Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ИРОНДЗИНАДЫ ФИДÆН (2-аг хай)
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Æрмæджы автор парахатæй пайда кæны рохуаты чи аззад, кæнæ абон бира ирæттæн æнæзонгæ чи у, цалдæр ахæм ныхасæй. Уый фæдыл æз кæсджытæн æххуысæн мыхуыр кæнын мæхи фиппаинагтæ. Уырыссагау чи нæ зоны, уыдонæн тæлмац кæнын ныхас англисагау дæр.  

Кучиты Руслан 

 

- Удварн. Ныхас равзæрди «уды фарн»-æй, уырыссагау æм хæстæгдæр лæууы «нравственность», англисагау – morality.  

- Цардахаст. Ацы ныхасæй пайдагонд цæуы уырыссаг «мировозрение, идеология»-йы хуызы, англисаг «outlook, ideology» 

- Æууæлтæ . Уырыссагау – явления, состояние, признаки, англисагау – components, conditions. 

- Исбонад. Уырыссагау – собственность, хозяйство, англисагау - property 

- Цардарæзт. Уырыссагау – уклад жизни, благосостояние – way of life 

- Сурæт. Уырыссагау - образ, англисагау – character 

- Æвæрдад. Уырыссагау – накопление, англисагау – mentality 

- Æмбæрстад. Уырыссагау – понимание, англисагау – understanding  

- Удварны æвæрдад. Уырыссагау – менталитет.  

- Химбарынад. Уырыссагау – самосознание, англ. - self-consciousness 

- Æмуагъд. Цельный – integral  

- Фæлм. Отличительная черта, признак - distinguishing feature 

- Топпыхос. Порох – gun powder 

- Тæлæт кæнын. Угон скота, разбой – robbery, cattle hijacking 

 

 

Ирон æвæрдад 

 

Истори куыд æвдисы, афтæмæй алы адæмæн дæр, ома этносæн, незаманæй нырмæ йæ æхсæнадон райрæзты дæргъы ныффидар вæййынц йæхи сæрмагонд цардарæзт, йæхи æхсæнадон æмæ исбонадон ахастдзинæдтæ, сæрмæхæссинагдæр æмæ адæмы цæсты нымаддæр куыстадон къабæзтæ, æмткæй райсгæйæ, адæм æнусæй-æнусмæ кæй фембырд кодтой, фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй фæлæвæрдтой, ахæм социоэкономикон фæлтæрддзинад. Уыцы æнусон фæлтæрддзинад алы адæммæ дæр æвзæрын кæны, æхсиды йæхи сæрмагонд удварны æууæлтæ, лæгдзинады миниуджытæ, æгъдау, æфсарм æмæ уаг, адæмон психологи, бæлвырд цæстæнгас æрдз æмæ æхсæнады фæзындтытæм, дин æмæ уырнынад, миддуне æмæ зондахаст. Уыдон иууыл иумæ аразынц адæмы удварны æвæрдад, уырыссаг æвзаджы менталитет кæй хонынц, уый.  

 

Адæмæн йæ æвæрдад у йæ национ химбарынады бындур. Йæ æвæрдады бындурæй чи фæхицæн уа, уыцы адæмæн æнæ сæфгæ нæй. Алы этнос дæр рæзы, ног æууæлтæ æмбырд кæны, иннæ адæмты хорз миниуджытæ фæзмы, иннæ адæмтимæ йæ ахастдзинæдтæ æвæры йæхи æвæрдады бындурыл лæугæйæ. Фæлæ æрмæст йæхи æвæрдадыл куы лæууа, ногдзинæдтæ куы нæ иса, иннæ адæмты раззаг миниуджытæ куы нæ фæзма, уæд та фæсте аззайы, йæ агъуды аныгъуылы.  

