Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ИРОНДЗИНАДЫ ФИДÆН (3-æм хай)
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 

Æрмæджы автор парахатæй пайда кæны рохуаты чи аззад, кæнæ абон бира ирæттæн æнæзонгæ чи у, цалдæр ахæм ныхасæй. Уый фæдыл æз кæсджытæн æххуысæн мыхуыр кæнын мæхи фиппаинагтæ. Уырыссагау чи нæ зоны, уыдонæн тæлмац кæнын ныхас англисагау дæр.  

Кучиты Руслан 

 

- Удварн. Ныхас равзæрди «уды фарн»-æй, уырыссагау æм хæстæгдæр лæууы «нравственность», англисагау – morality.  

- Цардахаст. Ацы ныхасæй пайдагонд цæуы уырыссаг «мировозрение, идеология»-йы хуызы, англисаг «outlook, ideology» 

- Æууæлтæ . Уырыссагау – явления, состояние, признаки, англисагау – components, conditions. 

- Исбонад. Уырыссагау – собственность, хозяйство, англисагау - property 

- Цардарæзт. Уырыссагау – уклад жизни, благосостояние – way of life 

- Сурæт. Уырыссагау - образ, англисагау – character 

- Æвæрдад. Уырыссагау – накопление, англисагау – mentality 

- Æмбæрстад. Уырыссагау – понимание, англисагау – understanding  

- Удварны æвæрдад. Уырыссагау – менталитет.  

- Химбарынад. Уырыссагау – самосознание, англ. - self-consciousness 

- Æмуагъд. Цельный – integral  

- Фæлм. Отличительная черта, признак - distinguishing feature 

- Топпыхос. Порох – gun powder 

- Тæлæт кæнын. Угон скота, разбой – robbery, cattle hijacking 

 

 

Ирондзинады фидæн  

 

Ныр нæ цард куыд цæуы, афтæ йæ куы ауадзæм, уæд нæ ирондзинадæн фидæн нæй, бынтондæр фехæлдзæн, фесæфдзæн. Ууыл фыццаджы-фыццагдæр дзурæг у, нæ фыдæлтыккон æвæрдад куынæгæй-куынæгдæр кæй кæны, уый. Ныртæккæ ирон удварны рæзты раиртасæн ис дыууæ сæйрагдæр тенденцийы. Иуæй нæ миддуне, нæ зондахаст, нæ социалон фæлтæрддзинад, нæ цæстæнгас бæлвырд фæхъæздыгдæр сты, дунейы адæмтæн се ’ппæтæн дæр иумæйаг чи у, ахæм æвæрæнтæй, царды ног ивддзинæдтæй, иннæ адæмты культурæйæ æрбайсгæ хæзнатæй. Райрæзтис нæм ахуырад, райстам нырыккон куыстадон дæсныйад, бафæзмыдтам иннæ адæмты хорз миниуджытæ. Уымæ кæсгæ ирон адæмы æвæрдады тынг ныффидар интернационалон цæстæнгас. Æмæ ам æвзæрæй ницы ис. Уый у, дунейы адæмтæ кæрæдзимæ бæлвырд кæй фæхæстæгдæр сты, уый тæваг, царды ног ивддзинæдты мидис.  

 

