! 

— Уыцы арфæтæ сын ракæнут! 

— Сæ кувинаг барст уæд, сæ мысайнаг — ист, сæ нывондаг - арфæйаг! 

 

— Ныхасы Уастырджи, табу дæхицæн! 

— Нæ ныхæсты фарн æмæ амонд куыд уа! 

— Зæдтæ æмæ дауджытæм куыд хъуысой! 

— Æвзæргæнæджы куыд сæттой! 

— Уыцы арфæ ракæн! 

 

— Цы зæд, цы дуаджы æрымысыдыстæм, кæмæ скуывтам, — 

Се 'ппæты хорзæх дæр уаед а хæдзары, Ацы адæмы, Ирыстоны! 

 

— Афæ ма цы зæд, цы дуаг зæгьдзæн, Мæ ном мын куы загътаид, уæд сын æз фылдæр фæахъаз уыдаин, 

Уымæн дæр табу йæхицæн! 

 

— Уæдæ нæ омменгæнджыты цæрæццаг хъæлæстæ æдзухдæр Ирыстоны арвы бын куыд нарой, Ахам амонд нæ уæд! 

— Чи ацахода, уымæн мæ куывдтытæй хай! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