 

Ирон адæм незаманæй нырмæ æрæмбырд кодтой стыр æхсæнадон фæлтæрддзинад, сарæзтой бирæ адæмтæн бæллиццаг чи уыд, ахæм цардахаст, бахъахъхъæдтой се ’взаг — дунейы зæронддæр æмæ мадзалджындæр æвзæгтæй иу, сæ удыхъæд æмæ æхсæнадон фæлтæрддзинад равдыстой сæ æнæмæлгæ Нарты кадджыты, равзæрд сæм сæхи цæстæнгас æрдз æмæ дунейы арæзтмæ, сæхи дин æмæ мифологи, айтыгътой хъæздыг дзыхæй-дзыхмæ исгæ аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ зарджытæ, сарæзтой, рагзаманты европæйаг адæмтæн фæзминаг чи фæци, ахæм хидарыны нормативтæ: уаг, æгъдау æмæ æфсарм, ныффидар сæм адæймаджы удыхъæды алыхуызон бæллиццаг æууæлтæ, дæсны пайда кодтой, сæхæдæг кæй сарæзтой, ахæм хъомыладон фæрæзтæй. Иу дзырдæй, ирон адæм сарæзтой уæрæх, фæлæ айнæг къæдзæхау æмуагъд, фидар монон удварны æвæрдад.  

 

Ирон удварны æвæрдадæн йæ сæйрагдæр рахæцæн уыд лæгдзинад, нæ ирондзинады сæйрагдæр бæрæггæнæн. Лæгдзинады алыварс зылдысты ирон дины фæзылдтæ. Ирон лæгдзинад уыд адæмон сфæлдыстады сæйрагдæр мидис. Ирон лæгдзинад уыд адæмы бæллиц æмæ адæймаджы хорздзинæдты, бæрцбарæн, йæ митæ æмæ йæ ахастдзинæдтæ аразæг. Иудзырдæй, ирон лæгдзинад уыд ирон адæмы психологийы апп, ирон цардарæзты идеологи. Уымæ гæсгæ ирон зондахасты нæ ныффидар сты нæдæр чырыстон, нæдæр пысылмон дин. Уæд адæмы аппарын хъуыд сæ сæйраг миниуæг — лæгдзинад, ома сæ ирондзинад, ну зондахаст аивын хъуыдис иннæмæй.  

 

Ирондзинады бирæ фæзилæнтæ ис. Æрæджыдæр ма, нæ фыдæлтæ-иу искæй æнæфсарм митæ кæнгæ куы федтой, уæд афтæ дзырдтой: «Цы ми кæныс, ирон нæ дæ?». Истæмæй фæтарстæ уæд та: «Цæмæй тæрсыс, дæ ирон ныфс цы фæцис?». Æвзæр дзыхæй сдзырдтай — «Дæ ирон æфсарм цæмæн сафыс?» Дæхи æгъдаумæ гæсгæ нæ дарыс — «Дæ ирон уаг кæм ис?». Фаг хъару нæ равдыстай — «Дæ ирон тых цы фæцис?», дзырд фæсайдтай — «Дæ ирон цæсгом цæмæн бахордтай?». Уазæгæн фаг æгъдау не скодтай — «Ирон цæхх æмæ кæрдзыны кад цæмæн сафыс?». Дæ магусайы тыххæй мæгуырæй цæрыс — «Дæ ирон сæрæндзинад кæм ис?» æмæ афтæ дарддæр. Лæг фæдисы, кæнæ зиумæ нæ цæуы, зæгъгæ, уæд та-иу хъодыйæг бацис. Цыбыр дзырдæй, нæ фыдæлтæ ирондзинад бастой дунейы æппæт адæмтæм дæр бæрзонд æвæрд чи у, ахæм миниуджытимæ: æгъдау, æфсарм, уаг, ныфс, зонд, хъару, кад, намыс æмæ фæллоимæ. Уыдон иууыл иумæ та ирон фарн хуыдтой, ирон лæгдзинад.  

