Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ирон лирикон зарджыты ныхæстæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Ацы ран мыхуыр кæнæм ирон зарджыты ныхæстæ. Зарджытæн сæ фылдæрмæ байхъусæн ис сайтæн йæхи мидæг. 

 

 

 

 

 

 

ÆМБАЛЫ ЗÆРДÆ  

(Чеджемты Æхсары ныхæстæ)  

 

Амондджын уый у, уый хонынц хъал,  

Царды кæмæн ис уарзон æмбал.  

Æмбалы зæрдæ — рухс хураей конд,  

Уалдзæгау — райдзаст, арвау бæрзонд.  

Æмбалы хорзаех уæ алкæй дæр уæд! 

 

Базард: 

Хорз æмбал не скæндзæн маст,  

Нæ асайдзæн никуы йæ ард.  

Зæрдаетæм чи хæссы уарзт,  

Ахæмтæ рухс кæнынц цард. 

 

Иунæг æлгьыст у, иунæг — мæгуыр,  

Иунæджы артдзæст — заууат быдыр. 

Никæйы хъæуынц йæ цин, йæ рис,  

Æмбалы зæрдæ — царды æмбис,  

Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд! 

 

Базард. 

 

Бæлæстæн хъæды сонт дымгæ циу!  

Бæлæстæ — бирæ, дымгæ та — иу!  

Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры,  

Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры.  

Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд! 

 

Базард. 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

БАЛЫ ТАЛА 

 

Балы тала иу дидинæг рафтыдта 

Мыды бындз æй йæ адджын тæфæй базыдта 

 

Ратæхы йæм,зилгæ-зилгæ алы райсом 

Дидин дзуры «Æз æвзонг дæн, о мæ бон» 

 

Бауадз уал мæ,хуры хъарммæ байрæазон. 

Чи зоны дæ о,тæнбазыр ,бауарзон. 

 

Дидин азгъæлд,æмæ сывзæрд бал-гага 

Мыды бындз æм куы нал тæхы абабау. 

 

Нал æм тæхы,ныр фæндзæл мæй нал зыны 

Æвæццæгæн йæ зæрватыччы нал мысы. 

 

Æвæццæгæн æндæр рæссугæды бауарзта 

Уæд йæ уарзон буц фæлгонцтæ цы фæуа 

 

Акæсут ма, хъæуы карон бандонмæ 

Дыууæ уарзон амонд агур бæлонмæ 

 

Се’взонг риуты тагъд-тагъд хойынц зæрдæтæ. 

Цъæх нæуыл та акъул сты сæ аууæттæ. 

 

Чызг хæрзайв,у гæзæмæ худæндзаст. 

Сау æрфгуытыл сау дзыккутæ зулмæ фаст. 

 

Уарзондзинад дойнаг дуры дон кæны 

Ма йæм бæллут сонт рæузондæй судзаг у. 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

БАХСÆВ ИС 

 

(Зынгхуыст хæстон поэт Кочысаты Мухарбеджы ныхæстæ)  

 

Бахсæв и. Бæстæ ныссабыр. 

Иу сыбыртт нал ахсы хъус. 

Арвæй цæлхы дзаг мæй дардыл 

Тауы йæ сыгъзæрин рухс. 

 

Бадын та иунæгæй уаты. 

Ацыд та хъуыдыты сæр. 

Рог дымгæ ‘рбахæссы дардæй 

Хаттæй-хатт доны сæр-сæр. 

 

Зæрдæ та дард фæндтыл дзуры, 

Цу мæ йын исты ды зæгъ! 

Гъей-джиди фест ныр дæ цуры 

Ацы сæрдыгон изæр! 

 

Хъæлдзæгæй абад дæ фарсмæ, 

Акæн зæрдæбын ныхас! 

Уарзоны рухс цæстæнгасæй 

Царды цин нуаз æмæ нуаз! 

 

Зонын, ды дард ран кæмдæр дæ, 

Не’хсæн быдыртæ ‘мæ хох. 