Иннæмæй та ирон адæмы æвæрдады куынæгмæ цæуынц ирондзинады миниуджытæ. Нæ ирон бæллиццаг сурæт нал фæзмæм. Нæ рæсугъд æмæ хъæздыг æвзаг, нæ фыдæлты æгъдæуттæ, æфсарм, уаг, таурæгътæ, кадджытæ æмæ зарджытæ рох кæнæм. Нæ ирон зондахаст, ныфс, намыс æмæ фарныл нæ къух исæм. Не ’хсæн сарæх сты расыггæнджытæ, хъылмацъирджытæ, æгоммæгæстæ, нымудзджытæ, давджытæ, магусатæ, æдзæсгæмттæ, тæппудтæ æмæ фæлитойтæ. Хистæр—кæстæр, сылгоймаг—нæлгоймаг, ныййарджытæ—цот бæрæг нæм нал ис, сæмтъеры стæм. Нæ иуы хорздзинад иннæмæ хъыг кæсы. Нæ кæрæдзиуыл нал хæцæм, фыдæлтæн баззайгæ, рæсугъд ахастдзинæдты сомæй ивæм. Нæ хæстон намыс ферох кодтам, не знæгты ныхмæ æнгомæй æрлæууын нæ бон нал у. Бирæтæ фæдисмæ нал цæуынц. Лигъдæтты ном ныл сбадтис æмæ дзы æфсæрмы дæр нæ кæнæм. Райсæм ма иу-цалдæр дæнцæджы нæ ныры удварны æвæрдады тыххæй. Нæ университеты психологийы кафедрæйы этносоциалон иртасæн куыстытæ куыд æвдисынц, афтæмæй ма ирон æгъдæуттæ æмæ ирон уагы домæнтæ æххæст кæнынц нæ республикæйы цæрæг ирæттæн сæ 78,8 проценты. Фæлæ уыдонæй дæр не ’гъдæуттæ æмæ нæ уагыл иузæрдион сты æрмæстдæр сæ 28 проценты. Иннæтæ та сæ æххæст кæнынц кæнæ искуы-иу хатт, кæнæ зонгæты æфсæрмæй, кæнæ та, кæй сыл сахуыр сты, уымæ гæсгæ. Ирон адæмон сфæлдыстад, нæ литературæ, фæндыры зæлтæ, истори зонынц 36,2 проценты. Ирон æвзаг алыхуызы дæр æххæстæй зонынц нæ 62,7 проценты, уырыссаг æвзаг та — 86,8 проценты. Суанг ма сæ бинонты ’хсæн дæр уырыссагау дзурынц ирæттæн сæ 37,2 проценты. Ирон æвзаг хæрз æвзæр зонынц нæ фæсивæд æмæ нæ сабитæ. Бинонтæ æмæ хæстæджыты æхсæн ирон ахастдзинæдтæ фидар лæууынц, кæй бафарстам, уыдонæн сæ 21,4 процентмæ. Æмхъола цард кæнынц 32,7 проценты. Иннæты та фидарæй уырны, сæ бинонты цардарæзт нырыккон культурæйы бындурыл кæй лæууы, уый. Фылдæр нæ кæны ноггуырд сывæллæтты нымæц. Зæгъæм, нæ республикæны хицæн хъæууон районты ирон адæмы нымæц 1992 азы 15–20 удгоймагæй фылдæр нæ фæци. Амæй фæстæмæ та, демографийы ивддзинæдты прогноз куыд æвдисы, уымæ гæсгæ къаддæрæй-къаддæр кæндзæн.  

 

Нæ ирондзинад заууатмæ кæй цæуы, уымæн бирæ аххосæгтæ ссарæн ис. Фыццаг у, паддзахадон æмæ ирон фыдæлтыккон цардарæзтад сæ кæрæдзи ныхмæ кæй æрлæууыдысты, уый. Ирондзинад цы æхсæнадон уагæвæрды равзæрдис æмæ ныффидар, уый хæлд æрцыдис. Фесæфтис ирондзинады æхсæнадон бындур. Дыккагæй та нæ ирон интеллигенци æмæ, фæстаг 30–40 азы дæргъы нæ сæргъы чи лæууыд, уыцы хицауадæй бирæтæ сæхæдæг ирондзинад сæ сæрмæ нал хастой, фæстæзад хъуыддагыл æй банымадтой. Нæ сæрхъуызойтæ нын нæ мардыкæндтæ, нæ чындзæхсæвтæ, нæ бæрæгбонтæ кæнын нал уагътой, нæ кувæндæттæй нын хынджылæг скъæрдтой. Чысыл-иу ирондзинады сæрыл чи сдзырдта, ууыл-иу националисты ном ныххуырстой Нæ интеллигенци дæр ацы хъуыддаджы фæсте нæ аззадис. Сæ наукон куыстыты, газетты, радио æмæ телеуынынадæй, сæ зонадон лекциты карз тох самадтой ирондзинады ныхмæ. Фæстагмæ афтæ рауадис æмæ нæ хицауад дæр, нæ интеллигенци дæр, стæмтæй фæстæмæ, ирон адæмæй фæиппæрд сты: иронау нывыл нал дзырдтой, ирон æгъдау нал зыдтой, ирондзинады фидæныл сæ къух ауыгътой. Диссаг та куыд нæ уыд, 1981 азы октябры мæйы ирон адæм, æхсæнадон барад арæх хæлд кæй цыдис, уый ныхмæ куы растадысты, уæд хицауадæй иу лæг нæ разындис, адæмы размæ иронау æнæкъуылымпыйæ чи раныхас кодтаид, ирон æгъдау чи равдыстаид, адæмæн уынаффæгæнæг чи фæлæууыдаид. Хæрз диссаг та уый у, æмæ раздæр ирондзинады ныхмæ карздæр тох чи кодта, уыдонæй бирæтæ ныр иннæрдæм фæфæлдæхтысты, фæлæ нæ бауырнæд, райсом сæ куы бахъæуа, уæд та фæстæмæ æнæфсармæй сæ гаччы абаддзысты.  