 

Нæ ирондзинад фидар кодта ирон адæмы иудзинад. Лæгдзинад ирон, дыгурон, хуссайраг, цæгатаг, туалладжы сæрыл нæ уыд, фæлæ сæрæндзинады охыл, адæмæн хорздзинад ракæныны фæдыл. Дæхицæн æмæ æрмæст дæ бинонтæн цыфæнды дæр сараз уæддæр дæ хорз ничи загътаид. Дæ лæгдзинад хъуамæ равдыстаис адæмы сæраппонд. Уæд-иу адæймаджы хуыдтой «комы лæг», «бæстæйы лæг».  

 

Нæ ирондзинад нæ иннæ адæмты ’хсæн дæр бæрæг дардта, стæй нæ иумæ дæр баста: архайдтам, цæмæй ироны ном ма фегад кæнæм. Цас хъæбатырдзинад равдыстой нæ фыдæлтæ сæ ирон ном хъахъхъæнгæйæ Донайы, Японы, фыццаг æмæ дыккаг дунеон хæстыты. Цал æмæ цал хатты фервæзын кодтой нæ рагфыдæлтæ Гуырдзыйы цыфыддæр знагæй, цал хатты йын бахъахъхъæдтой йæ хæдбардзинад.  

 

Ирондзинады сæйрагдæр хицæндзинæдтæ, ирон æвæрдады миниуджыты æххæстдæр, хуыздæр æмæ лæмбынæгдæр бамбарæн ис, ирон лæджы бындурондæр абарæнтæ бæстондæр æвдыст кæм цæуынц, ахæм национ иугонд сурæты æууæлтæ раиртасгæйæ. Алы адæм дæр сæ национ иугонд сурæты бамбырд кæнынц сæ бæллиццаг миниуджытæ, се ’хсæн фылдæр аргъ кæмæн кæнынц, рæзгæ фæсивæдмæ кæй æвзæрын кæнынц, сæрмæхæссинагыл кæй нымайынц, ахæм æууæлтæ. Уымæ гæсгæ национ иугонд сурæт у адæмы удварн æмæ миддуне æвдисæг, адæмы удварны æвæрдады апп.  

 

Национ сурæт иу кæцыдæр рæстæг нæ февзæры. Уымæн йæ бындурон миниуджытæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц, ныффидар вæййынц, кæрæдзийы ивгæ цæуынц, сæ кæрæдзийы æхсæн иу ахастдзинæдтæ æмæ бастдзинæдтæй иннæтæм бахизынц адæмы социалон райрæзты дæргъы. Национ сурæт раиртасынæн ахъаззаг фæрæз сты адæмон кадджытæ, таурæгътæ, зарджытæ, аргъæуттæ æмæ иннæ адæмон сфæлдыстады уацмыстæ, адæмы æвзаг, цардыуаг, æфсарм æмæ æгъдæуттæ.  

 

Ирон адæмы иугонд сурæты сæйрагдæр æмæ бындурондæр миниуджыты æхсæн раиртасæн ис иу-цалдæр фæлмы. Фыццаг, стæй тæккæ рагондæр фæлммæ ахæссæн ис, ирон адæм сæ разагъды эпос Нарты кадджыты сæйрагдæр хъайтартæн цы бæллиццаг миниуджытæ бахай кодтой, уыдон. Ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй эпос равзæрд æмæ рæзыд незаманы VIII—VI æнустæй нæ дуджы XII—XIV æнустæм. Кæд афтæ, у, уæд та хъæддыхæй дзурæн ис, ирон национ сурæты рагондæр фæлмы миниуджытæ скифтæ, сарматтæ, алантæ æмæ рагирон адæмты æхсæн кæй ныффидар сты, ууыл.  

 

Нæртон лæджы бæллиццаг миниуджытæ сæхи æргомдæр æвдисынц лæгæвзарæн ерысты. Лæгæвзарын та Нарты кадджытæй бирæты мидис у. Райсæм дзы иу-цалдæр таурæгъы: «Нарты æмбырд» кæнæ «Нарты Уацамонгæ», «Уырызмæджы фæстаг балц», «Æхсæртæггатæ æмæ Борæты хæст», «Сослан тыхагур», «Нарты симд», «Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй» æмæ æндæртæ.  