Фæлæ дæ никуы, мæ зæрдæ, 

Никуы фæкæндзынæн рох! 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

ИРОН ЧЫЗДЖЫТÆ 

(Вокалон-инструменталон къорд «Суадоны» зардæй) 

 

Райсомæй цин кæнынц хурмæ 

Уалдзыгон дидинджытæ. 

Чи хæссы амонд нæ цурмæ? 

Уарзон ирон чызджытæ! 

 

Базард:  

Чызджытæ, чызджытæ, чызджытæ! 

Царды ут махæн цырагъ. 

Чызджытæ, чызджытæ, чызджытæ! 

Махæн уыдзыстут зынаргъ! 

 

Акæсут, дардмæ фæйлауынц 

Ирæн йæ цъæх быдыртæ. 

Чи ‘вдисы махæн йæ фидауц? 

Уарзон ирон чызджытæ! 

 

Базард. 

 

Цъититæй згъорынц сыгъдæгæй 

Махæн нæ зæхмæ дæттæ, 

Чи ‘рцæуы заргæйæ комæй? 

Уарзон ирон чызджытæ! 

 

Базард. 

 

Рагæй æрæгмæ дæр зонæм 

Адджындæр сфæлдисæн нæй, 

Ницы ис кадджындæр Иры 

Уарзон ирон чызджытæй. 

 

Базард дыууæ хатты. 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

ДÆУÆЙ РÆСУГЪДДÆР НÆЙ 

(Бигъаты Виталийы* зардæй) 

 

Дæуæй рæсугъддæр а зæххыл нæй! 

Дæ фендмæ бæлгæйæ судзы зынгау мæ риу… 

Мæ зæрдæ куы тоны æхсидгæ уарзтæй! 

Куыднæ мæ ‘мбарыс , гъей? 

 

Дæуæй зынаргъдæр а зæххыл нæй! 

Нæ фæндаг ‘сиу кæнæм м’амонд куы дæ, мæ цин… 

Дæ мидбылты худтæй, дæ цæстæнгасæй 

Куы фестын цавд дур, гъей. 

 

Дæуæй уæздандæр а зæххыл нæй! 

Дæ фæлмæн бавнæлдæй бæргæ с’улæфид риу! 

Æртух ма мæ сæрыл дæ фæлмæн къухтæ, 

Батав мæ хурау, гъей. 

 

Дæуæй адджындæр а зæххыл нæй! 

Цæмæн базыдтон æз ахæм уарзтæн йæ ад? 

Мæ сæры хъуыдытæ ныдзæгъæл вæййынц 

Дæ мæтæй, чызгай, гъей. 

 

 

*Черменыхъæуыгкаг Бигъаты Витали 1992 хæсты рæстæджы фесæфтис æбæрæгæй. 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

ДЫУУÆ УДЫ 

 

Мæ сæфт амонд, дæумæ цæуын фæдисы, 

Дæуæн зарын мæ зарджыты хуыздæр, 

Дæ фæндагмæ æз рухс тынтæ æлвисын, 

Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр. (2 хатты) 

 

Стъалытæ бæрзонд арвыл куы хъазой, 

Уæд дард хъусы æхсæрдзæнты нæрын, 

Дыууæ уды кæрæдзийы куы уарзой, 

Уæд а зæххыл æнцондæр у цæрын. 

 

Мæ хуры хай, кæм дæ, цы ран, цы бæсты 

О, курын дæ – ыстъалыйау фæзын, 

Фæзын æмæ дæ арфæйаг ныхастæй, 

Фæсур мæ хур мæ сонт зæрдæйы зын. 

 

Мæ хуры хай, мæ цин æмæ мæ катай, 

Æртæ хурау дæ размæ хæстон æз, 

Фæлæ кæсын дæ фæстæ ныр æнкъардæй 

Мæ цæстытыл æрмынæг и дæ хуыз. 