 

Æртыккаг аххос та у, хицауады размæ сæргуыбыр æмæ уæнгтæхъилæй лæууын кæй сахуыр стæм, уый. Хицæутты цæстæнгасæй стъæлфæм, козбау митæ сын кæнæм, сæ ныхмæ сдзурын нæ уæндæм. Уыдон дæр уымæй æнæвгъау пайда кæнынц. Цал æмæ цал хъуыдыджын æмæ æмбаргæ «фæстæмæдзураг» лæджы «фæнадтой» раздæры партион æмæ хицауадон сæрхъуызойтæ сæ коммæгæс фæдонтимæ партион къуыбыр лæдзæгæй. Сæ кæрæдзиуыл афтæ фидар стыхстысты, æмæ зæгъæн ис, Ирыстоны элитарон къорд сарæзтой: сæ цæрæнбынæттæ — хуыздæр, сæ хæдзæрттæ — фæлгонцдæр, сæ дарæс — аивдæр, сæ цот — ахуыргонддæр æмæ хуыздæр бынæтты кусынц, сæ авналæнтæ — парахатдæр. Ныр дæр нæ хицауады фылдæр уыдон сты. Сæ кæрæдзи раив-баив кæнынц, чи сæ раздæр рабады, чи фæстæдæр, фæлæ æмткæй, сæ къуыртт нæ хæлы. Цы ирон æхсæнадон змæлдтытæ нæм фæзындис, уыдон дæр адæммæ хæстæг не ’рбалæууыдысты, адæм сыл нæ баууæндыдысты, æмæ иппæрдæй аззадысты.  

 

Ирыстоны национ культурон æмæ политикон æхсæнæдтæ æмæ змæлдтытæй иутæ, зæгъæн ис, æгæр националон зиллаккы лæууынц, иннæтæ та ирон адæмы хъысмæтыл уый бæрц нæ тыхсынц, сæхи равдисын сæ цас фæнды, æмæ сæ хицауад йæхимæ куы æрбахæстæг кæны, уæд сæ æхсæнадон хъæппæрис цыдæр фæвæййы, аннæтæм та нæ фаг кæны бæлвырд, алцæмæй дæр æххæст экономикон, æхсæнадон æмæ политикон платформæ, æппæт адæмты социалон фæлтæрддзинад æмæ ирон адæмы хицæндзинæдтæ чи баиу кæна, афтæмæй нын фидæнмæ æнæгуыргъахъхъ фæндаг чи бацамона.  

 

Ахæм политикон партитæ дæр нæм фæзынд, æмæ фылдæр сæхи нысантыл чи хъуыды кæны, Ирыстоны фадæттæм гæсгæ чи нæ архайы, фæлæ æрмæстдæр йæ экономикон æмæ политикон цæстæнгастæ нæ цардмæ рахæссынмæ чи хъавы. Уыдонæй алы хъуыддаджы дæр сæхи активондæрæй æвдисынц нæ демократтæ, æцæг сæ сæйрагдæр мæт у тагъддæр, цыфæнды мадзæлттæй дæр рæвдздæр капиталистон ахастдзинæдтæ ацаразын. Уый тыххæй адæмы судзины хуынчъы дæр аласдзысты, цыма къахдзæфгай, адæмыл мæгуыры хъис нæ бафтаугæйæ, социалистон цардарæзты фæлтæрддзинадыл æнцойгæнгæйæ, ног цард зындæр аразæн у. Рох кæнынц, капитализм сæдæгай азты дæргъы цы социалон гæнæнтæм æрцыдис, уыдонæй бирæтæ нæ царды арæзт кæй æрцыдысты.  

 

Уый нæ, фæлæ ма нæ æхсæнадон змæлдтыты æмæ нæ политикон партиты уæнгтæй, стæй нæ разагъды ахуыргæндтæй дзурджытæ дæр фæци, Хуссары нæ зæххытæ Гуырдзыстоны сты, Горæтгæроны район та мæхъæлы у, зæгъгæ. Уыдон, ирон адæм ныр кæм цæрынц, Ирыстоны арæнтæ кæуылты цæуынц, уый нæ нымайынц, фæлæ географион арæнты кой фæкæнынц, раздæр чи кæм цард, уый æрымысынц. Нæ рагзаманæй нырмæ нæ арæнтæ цыбыртæ кæнгæйæ цæмæ æрцыдыстæм, уымæн та нæхæдæг æвдисæн.  

 

Иннæтæ та нæм сидынц, не знæгтимæ тох ма кæнæм, сæ къæхты бын нæхи ауадзæм, цæмæй нæ удтæ æмæ ирон адæмы нымæц бахъахъхъæнæм, уый тыххæй. Дæнцæгæн æрхæссынц тæтæр-монголимæ хæст. Уырыс, дам, тæтæрмæ сæхи радтой æмæ бирæйæ баззадысты, нæ фыдæлтæ та сæхи ныццæгъдын кодтой. Ацы цæстæнгас æрмæст историон цаутæ фæлдæхтæй нæ æвдисы, фæлæ ма ирон адæмы зонды тъыссы бæрзæйсæттæн хъуыдытæ дæр.  