 

Лæмбынæгдæр ма æркæсæм уыцы миниуджытæм: нартæ фыццаджыдæр уыдысты хæстон æмæ цуанон адæм. Сæ цард æрвыстой балцыты, хæсты быдыры, кæнæ цуаны. Уымæ гæсгæ эпосы иугонд сурæты сæйрагдæр æууæлтыл нымад цæуынц хæстон æмæ цуанон лæджы миниуджытæ: хæцæнгарзимæ хæрзарæхст, тохмондаг, фæдисон, бæхыл бадынмæ рæвдз, уæнгæй хъаруджын, ныфсхаст, уæндон, зындзинæдтæ, æххормаг æмæ рисæн быхсаг æмæ афтæ дарддæр.  

 

Нартæ кæд цыфæнды хæцæг адæм уыдысты, уæддæр сабыр æнæтох рæстæг сæ хъæлдзæгдзинадæн кæрон нæ уыд. Уыдысты цардбæллон, стыр аргъ кодтой фæндыры зæлтæн. Сæ кафт æмæ зардæй зæхх æнкъуысыд, хæхтæ нæрыдысты. Кафт æмæ зард, фæндырæй цæгъдын сæм хæстон арæхстдзинадæй дæлдæр æвæрд нæ уыдысты.  

 

Нартæ уыдысты уаг æмæ æгъдауыл мæлæг, æфсармджын адæм. Нæртон æгъдау, æфсарм æмæ уагæн сæ сæйрагдæр мидис уыд адæмæн хорздзинад ракæнын. Нæртон лæг адæмы сæраппонд йæ сæр нывондæн кæм хаста, уым кадæггæнджытæ æдзухдæр йæ фарс хæцынц, фæзминагыл æй нымайынц, йæхи адæмæй уæлдæр кæм кодта, æрмæст йæхи фæндоныл кæм цыд, уым та йæ худæджы бынаты æвæрынц. Дæнцæгæн æрхæссæн ис кадæг «Сослан тыхагур».  

 

Нарт уыдысты хиуылхæцгæ, сæ дзырдæн хицау, æргом дзырд, уазæгуарзаг æмæ кæрдзындæттон, сылгоймагæн аргъгæнæг, хистæртæн æгъдаудæттæг, кæстæртæн фæзминаг æмæ зондамонæг, сæ кæрæдзийы æхсæн нымдджын, бахъуаджы сахат æмдых æмæ æмзонд, рæстдзинад æмæ кадыл мæлæг адæм. Нæртон лæг йæ сæрмæ нæ хаста сайд æмæ фæлитой, æнæуаг æмæ æнæфсарм, тæппуд æмæ æнæныфс митæ.  

 

Нарт уыдысты хæд-зонд æмæ дзырдарæхст. Зондджын уынаффæ æмæ аив ныхас, æнæкъуылымпы тæрхон æмæ знаджы ныхмæ зондæй рацæуын,— уыдон уыдысты нæртон лæджы сурæтæн йæ сæйрагдæр миниуджытæй. Нартæн уыд бæлвырд цæстæнгас æрдз æмæ дунейы арæзтмæ, æхсæнадон цаутæм, адæмы эволюцимæ, уыдис сæм бæлвырд зонадон æвæрæнтæ.  

 

Нарт уыдысты сæрибаруарзаг æмæ сæрбæрзонд, сæхи дæлдæр никæмæй æвæрдтой, æфхæрд никæмæн барстой. Сæ æгæрон тох уыд сæ хæдбарады сæраппонд.  

 

Нæртон лæджы миниуджытæ ирон адæм кæронмæ фæхастой. Уымæн æвдисæн сты ирон фыдæлтыккон таурæгътæ æмæ зарджытæ, зæгъæм, «Зарæг Хъырымы æфсады тыххæй». «Сар-Аслæнбеджы зарæг», «Кодзырты Таймуразы зарæг», «Алыккаты Хазбийы зарæг» æмæ бирæ æндæртæ.  