 

Æви кæд нæй хъысмæты карзæй лидзæн, 

Æви дын кæд мæ уарзт æрдхæрæн нæу, 

Цæргæбонты дæу сурдзынæн мæхицæй, 

Цæргæбонты æз агурдзынæн дæу. (2 хатты) 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

ФЫЙЙАУЫ ЗАРÆГ  

(Козаты Чермены мелоди æмæ ныхæстæ) 

 

Цъæхнæу хохыл стыр фосы дзуг,  

Цæгат фарсыл сабыр хизынц.  

Фыййау зары йæ ног дугыл, гъей,  

Фæндыртæй йын мæргътæ цæгъдынц. 

 

Фосы сæрмæ цæргæс зилы,  

Хæлæггæнгæ йæм фыййау дзуры —  

Ехх, тæхуды, дæуæй куы фестин,  

Уарзон чызджы ардæм схæссин, гьей. 

 

Батухин æй хъарм нымæты,  

Бамбæхсин æй урссæр мигъты.  

Хъæлдзæг зарæг уымæн кæнин,  

Булæмаргъ та ногæй фестин. 

 

Рог сычъиты дугъы уадзин,  

Бур æрсыты кафын кæнин.  

Стыр Хъæриуæй Джимарамæ  

Гæпп кæниккой дзæбидыртæ 

 

Барвитин æм минæвæрттæ,  

Бахуыин ын урс разгæмттæ.  

Минæвæртты кафтæй, зардæй  

Ризиккой нæ урссæр хæхтæ.  

 

Ехх, кæд уыдзæн уыцы рæстæг,  

Амондджындæр мæнæй нæ уайыд.  

Цин кæниккой мемæ иумæ  

Иры адæм, Иры бæстæ, гьей! 

 

Ацы ныхæстæ оригиналæй чысыл аивта æмæ сæм бафтыдта Сæлбиты Хъазбег.  

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

КУЫ ФЕСТИН ДИДИНÆГ 

 

Куы фестин цъæх нæуыл дидинæг! 

Чи ‘вдиса уалдзæджы миниуæг. 

Æрмæст на амонд мидбылты худæд,  

Æрмæст нæ зарæг нæрæд! 

 

Куы фестин Терчы был зад дыргъдон! 

Сатæг-иу чи тауа алы бон. 

Æрмæст нæ уарзтæй райгуырæд зарæг,  

Махæн æмбæлццон фæуæд! 

 

Куы фестин уалдзыгон тар æхсæв! 

Æрдзы-иу бамбæрзин арæхстгай. 

Æрмæст уæларвыл уæлæ иунæг мæй 

Нæ уарзтæн ‘вдисæн фæуæд! 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

МÆ ИРЫСТОН  

Галуанты Людмилайы ныхæстæ.  

 

Мæ Ирыстон! Куы бафсæдин 

Æз зарынæй дæуыл! 

Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ,  

Дæ цæрай йæ цæрын! 

 

Базард: 

Мæ Ирыстон!  

Дæ лæгкæдтæ  

Нæ бафыстон, сæттын,  

Нæ бафыстон, сæттын! 

Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ. 

Мæ зæрдæ дын дæттын! 

Мæ зæрдæ дын дæттын! 

 

Ды мæ гыццийау сабийæ 

Дæ авдæны уызтай. 

Куы мæ арвыстай ахуырмæ, 

«Куыд дæ хъæбул?» - фыстай... 

 

Базард. 

 

Ды хоныс мæн- дæ дидинæг. 

Мæ удæн уый у æхцон. 

Кæд бахъæуон дæ хæрзæгæн, 

Æртон-иу мæ, æртон... 

 

Базард.  

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

НÆ БУЦ ХИСТÆРТÆ  

(Моргуаты Эльбрусы мелоди, Чеджемты Æхсары ныхæстæ) 

 

Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ,  

Уæ фарнæй фæрнджын — ирон хæдзæрттæ.  

Сымахæй цæуынц уæ хорз кæстæртæм  

Хъæбатырдзинад, рæсугъд æгъдæуттæ. 

 

Ацы дунейы адджынæн баззад  

Фыдæлты уæзæг, райгуырæн бæстæ.  