 

Нæ иугай зондамонджытæ та æппæт Цæгат Кавказы адæмтæм дзурынц, цæмæй нæ арæнтæ бынтондæр сисæм, хицæн паддзахадон арæзтадтæй культурон автономимæ рахизæм, ома нæ æхсæнадон æнтыстдзинæдтæй фæстæмæ ракъахдзæфтæ кæнæм. Мах, ирон адæм, нæма бамбæрстам, ног дуг раллæуыд, уый. Нæ бамбæрстам, ныртæккæ нæ хъысмæт нæхи къухтæм куы нæ райсæм, уæд цагъары психологи нæ туджы бынтондæр кæй ныффидар уыдзæн. Уымæн стæм нырма æмыр æмæ æнæдомгæ, цæстмæхъус æмæ æнæныфсхаст. Æндæр куыд бамбаргæ у, 1981 азы нæ фæсивæды хуыздæртæй æфхæрд чи æрцыдис, уыдон сæрыл ма рахæц, националисттæ нæ цы уынаффæты схуыдтой, уыдон ма аив, нæ зæххы гæппæлтæ æмæ куыстадон хъарм бынæттæ чи фæуæй кодта, уыдонæй дзуапп ма бадом, нæ фыццаг съезд нæ фидæны тыххæй бæстон уынаффæ ма рахæссæд, адæмон фронт ма саразæд, афтæмæй ахæлиу уæд, дæсгай азты дæргъы нын нæ ирон удварн, нæ национ химбарынад, нæ социалон цыренад, нæ хуыздæр лæгты дæлæмæ чи фæтардта, уыдон адæмæй æфсæрмы ма кæнæнт, фæлæ сæ риутæ хойæнт, Ирыстонæн махæй хуыздæр ничи фæци, зæгъгæ.  

 

Иннæ стыр аххосаг та у, Ирыстон административон æгъдауæй дыууæ дихы кæй фæци, уый. Цæгат æмæ Хуссары дыууæ стыр адæмты æндæвдады бахаудыстæм. Фехæлдис нæ иудзинад. Хицæн кæнын райдыдта нæ æвæрдад. Фæйнæрдæм ахæцыдыстæм. Иу адæм стæм, уый рох кæнын райдыдтам. Ныр та ма ноджыдæр иуæй-иу цыбырзонд лæгты хъæппæрисæй нæхи лæгдыхæй ир æмæ дыгурыл дих кæнын байдыдтам, дыууæ диалектыл дзурæг адæмы сæ кæрæдзи ныхмæ æвæрæм, ома кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый тæ — рæхуыст.  

 

Аххосаг у не скъола дæр. Нæ рæзгæ фæлтæрты иронау нал ахуыр кодтам, нæ мадæлон æвзаг æмæ не ’гъдауæн, нæ историйæн скъолайы бынат нал уыди, нæ ирон ахастдзинæдтæй фæцух. Бирæ азты фæхъомыл кодтам, алы адæмты культурæты ’хсæн хъеллау чи кодта, фæлæ сæ иуыл дæр фидар чи нæ æрлæууыд, ахæм фæсивæд. Æмæ нæ æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ дæр цы бакæной: ирон ныхас æнæкъуыхцыйæ нал кæнынц, ирон уаг æмæ æгъдау нал зонынц, ирондзинадæй фæиртæстысты.  

 

Ныртæккæ аххостæ иууыл нал агурдзыстæм. Сагъæссаг нæ фидæн у. Ирон адæмы иннæ адæмтау цы дин æмæ идеологи баиу кæна, уый зын ссарæн у. Нæ бакуымдтой нæ чырыстон, нæ пысылмон дин æххæстæй райсын. Рагæй-æрæгмæ дæр нæ иудзинады уидаг уыд нæ ирон фæтк, нæ ирон цардахаст, ирон лæгдзинад. Нæ царды æппæт къабæзтæн дæр фæстæмæ ирон бындур куы нæ сæвæрæм, нæ ирондзинадмæ куы нæ раздæхæм, уæд нæ рæстæг йæхæдæг аныхъуырдзæн. Уый афтæ дзурæг нæу æмæ фæстæмæ нæ фыдæлтыккон ирон агъуды аныгъуылæм. Уæд фæсте аззайдзыстæм, иннæ адæмтæй дæр фæхицæн уыдзыстæм, мидбынаты цоппай кæнын байдайдзыстæм. Растдæр уыдзæн нæ ирон фарны бындурыл лæугæйæ, иннæ адæмты хорздзинæдтæ фæзмгæйæ, царды ногдзинæдтæ исгæйæ æмæ нымайгæйæ иннæ адæмтимæ иумæ, се ’мрæнхъ размæ фидар къахдзæфтæй куы цæуæм, уæд уый. Уый тыххæй та нæ дарддæры райрæзтæн æрæвæрын хъæуы иу-цалдæр æнцойы, нæ фыдæлты фæтк дæр нын чи нæ фехалдзæн, нæ ирондзинад дæр нын чи бахъахъхъæндзæн, афтæмæй нæ нырыккон æхсæнадон фæлвæрад, куыстадон фæрæзтæ æмæ наукæйы бындурыл лæугæйæ сæрæндæр адæмты æмрæнхъ размæ дæр чи ракæндзæн.  