 

Ирон лæджы хæстон арæхстдзинады тыххæй бирæ æппæлæн ныхæстæ фæкодтой XIX æнусы уырыссаг разагъды лæгтæ, уæлдайдæр та Донайы хæсты зындгонд хæстон разамонджытæ М. Скобелев, И. Тутомлин, А. Куропаткин, П. Паренсов æмæ æндæртæ. Дæнцæгæн æрхæссæм инæлар М. Скобелевы ныхæстæ: «Поведение осетинского дивизиона по примерному самоотвержению и рыцарской храбрости выше всякой похвалы» . И. Тутомлин та фыста, ирæтты хъæбатырдзинад, дам, хъайтардзинад барæн бæрцæн йæ сæйрагдæр бæрæггæнæнæй ноджыдæр уæлдæр лæууы.  

 

Уæдæ ирæттæ 1905 азы Японы хæсты, фыццаг æмæ дыккаг дунеон хæстыты цы арæхстдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдыстой, уый та æппæт дзыллæтæн дæр зындгонд у.  

 

Ирон национ сурæтæн йæ дыккаг фæлм фæзынд бæлвырд фæстæдæр. Уыцы фæлмы хæстон лæджы æууæлтимæ æмсæр бынат æрцахстой фæллой æмæ фæллоимæ баст миниуджытæ. Уымæн æнцон бамбарæн ис, ирон хъæздыг адæмон сфæлдыстадæй æрмæстдæр æртæ таурæгъмæ куы æркæсай, уæд дæр. Сæ иуы ныхас цæуы, Æмзораты чысыл Æмзор Дзылаты рæсугъды куыд куырдта, ууыл. Разыйы дзуапп раттыны размæ Дзылаты рæсугъд домы, цæмæй Æмзор йæ лæгдзинад равдисыны тыххæй лæгдыхæй æргомæй байса ногъайы бæхрæгъæуттæ æмæ сæ Дзылаты мæсыгмæ æртæра. Ацы таурæгъы нырма фæлвæрд цæуынц æрмæстдæр хæстон лæджы миниуджытæ. Иннæйы Зджыды рæсугъд йæ бирæ курджытæй равзæрста мæгуыр лæджы, йæ кафт, йæ зард, дзыхыныхас, æгъдау, барæджы арæхстдзинæдтæ æмæ хосгæрдынæй кæй æмбылдта, уый тыххæй. Ам ма хæстон лæджы миниуджытæм æфтыд æрцыд. куыстхъомыс дæр.  

 

Фæллоимæ баст миниуджыты фæлм бынтон тæмæнтæ скалдта æртыккаг таурæгъы. Бирæ курджытæ ис Дыгургомы рæсугъддæр æмæ арæхстджындæр чызг Дзандзирахъы. Иутæн разыйы дзуапп нæ радта, æлдары дæлбар кæй уыдысты, уый тыххæй. Бадилаты хъал фæсивæдæй дæр никæмæн сразы, сымах, дам, хуыскъастæуæй искæй фæллойæ цæрут. Моймæ цæуыныл сразы доныфарсаг лæппуйæн, сымах хæдæлдар стут, зæгъгæ. Фæлæ лæппуйæ бадомта, цæмæй чындзæхсæвы размæ йæхæдæг йæхи къухтæй самайа бæстыхæйттæ, йæхи къухтæй сараза топпыхосæй ифтындзгæ хæцæнгарз, саг дзы амара æмæ йæ Дзандзирахъы цæрæнбынатмæ æрхæсса.  

 

Ирон национ сурæты æууæлты ’хсæн стыр бынат æрцахстой фæллоимæ баст миниуджытæ. Фæллой æмæ фæллоимæ баст миниуджытæ ирон национ бæллиццаг сурæты куыд фидар кæнын байдыдтой, уый хорз æвдыст цæуы XIX æнусы ирон зындгонд фыссæг æмæ публицист Хъаныхъуаты Иналы сфæлдыстады. Йæ очерктæй иуы дзуры, хуымæтæг зæхкусæг йæ фыдæлты хæцæнгæрзтæ иннæтæй уæлдай къулыл куыд сауыгъта, балцыты цæуын куыд ныууагъта æмæ зæрдиагæй фæллой кæнынмæ куыд бавнæлдта, ууыл. Балцыты рæстæг аивгъуыдта, ныр фæллой кæнын хъæуы,— дзуры Инал уыцы зæхкусæджы номæй.  