Терчы донæй дæр, нæ буц хистæртæ,  

Нæ бафиддзыстæм уæ бирæ хæрзтæ. 

 

Карз тохы заман Бæсты сæрвæлтау,  

Знаджы гæнах уæ риутæй састат.  

Уæддаер нæ буцæй нæ цардуалдзæджы  

Уæ фæллад къухтыл бирæ фæхастат. 

 

Нæ Иры зæхмæ бæрзонд уæлæрвтæй  

Хъызт зымæджы дæр зæрин тын хауы.  

Æмæ рæсугьдæй хистæры зондæй  

Кæстæры амонд æфсир æфтауы. 

 

Цы нын баззади рæсугъддзинадæй,  

Нæ фæрныг царды уый байтаудзыстæм.  

Нæ буц хистæртæ, мах уе сконд артдзæст  

Æрхуыссын кæнын нæ бауадздзыстæм.  

 

Фæстаг дыууа рæнхъы - 2 хатты 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

НÆ УРСÆР ХÆХТÆ 

(Бигъаты Виталийы зардæй) 

 

Нæ урссæр хæхтæ, рæсугъд изæрты 

Сæ мидбыл худгæйæ калынц цæхæр. 

Æвдæдзы хос та сæ суæртты дæттæ 

Сæ сыр-сыр цæугæйæ ноджы хуздæр. 

 

Базард: 

Нæ уарзон Ир! 

Хурау дæ ирд. 

Стъалыйау худ æмæ ‘рттив. 

Дæ уарзтæй Ир 

Дзаг у мæ риу. 

М’амонд дæ хонын, мæ цин! 

 

Сæууон хуры скаст у царды фиддауц. 

Йæ тынтæ уафгæйæ стухы мæн дæр. 

Рæсугъд ирон цард – зæрдæйы уидаг. 

Сæ зæлтæм хъусгæйæ зары ныр дæр. 

 

Базард. 

 

Райгуырæн бæстæ зынаргъ кæмæн у 

Йæ цæстау хъахъхъæнæд уыман йæ кад. 

Йæ сыгъдæг дымгæ æндæр хуызæн у 

Ам хъуысы рæсугъддæр цъиутæн сæ зард. 

 

Базард – 2 хатты. 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

НОГКЪÆЙТТЫ ЦИН 

 

Ногкъæйтты цинмæ цæйбæрц адæм, гъей, 

Ой æмæ, абон æрбацыди, гъей 

Фынг дæр ма уæртæ йæ бæркадæй, гъей, 

Ой æмæ зæхмæ æртасыди, гъей 

 

Хъæлæстыл цы ауæрдут кæстæрт, гъей, 

Ой æмæ хъуамæ ног азæлой, гъей, 

Уадз æмæ фысымты къæсæртæй , гъей, 

Ой æмæ зарджытæ ахæссой, гъей 

 

Бирæ фæцæрай кæй фæндыр дæ, гъей, 

Ой æмæ фестад æргом зæрдæ, гъей 

Скафын кæндзысты кæй-фæнды дæр, гъей, 

Ой æмæ ацы нæртон зæлтæ, гъей 

 

Рацыди куывдæй дзæвгар рæстæг, гъей, 

Ой æмæ хæдзармæ афон у, гъей 

Фæссивæд чындзы хæрзарæстæй, гъей, 

Ой æмæ хистæртæм ракæнут, гъей 

 

Ногкъæйты цинæй рацæуид зæй гъей, 

Ой æмæ дунетыл атылди, гъей 

Дзыллæтæн фарнимæ ардыгæй, гъей, 

Ой æмæ амæндтæ ахæссæд, гъей 

 

Фынгыл ис фысымæй уазæгæй, гъей, 

Ой æмæ сидты бар алкæмæн, гъей 

Цæй æмæ æфсинтæн нуазæнæй, гъей, 

Ой æмæ арфæтæ ракæнæм, гъей 

 

Ногкъæйты цинмæ цæйбæрц адæм, гъей, 

Ой æмæ абон æрбацыди гъей 

Фынг дæр ма уæртæ йæ бæркадæй, гъей, 

Ой æмæ зæхмæ æртасыди, гъей 

 