 

Уымæн та æппæты фыццаг бæлвырд исбоны бындур хъæуы. Ирон æвæрдад равзæрд æмæ ныффидар иумæйаг зæххисбоны алы хуызты бындурыл арæзт æхсæнады. Уæдæ дарддæр дæр нæ хуымгæндтæ, æрдзы хъæздыгдзинæдтæ хъуамæ иумæйаг исбонæй баззайой. Кусгæ та сыл алы адæймаг дæр йæхицæн кæна. Ахæм зæхисбонады уавæрты иугай зæхкусджытæн нырыккон куыстадон фæрæзтæй зын пайдагæнæн у. Уый тыххæй нæ хъæууон хæдзарады сæйрагдæр цæджындзтæн сæвæрын хъæуы уæгъдибар зæхкусджыты хæдбар æмцæдистæ. Уымæ æнгæс бындур сæвæрын хъæуы æрмдæсныйады кусæндæттæ æмæ нæ хæдзарады иннæ къабæзтæн дæр. Паддзахад æмцæдистыл хъалон цы æвæра, æндæр сæм хъуамæ мацы бар дара.  

 

Исбонады ахастдзинæдтæ ныффидар хъæуы бæлвырд экономикон барады, æппæтæн дæр æмхуызон фадæттæ чи араза, фæлæ хицæн лæгты авналæнтæ æмæ гæнæнтæ къуылымпы чи мæ кæна, иу лæгæн иннæйы стигъын чи нæ уадза. Нæ зæххытæ, нæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, нæ куыстадон фæрæзтæ хицæн лæгты исбон куы скæнæм, уæд та тæссаг у, нæхæдæг нæхи Ирыстоны искæй æххуырстытæй, кæнæ та рæстæгмæ цæрджытæй куы агæпп кæнæм, уымæй. Æххуырст æнæбар лæг æмæ ирондзинад та иумæ нæ фидауынц, сæ кæрæдзи ныхмæ цæуынц. Цыбыр дзырдæй, нæ экономикон арæзтадыл нæ арф ахъуыды хъæуы. Ам искæйы фæзмæн нæй. Нæ экономикæ хъуамæ лæууа нæ ирондзинады æндидзын æмæ дарддæры рæзты бындурыл.  

 

Фылдæр йеддæмæ къаддæр ахъуыды нæ хъæуы нæ фидæны æхсæнадон арæзтадыл дæр. Ирон æвæрдад куынæгмæ цы æхсæнадон æмæ паддзахадон ахастдзинæдтæ æртардтой, амæй фæстæмæ дæр уыдоныл куы лæууæм, уæд кæдæм цæуæм, уымæн нæ уавæр — йæхæдæг æвдисæн. Кæд нæ ирондзинад хъахъхъæнæм, уæд нæ фидæны æхсæнады фæстæмæ уæрæх бартæ раттын хъæуы хицæм хъæубæстæтæ æмæ цæрæн зылдтæн (район, округ), сæ царды фылдæр къабæзтæн сæхæдæг уынаффæ куыд кæной, афтæ. Адон сæхимæ цас бартæ райсой, уый бæрц та æрцыбыртæ хъæуы нæ республикæйы иумæйаг хицауады ракæнæнтæ æмæ авналæнтæ. Хъуамæ нæ царды алы къабæзтæм ма ныхила, фæлæ æххæст кæна, хъæубæстæтæ æмæ йын цæрæн зылдтæ фæллойæ фæстæмæ цы хæстæ бабар кæной, уыдон. Уый тыххæй та саразын хъæуы, хъæубæстæты, цæрæн зылдты æмæ иумæйаг хицауады хæстæ æмæ бартæ, сæ æмахастдзинæдтæ бæлвырдгонд кæм æрцæуой, ахæм æхсæнадон барады æгъдæуттæ.  

 

Ахæм барады бындурыл нæ паддзахадон ахастдзинæдтæ аразын куы райдайæм, уæд, æнæмæнг, æндæрхуызон фæуыдзысты нæ хицауады арæзт æмæ йæ мидахастдзинæдтæ, аивдзысты нæ хæстæ, йæ ракæнæнтæ æмæ авналæнтæ, йæ бартæ æмæ йæ мадзæлттæ.  