 

Ирон национ сурæты фæллойимæ баст миниуджытæ ахсджиаг бынат кæй æрцахстой, уымæн æвдисæн у Къостайы æмдзæвгæ «Ныфс» дæр. Фыдæлты фæткмæ гæсгæ Леуаны фæндыд, цæмæй йæ иунæг фырт Къостайæ хæстон лæг рауадаид. Къоста та æндæр фæндаг равзæрста. Йæ фыдæн дзуапп дæтгæйæ фыста:  

 

«Æз топпæй нæ хъазын,  

 

Æз барæг нæ дæн,  

 

Æхсаргард ысласын  

 

Мæ бон нæу мæнæн  

 

Фæхудæнт мыл хъалтæ; —  

 

Ды се ’мбал нæ дæ!  

 

Мæ гутон, мæ галтæ —  

 

Мæнæн дæр цæттæ!»  

 

Ирон национ сурæты зынгæ фæд ныууагъта ирон адæмы тох æрбахæсгæ æлдарады ахастдзинæдтæ æмæ æрцæуæг уырыссаг бюрократон-паддзахадон цардарæзты ныхмæ. Фыдæлты фæткыл арæзт цардахасты чи бахсыстис, уыцы ирон удварны æвæрдадæн зын бабыхсæн уыд, æлдарад æмæ паддзахадон-бюрократон цардарæзт сæрибар æмæ æмсæр адæмыл цы уаргъ æвæрдтой, уый. Райгуырдис ног æхсæнадон фæзынд — иугай лæгты тох фыдæлтыккон цардарæзты сæраппонд, уыимæ абырæгдзинад дæр. Уыцы рæстæджы абырæгдзинадæн нæ сæйрагдæр нысан уыд социалон рæстдзинад раздахын, ирон хæдбар цард æмæ фæллойгæнæг лæджы бахъахъхъæнын. Ацы тохы ноджы тынгдæр сæрттывтой ирон лæджы хæстон миниуджытæ, куырыхон зонд æмæ æхсæнадон хъæппæрис. Ныр дæр ма адæм нæ рох кæнынц Томайты Мæхæмæты, Куымæриттаты Тъотъоры, Гаглойты Салайы, Хуыбиаты Уасойы, Пухаты Иликъойы, Карсанты Идыг æмæ бирæ æндæрты сыгъдæг нæмттæ. Кады зарджытæ сыл сарæзтой, таурæгъты сыл дзурынц, фæзминагыл сæ нымайынц, сæ лæгдзинадмæ сын бæллынц.  

 

Ирон национ сурæты кæрæй-кæронмæ зынгæ фæлм æвæры ирон зонды къуыбылой. Куы йæ райхалай, уæд дзы бирæ куырыхон миниуджытæ раиртасдзынæ: æрдз æмæ æхсæнадон фæзындтæ раст иртасын, адæмы психологи æмбарын, дзыхарæхст, лæмбынæг хъуыддаг, хæстон хъуыды æмæ афтæ дарддæр. Ныр дæр ма диссагæн дзурынц нæ рагфыдæл скиф Анахарсис, ирон лæгтæ Санаты Сем, Томайты Созырыхъо, Хъесаты Еба æмæ Демыраты Кацойы æмбисæндтæ, кæд сæхæдæг бирæ азты размæ цардысты, уæддæр.  