Хъæлæстыл цы ауæрдут кæстæртæ, гъей, 

Ой æмæ хъуамæ ног азæлой, гъей 

Уадз æмæ фысымты къæсæртæй, гъей, 

Ой æмæ зрджытæ ахæссой, гъей! 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

НЫЙЙАРÆГÆЙ МОНД  

(Чеджемты Æхсары ныхæстæ) 

 

Нæ базыдтон никуы циу мады рæвдыд, 

Мæ сабидуг сидзæр, æвæгæсæг уыд. 

Сæууон хур цъæх арвæй 

Мæн тавта йæ хъармæй 

Æмæ мæм уый касти мæ мады рæвдыд. 

 

Фæзынди мæм фыны уæд иу хатт мæ мад, 

Æнкъард уыд йæ хъуыды, фæкодта мæм загъд. 

Дæхи, дам, цы марыс, 

Дæ цæссыг цы згъалыс, 

Хæцыд мæм рæвдаугæ мæ сызгъæрин мад. 

 

Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын,  

Мæ риуæн йæ арфы мæ сагьæс хæссын.  

Нæ бафсæстæн хурæй,  

Зæрдæрыст, сæркъулæй  

Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын; 

 

Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгæс, 

Цымæ дзы кæмæн ис мæ мады хъæлæс? 

Йæ бахудт, йæ кастæй, 

Йæ цин æмæ уарзтæй 

Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгæс? 

 

Ныййарæгæй амонд... Цæй диссаг у, цæ! 

Уый æрдзы хæрзтимæ нæ кæны хæццæ. 

Æмæ йæ буц дарут, 

Ныййарæгæн барут. 

Ныййарæгæй амонд... Цæй диссаг у, цæ! 

 

* Ацы зарæгæн ис дыууæ мелодийы. Фыццаг сарæзта Моргуаты Эльбрус.  

Илурты Римæ æмæ Хадыхъаты Аллæ та зарынц зарæг Мыстулаты Ирæйы мелодийыл.  

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

О, ЧЫЗГАЙ 

(Ансамбль «ЦИНы» зардæй) 

 

О, чызгæй, цæй-ма кæм дæ, 

Айс мын мæ зæрдæ, мæ уарзт, 

Хатджытæ барвитон цæй, 

Иумæ сбæттæм нæ цард. 

 

Хæхтæм фæцауиккам мах, 

Скæниккам иумæ хадзар, 

Нуазиккам суадоны дон, 

Рæвдауид нæ хæхты дзуар (2 хатты) 

 

Адджын кæм фурды кæсаг, 

Сæрды мæнæргъы у фаг, 

Фæззæджы царды бæркад, 

Зымæджы фæндыры цагъд. 

 

Цуаны иу ацауин æз, 

Ласиккам сæрвæтæй хос, 

Уаид нæ кæмтты бæркад, 

Тынг бирæ дариккам фос. (2 хатты) 

 

Райгурит махæн уæд фырт, 

Айхъуысит хæхтыл йæ зард, 

Уый фæстæ ноджы æхсæз, 

Иумæ нын уаиккой авд. 

 

О, чызгæй, цæй ма кæм дæ, 

Ды дæ мæ цардæн йæ бон  

Баком мын баком, чызгæй, 

Науæд дæ скъæфдзынæн, зон (4 хатты) 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

УАЛДЗЫГОН ДИДИНÆГ 

(Бигъаты Виталийы зардæй) 

 

Уалдзыгон дидинæг зæрдæтæм цинтæ хæссы. 

Уарзæттæ уыйау кæрæдзийæн адджын вæййынц. 

Йумæ сæ цæстæнгас хурау рæсугъд, 

Æмæ сæ мидбылты худт. 

 

Дуне куы сфæлдыста адæмы уарзты фæрцы. 

Бинонты царды уаг уымæй рæсугъддæр кæны. 

Арт уадзы мидæгæй риуы кæмдæр. 

Стъалыйау калы цæхæр. 