 

Уæдæ ирон лæджы уæздандзинадæн та кæрон нæ уыд. Нæ фыдæлты хидарыны æгъдæуттæ — ирон уаг йæхимæ бирæ ахуыргæндты æркæсын кодта, XIX æнусы дыккаг æмбисы æнæхъæн дунейæн дæр зындгонд ахуыргонд Всеволод Миллер фыста, ирон адæмæн, дам, мæгуыр, талынг къæсты се ’фсарм æмæ уаг Ныгуылæн Европæйы сыгъзæринæй фæлыстгонд галуантæй бирæ уæлдæр æмæ тыхджындæр æвæрд сты. Итайлаг наукон иртасæг Франко Кардини та Ныгуылæн Европæйы рыцæрты уагæй зæгъы нæ рагон фыдæлтæ скифтæ æмæ сарматтæй райсгæ у, зæгътæ. Астæуккаг æнусты рыцæрты уаджы бындурыл та фæстæдæр фæзындысты нырыккон европæйаг хидарыны æгъдæуттæ. Иуæй-иу зонадон куыстыты амынд цæуы, ирон уаг нырыккон кавказаг адæмты хидарыны культурæйы дæр стыр фæд кæй ныууагъта, уый.  

 

Ирон бæллиццаг сурæты зынгæ бынат ахсынц æхсæнадон хъæппæрисмæ цыренад. Фыдæлтæй баззайгæ цардарæзты хи цард æмæ æхсæнадон цард сæ кæрæдзийæ нæ хицæн кодтой, æмбаст уыдысты. Арæх лæгмæ афтæ дæр фæкæсы, ныр Иры фæсивæдæй бирæтæ нозт æмæ мулкратонайыл кæй ныххæцыдысты, уымæн йæ æфсон у, нæ паддзахадон цардарæзты сын сæ æхсæнадон хъæппæрис æмæ цыренад равдисынæн фаг фадæттæ кæй нæй, уый.  

 

Нæ фыдæлтæ сæ ирондзинад, ирон национ бæллиццаг сурæты миниуджытæ бæрзонд æвæрдтой, цæсты гагуыйау сæ хъахъхъæдтой. Чи сæ хæлдта, уыдоныл-иу арæх хъоды дæр бакодтой, æгады зарджытæ сыл арæзтой, цоты цотмæ-иу фидиссаг фесты.  

 

Уæлдай æгаддæр уыдысты тæппуд æмæ магуса, сайын, монц суадзын, æнæгъдау ныхас, расыг кæнын, чъынды уæвын, искæй хъыгдарын, æфхæрд ныббарын, хистæр æмæ кæстæры, сылгоймаг æмæ æнахъом адæймаджы бафхæрын. Бæлвырд мадзæлттæ арæзтой сæрæндзинад равдисынæн, архайдтой, цæмæй ирондзинад фидар кæна, ууыл. XIX æнусы хъуыстгонд ахуыргонд В. Пфаф фыста Ирыстоны-иу лæппу-фæсивæды ’хсæн сæрмагонд хъазæн фæзты ерыстæ арæзтой, зæгъгæ. Æвзæрстой бæхыл бадынмæ, хæцæнгарзимæ, хъæбысæй хæцынмæ, кæстæриуæг кæнынмæ, аив дзурынмæ, кафынмæ æмæ зарынмæ куыд арæхсынц, уый. Чи фæуæлахиз уыдаид, уымæн стыр кад кодтой. Кæм бамбæлыдаид, уым ын кады нуазæн лæвæрдтой. Уæлдай бæрзонд аргъ та кодтой, адæмы сæраппонд хъазуат тохы йæхи сæрæнæй чи равдыстаид, уыдонæн. Сæ номыл-иу кады зарджытæ скодтой, сæ намыс сын дзыхæй-дзыхмæ лæвæрдтой.  

 

Ерыстæ арæзтой иукар чызджыты æхсæн дæр. Чызджытæ та хъуамæ равдыстаиккой хуыйынмæ, хæрдгæхуыд æмæ алдынбыдмæ, хæринаг кæнынмæ, хæдзары куыстытæм, кæстæриуæг кæнынмæ, кафынмæ æмæ фæндырæй цагъдынмæ куыд арæхсынц, уый. Цы чызг фæуæлахиз уыдаид, уымæн-иу йæ кой дардыл айхъуыст, лæппутæ йæ ракурынмæ бæллыдысты, хистæртæ архайдтой, цæмæй сæ мыггаджы чындз бауа, ууыл: Ахæм чызг-иу йæ бирæ курджыты æхсæн сарæзта лæгдзинад равдисыны ерыстæ. Йæхицæн-иу саккаг кодта, ерысты чи фæуæлахиз уыдаид, уый.  

 

Цыбыр дзырдæй, ирæттæ ерысы адæм уыдысты. Ерыс кодтой хæсты быдыры, куысты, бæрæгбæтты, чындзæхсæвты, марды кæндтыты. Алчидæр архайдта йæхи уæздандæрæй, хъæбатырдæрæй, арæхстджындæрæй, сæрæндæрæй, хъаруджындæр æмæ æмбаргæдæрæй равдисыныл. Уый кад уыд æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ йæ бинонтæ, мыггаг, хъæубæстæ æмæ æнæхъæн комбæстæйæн. Уæлахизмæ дæр уымæн тырныдтой.  

 

Ерыс уыд хицæн лæгты, социалон къордты æмæ æнæхъæн ирон æхсæнад чи хъахъхъæдта, ахæм фæрæз. Иуæй алчидæр архайдта, цæмæй иннæтæй хуыздæр, раззагдæр уой йæхæдæг, йæ бинонтæ, йæ мыггаг, йæ хъæубæстæ æмæ комбæстæ, иннæмæй та хуыздæр æмæ раззагдæр уæвæн уыд, ирон лæгдзинады домæнтæ, æгъдау, уаг æмæ æфсарм бæстондæрæй чи æххæст кодтаид, уыдонæн. Иудзырдæй, ерысы лæгдзинад равдисæн уыд ирон царды хидарыны домæнтæ æххæст кæнгæйæ, уыдон æххæст кæнгæйæ та адæймаг фидар кодта ирон цардахаст æмæ ирондзинады миниуджытæ, æмткæй райсгæйæ, ирон æвæрдад.  

 

Ирон лæгдзинад, ирон национ бæллиццаг сурæтыл бирæ фæдзурæн ис. Фæлæ сæйраг уый у, æмæ нæ ирон лæгдзинад кæддæр нæ удварны æвæрдад аразæг кæй уыд. Хæстон, фæллойгæнæг, хæд-зонд, æфсармджын, аивадуарзаг — ахæмтæ сты ирон удварны æвæрдад æвдисæг сæйраг миниуджытæ. Уымæй уæлдай ма нæ фыдæлтæ уыдысты ныфсхаст, растдзырд, сæрбæрзонд, сæрибаруарзаг, адæмы сæраппонд мæлæтмæ цæттæ, кадыл мæлæг, дзырдарæхст, хистæртæм хъусæг, кæстæртæн зондамонæг æмæ бараг, сæ кæрæдзи æхсæн нымдджын, сылгоймагæн кадгæнæг, уазæгуарзон æмæ кæрдзындæттон, хиуылхæцгæ æмæ фæразон.  

 

Нæ æвæрдады сæйраг æууæлтæ, æнæмæнг, нæ рæстæгмæ æрхæццæ сты. Уымæн æвдисæн у, нæ фæсивæды хуыздæртæ гуырдзиаг æмæ мæхъæлон лæбурджыты ныхмæ тохы цы лæгдзинад равдыстой, уый. Фæлæ, цы йæ сусæг кæнæм, ирæттæн се ’ппæтмæ уыцы миниуджытæ нал сфаг сты. Ахæмтæ нæм разындис, æмæ фæдисмæ рацæуыны бæсты рудзынгæмбæрзæнты аууонæй сусæгæй ракæс-ракæс чи кодта. Афон æрцыдис: тохы йæхи хъæбатырæй чи равдыста, уыдоныл нæ фыдæлтау кады зарджытæ саразæм, тæппудтыл æмæ ирон адæмы уæйгæнджытыл та хъоды бакæнæм.  

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