 

Уарзон чызджы зæрдæ дзурынмæ нал арæхсы. 

Райсы йæ фæндыр æмæ йын йæ сæнттæ цæгъды: 

«Бамбар мæ катай мæ уарзон лæппу 

Мæ зæрдæ ‘рмæстдæр дæу у» 

 

Ничи йæ ссардзæнис. Арф раны уый æмбæхсы. 

Арвæй рæсугъддæр у, фæлæ æфхæрдæй тарсы. 

Чызджытæ уарзты ад бахъахъхъæнут- 

Цард кæны уымæй рæсугъд. 

 

Ногæй та фыццаг куплет. 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

 

ЗÆРОНД ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆДЖЫ ЗАРÆГ 

(Чеджемты Æхсары ныхæстæ, Уæрæсейы адæмон артист Сланты Къостайы зардæй) 

 

Дард фæндæгтæ... Нал мæ хъæуынц,  

Иххост сыл ныддæн.  

Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,  

Иу фæндаг — мæрдтæм.  

Дун-дунетыл цас фæхаттæн,  

Мемæ уыд фæндыр.  

Иу бон-иу сæндæтты бадтæн,  

Иннæ бон — мæгуыр. 

 

Чызджытæн куыннæма цагьтон,  

Фæлæ амонд нæй. 

«Фембæлæм»,— кæмæн-иу загътон,  

Уый мыл худт хъæрæй.  

Лæппутæ та — сау уаритæ  

Симдтой-иу æмæ  

Хъазгæмхасæн сау суаритæ  

Баппæрстой мæнмæ. 

 

Бауарзтон æхцайы зæлланг  

Амонды хуызæн.  

Хъазты-иу мæ уæнгты фæллад  

Давдæй фæци сæн.  

Дард рæтты, Хуыцауæй разы,  

Арфæйаг фæдæн.  

Балцвæндæгтæ адæм уарзын  

Сахуыр кодтой мæн. 

 

Хорзæй иртасын æвзæры,—  

Уый бæрц дæр мæ фæрс.  

Чи цæмæй куыдтæтæ цæры,  

Хорз базыдтон æз.  

Иутæм нæй æфсармы хъæстæ,  

Фæлæ ссардтой уарт.  

Аразгæ бæрзонд ныхæстæй  

Амайынц сæ цард. 

 

Давынц дыккæгтæ æууæнкæй,  

Се 'цæг ном — æмбæхст.  

Хурæнгæс рæсугъд чызджытæй  

Нал фæисынц цæст.  

Иннæтæ сæ сæртæг хъæртæй  

Амарынц æгьдау.  

Урс, бæргæ, систы сæртæ,  

Зæрдæтæ та — сау. 

 

Цыппæрæм нæ лæууы дзыхъхъы,  

Хахуыртæ фыссы.  

Чи уæлдæр хицауы дзыппы  

'Хцайы бардз тъыссы. 

Фæлæ цасфæнды уæнт уыдон,  

Хорз лæгтæ — фылдæр.  

Растдзинад æмæ фыдæбон  

Равзарынц уæддæр. 

 

Зæхх — сæ Хуьщау, æмæ курынц,  

Агурынц дзы сой.  

Хоры зад хуымтæ сæм худынц,  

Хоры хуым — фæллой.  

«Чи цас федта, уый бæрц зоны» 

Загъта-иу фыдæл.  

Нал уыд Ир йæ дард бæлццонæн 

Сæмбæлын æнхъæл. 

 

Ракæсут-ма, урссæр хæхтæ,  

Нал мæ зонут, ау!  

О, мæ фæндыр, цины зæлтæ  

Иры зæххыл тау!  

Дард фæндæгтæ... Нал мæ хъæуынц.  

Иххост сыл ныддæн.  

Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,  

Иу фæндаг — мæрдтæм. 

 

http://ossetians.com/iron/news.php?newsid=34 

 

-------------------------------------------------------------------------------------------------------- 

 

ЗÆДТЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ 

Чеджемты Æхсары ныхæстæ. 

 

'Фсатийы буц чызг Бадзинæ... 

Уымæй рæсугъддæр кæм уыд! 

Иу бон æм йе 'мсæр зæдтимæ, 

Уастырджи курæг фæзынд. (2 хатты) 

 

Барджыты цин æмæ дугъæй 

Кæрдæг æмризæджы рызт. 

Уастырджи урсбарц æфсургъæй, 

'Фсатийы дуармæ æрхызт.(2 хатты) 

 

Мады дзуар хурварс кæм бадти, 

Зæдтæ уым сарæзтой хъазт. 

Уазджытæм зæронд Æфсати 

Мидбылты худгæйæ каст.  

 

Разгæмтты рацыд Бадзинæ, 

Диссаг, йæ бакаст, йæ конд. 

Зæдтæ сæ ног чындзы цинæй 

Систой сæ зарæг бæрзонд. (2 хатты) 

 

Циндзинад — зарæгæй кадджын, 

Йе 'гъдауæй — намысджын лæг. 

Елиа — чындзы æмдзуарджын, 

Уацилла — къухылхæцæг. 

 

Симынц нæртон симдæй зæдтæ, 

Цуайнæгты нард фыд нæрсы. 

Рог дымгæ арвы бæрзæндтæм 

Фæндыры зæлтæ хæссы. 

 

Бон æмæ æхсæвы арæн 

Мæййæ фæлмæн рухс кæлы. 

Зруджы зæрин Мады Майрæм 

Зæдты фæндараст кæны. (2 хатты) 

 

Уыцы бон Иры цы 'гъдау уыд, 

Уый нæ чындзæхсæвты уæд. 

Цард нæ йæ сызгъæрин науыл 

Амонды фурдмæ хæссæд. 

 

Уыцы рæсугъд боны хъармæй, 

Зæхх цыма хъарм у ныр дæр 

Зæдтæ 'мæ дауджыты фарнæй 

Ирыстон, цæр æмæ цæр.  

 

 

http://ossetians.com/songs//02%20-%20Zadty%20Xhazt.mp3 

 

---------------------------------------------------------------------------------------- 

 

Цыкурайы Фæрдыг 

 

Ахæм мой скæнин æз… 

Уæртæ мын авд хохы фале залиаг калм цыкурайы фæрдыгæй хъазы, 

Уый арвайдæн у, арвайдæн, лæппутæ! 

Уый мæнæн чи ’рбахæссид, уый уаид мæнæн мæ цардæмбал… 

Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо, 

Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны. 

 

Ахæм мой ма скæнин æз… 

Уæртæ мын Хъæриу-хохы сæрæй авд суадоны цы фурдмæ хауынц, 

Уым саттан бабызтæ сæхи найынц! 

Уыдонæй мын чи ’рбахæссид, уый уаид мæнæн мæ цардæмбал… 

Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо, 

Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны. 

 

Ахæм мой ма скæнин æз… 

Уæртæ мын сау денджызы астæу сакъадахы сау рувас цæры, 

Уый царм мæнæн æвцæгкотæн чи ’рбахæссид, 

Æз уымæн раттин разыйы дзуапп, уый уаид мæнæн мæ цардæмбал… 

Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо, 

Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны. 

 

Рараст хæххон цуанон, рараст. 

Сынты базыры хуызæн æфсургъыл баппæрста йæ саргъ, йæ нымæт, лæппутæ! 

Гъеныр дунейы рæсугъд мæнæн разыйы дзуапп куы раттид,  

Æз уымæн уæларвæй стъалы раскъæфин. 

Дæлдзæхæй йын æнусон цард ракурин, загта. 

Гъеныр фарн хъусджытæн 

Æмæ уыдоны ’рцыдмæ хорзæй фæцæрат! 

 

Адæмон ныхæстæ æмæ мелоди 

Зарæг 1970-æм æзты апарахат ис Иыстоныл джызæйлаг кадджын хистæр Æлдаттаты Къостайы зардæй. 

 

 

--------------------------------------------------------------------------------------------------------



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