 

Нæ паддзахадон æмæ хицауады арæзт куыд ивд æрцæудзæн, уый дæр ныр сбæрæг хъæуы. Ирон адæм сæхæдæг сæхицæн уынаффæгæнæг цæй руаджы уыдысты — адæмон ныхас,— уый, гуырысхойаг нæу, ныр дæр нæма базæронд, кæд дзы бирæ азты нал пайда кæнæм, уæддæр. Ныртæккæ дæр уымæй æппæтадæмондæр уынаффæдон зын ссарæн у. Ирон Ныхас ногæй райхъал кæндзæн дзыллæты æхсæнадон цыренад æмæ хъæппæрис, ныффидар кæндзæн ирон ахастдзинæдтæ, æфсарм æмæ уаг, алы адæймаг дæр адæмы размæ дзуапп дæтдзæн йæ митæн, фæлæ йын Ныхас йæ бартæ хъахъхъæнгæ дæр кæндзæн. Ирон Ныхасмæ куы раздæхæм, уæд нæ æвзæрст лæгтæ, фæнда сæ нæ фæнда, уæддæр адæмы фæндон æххæст кæндзысты, сусæг хъуыддæгтæ кæнæн сын нал уыдзæн.  

 

Цавæр хъуамæ уой бынæттон ныхæстæ æмæ æппæт адæмы Стыр Ныхас, сæ æххæстгæнæн оргæнтæ, куыд сæ æвзарой, паддзахадон цардарæзты цы бынат æрцахсой, уыдон иууылдæр ныр алыг кæнын кæй хъæуы, ахæм фарстатæ сты. Ныхас кæй хъæуы, уый та дызæрдыккаг нæу. Бынæттон ныхæстæ æмæ Ирыстоны Стыр Ныхас цас тагъддæр æвзæрст æрцæуой, уый бæрц рæвдздæр ныллæудзыстæм нæ фидæны раст фæндагыл. Адæмон ныхæстæн сæ сæйрагдæр хæс уыдзæн ирон ахастдзинæдтæ, ирон уат, ирон æгъдау æмæ æфсарм хъахъхъæнын, фæсивæды ирон лæгдзинады миниуджытыл ахуыр кæнын. Уый та нæ царды æппæт къабæзтæй дæр аразгæ у. Уымæ гæсгæ ныхæстæн хъуамæ стыр бартæлæвæрд æрцæуа суанг экономикон, политикон æмæ падзахадон арæзтадты дæр.  

 

Уæлдай сагъæссаг сты Ирыстоны паддзахадон хæдбарад, нæ арæнты хъысмæт, нæ ахастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ. Нацийы сæрмагонд цардахаст, йæ иудзинад, йæ психологи, зондахаст, монон культурæ, йæ химбарынад, йæ æвзаджы ахадындзинад, йæ ахастдзинæдтæ иннæ адæмтимæ,— уыдон иууылдæр аразгæ сты, адæм иумæ цæрынц, æви хицæн дихтæй, сæхи хæдбар паддзахад сæм ис, æви нæй, сæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæй сæхæдæг пайда кæнынц, æви нæ, æмдыхæй тыхгæнджыты ныхмæ æрлæууын сæ бон у, æви нæу, иннæ адæмтимæ сæ ахастдзинæдтæ сæхæдæг аразынц, æви, нæ,— уыдонæн сæ æппæтæй дæр.  

 

Цард нæ фæлтæры куы æрыййæфта, уæдæй нырмæ ирон адæм цæрынц дыууæ дихæй: Цæгат Ирыстоны автономон республикæйы æмæ Хуссар Ирыстоны автономон облæсты. Кæд сæ дыууæ дæр сæрмагонд паддзахадон арæзтадтыл нымад цыдысты, уæддæр, æргом æй зæгъын хъæуы, сæ иу дæр хæдбар нæ уыд. Сæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, сæ экономикæ æмæ фæллойыл сæ бар нæ цыдис. Зæгъæм, Цæгат Ирыстонæй, уымæй дæр аслам аргъæй, 1991 азы æддæмæ ласт æрцыд 1 миллиард æмæ 126 милуан сомы аргъ алыхуызон продукци, мидæмæ та æрмæстдæр 583 милуан сомы аргъ. Афтæ — чысыл ивддзинæдтимæ æрвылаз дæр.  

 

Ныр дыууæ Ирыстоны дæр сæ Сæйраг Советты уынаффæтæм гæсгæ систы хæдбар республикæтæ. Фæлæ æцæгдзинадæй нырма сæ дыууæ дæр хæдбарад нæма райстой. Нæхиуыл нæ бар куы цæуид, уæд сæххæст кæниккам ирон адæмы бæллицц — иу Ирыстон саразиккам. Ацы хъуыддагæн та, раджы уа æрæджы, æнæкæнгæ нæй. Дыууæ дихæй цæрæг наци хæдбар никуы уыдзæн. Уынаффæ ныр рахæссын хъæуы, кæд æй ацы уысмы нæ къухы сæххæст кæнын нæ бафта, уæддæр. Уый ирон адæмы сæйрагдæр хæстæй иу у.  

 

Хæдбарадæн йæ иннæ ахсджиаг фарст у Ирыстоны ахастдзинæдтæ иннæ адæмтимæ. Нæ фидæны фæндæгтæй нæ иу кæны Уæрæсемæ, иннæ — Гуырдзымæ, æртыккаг — Цæгат Кавказы адæмты конфедерацимæ, цыппæрæм та — æххæст паддзахадон хæдбарадмæ.  

 

Кæд фыццаг æртæ фæндагæй иуыл æнæцæугæ нæй, афтæ хъуыды кæнынц бирæ ирæттæ, ома чысыл адæм стæм æмæ хибарæй цæрын нæ бафæраздзыстæм, уæд нын цæугæ у, иннæ адæмтимæ æмсæр кæм уыдзыстæм, ахæм æмцæдисмæ. Æрмæстдæр иу хъуыддаг æдзухдæр зæрдыл дарын хъæуы: мах кавказаг адæм стæм æмæ Кавказæй никæдæм фæхауинаг стæм, гуырдзы æмæ уырысимæ та æмхæццæ цардæй цæрæм, культурæйæ та индоевропæйаг адæмтæм хæстæгдæр лæууæм. Уыцы хъуыды сæвæрын хъæуы нæ æддагон политикæйы бындуры. Ацы хъуыддаг куы лыг кæнæм, уæд нæ историйыл дæр афæлгæсын хъæуы. Сæдæгай азтæ æмарæнтæй цардыстæм гуырдзы, кæсæг, балхъар æмæ мæхъæлимæ. Бирæ лæггад фæкодтой нæ фыдæлтæ гуырдзыйæн се знæгтимæ тохы рæстæджы. Фæлæ нæ уыдон сæхимæ никуы æрбахæстæг кодтой, пайда нæ цы кодтой æндæр. Суанг ма ивгъуыд заман Хуссар Ирыл æлдарады къæлæт дæр æрывæрдтой. Фæстаг æнусы та нæ лæгдыхæй гуырдзыйæттæ арæзтой. Ныр та хæцæнгарзимæ нæ ныхмæ рацыдысты.  

 

Кæсæг æмæ балхъаримæ та нæ кæрæдзийæ бирæ хорздзинæдтæ зонæм, бирæ иумæйаг рæсугъд æгъдæуттæ нæм фæзындис. Фæстаг сæдæ — дыууæ сæдæ азты та бынтон хæларæй цæрæм. Ныр дæр нæ хæлардзинад хъахъхъæнын хъæуы.  

 

Нæ дарддæр сыхæгтæ — цæцæн æмæ Дагъистаны адæмтимæ нæ фыдæлтæн ницы уаринаг уыд. Махæн дæр ницы уаринаг ис. Æрмæст сусæггаг нæу, ныртæккæйы политикон ахастдзинæаты Цæгат Кавказы цæцæн æмæ Гуыбецы адæмтæ зынгæ бынат кæй ахсынц, уый.  

 

Абхазтæ æмæ ирæттæ кæд дыууæ æвзагыл дзурынц, уæддæр сæ удварны æвæрдæдты бирæ хицæндзинæдтæ нæй. Стæй нæ ныры политикон нысантæ дæр иу сты.  

 

Мæхъæлимæ рагæй дæр хицæн социоэкономикон фæлтæрддзинадыл лæууыдыстæм. Уымæ гæсгæ нæм иумæйаг зондахаст æмæ цæстæнгас, удварн æмæ хидарыны æгъдæуттæ, иумæйаг цардахаст никуы уыд. Æнусæй-æнусмæ æмхæццæ цард никуы кодтам, фæстаг 30–40 азы куы нæ нымайæм, уæд. Рагæй дæр Ирыстонмæ тæлæт кæнынмæ цыдысты, уымæй æргомæй нæ цавтой, фæлæ къæбуты ’рдыгæй.  

 

Фæстаг азты раст — æнæрастæй мæхъæл не ’хсæн æрцардысты. Ирон адæм сæ бауазæг кодтой, хуыздæр куысты бынæттæ сын радтой, сæ фæсивæды сын сахуыр кодтой, республикæйы цæрæнфæрæзтæй хайджын уыдысты. Фæлæ сæм уый æгъгъæд нæ фæкаст, хъуамæ нæ нæ цæрæнбынæттæй фæтардтаиккой. Æмæ цы агуырдтой, уый ссардтой. Мах сæ нæ фæтардтам. Сæ фыдракæндтæн дзуапп раттынæй тæрсгæйæ фæлыгъдысты... Хъыгагæн, не ’хсæн дзурджытæ фæци, уæлдайдæр Мæскуыйы цæрæг ирон ахуыргæндтæй, фæстæмæ сæ раздахæм, зæгъгæ. Мæскуыйæ ардæм æнцон дзурæн у, мыййаг, хæсты рæстæг нæ фарсмæ куы нæ æрбалæууыдысты. Ирон адæмы хардзæй сæхицæн политикон цæсгæмттæ ма аразæнт. Мæхъæл кæд сæ рæдыд бамбарой, цæхх — кæрдзынимæ нæ бацагурой, уæд табуафси, хорз сыхæгтæй цæрдзыстæм, æрмæст æмхæццæ нæ, фæлæ алчи дæр йæхи бæстæйы.  

 

Сæрмагонд ныхасаг сты Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахастдзинæдтæ. Уырыс æмæ ирæттæ æвзагмæ гæсгæ иу индоевропæйаг къордмæ хауынц, уæдæ сæ удварны æвæрдæдтæ дæр кæддæры иу стыр цивилизацийæ цæуынц. Уымæ гæсгæ нæ культурæты бирæ иудзинæдтæ ис, нæ кæрæдзи дæр хуыздæр уый тыххæй æмбарæм. Бынтон хæстæг та лæууæм нæ алыварс цæрæг хъазахъимæ.  

Уæрæсеимæ куы баиу стæм, уæдæй нырмæ уырыс, æмткæй райсгæйæ, ирон адæмæн æвзæрдзинадæй ницы ракодтой. Уырысы æххуысæй хæхты цъастæй быдырмæ ралыгъдыстæм, уыдоны фæрцы базонгæ стæм дун-дунеты культурæимæ, райстам ахуырад, схызтыстæм наукæ æмæ техникæйы бæрзæндтæм, нæхи республикæ сарæзтам. Æргом куы дзурæм, уæд ныл уырысы тæваг æвзæрæй дæр фæзындис: нæ ирондзинады æвæрæнтæй бирæтæ фесæфтам. Фæлæ ам нæхи аххос дæр бирæ у, уæлдайдæр та 1917 азæй фæстæмæ. Нæ ирон æгъдæуттæ æмæ уаг бæлвырд идеологийы догмæтæй баивтам. Æмæ уыцы рæдыд уырыс сæхæдæг дæр æруагътой. Сæхи культурæйы хæзнатæй дæр къаддæр нæ фесæфтис. Фæлæ уæддæр кæд нæхицæн цардæмбал агурæм, нæ фидæн нæ кæд искæимæ баиу кæнын фæнды, уæд уырысæй хæстæгдæр, тыхджындæр æмæ зæрдæзæгъгæдæр адæм не ссардзыстæм.  

 

Æргом дзургæйæ, уырысæн сæхицæй бирæтæ Цæгат Кавказ æмæ Ирыстоны тыххæй афтæ нæ хъуыды кæнынц. Фæстаг заман, Цæгат Кавказы æмæ Ирыстоны цы цаутæ цæуы, уыдоны тыххæй сæ хъуыдытæ бирæ уырыссаг ахуыргæндтæ, культурæйы кусджытæ, публицисттæ æмæ æхсæнадон архайджытæ фæфыстой. Сæ фыстытæм сын лæмбынæг куы æркæсай, уæд сæ цыппар сæйраг цæстæнгасы раиртасæн ис. Иу сæ домы, цæмæй Цæгат Кавказы цы национ паддзахадон арæзтæдтæ ис, уыдон иууылдæр ивд æрцæуой, баиу сæ кæной Краснодары æмæ Стъараполы крайтимæ æмæ сæ саразой Уæрæсейы иу губерни кæнæ облæст.  

 

Иннæмæ гæсгæ та Цæгат Кавказы адæмты фæхицæн хъæуы Уæрæсейæ æмæ сæ цы фæнды, уый кæнæнт.  

 

Æртыккаг цæстæнгасмæ гæсгæ Уæрæсейæн Цæгат Кавказы ис æрмæстдæр геополитикон нысантæ: Цæгат Кавказ у ахсджиаг хæстон стратегион регион, ноджыдæр Уæрæсейы бæтты Фæскавказ æмæ Азийы иннæ бæстæтимæ, ис ын стыр экономикон ахадындзинад, ис дзы низтæ дзæбæхгæнæн курорттæ æмæ афтæ дарддæр. Ацы цæстæнгасы уæлдай хъусдард цæуы Ирыстонмæ, йæ зæххытæ Цæгат Кавказы адæмты дыууæ дихы кæй кæнынц, стæй ма Фæскавказмæ дæр кæй хæццæ кæнынц, уый тыххæй.  

 

Фæстаг цæстæнгас, стæй Хуыцауæн табу, контент-анализмæ гæсгæ мыхуыры арæхдæр æмбæлы, амоны, зæгъгæ, Цæгат Кавказы цы адæмтæ цæры, сæрмагондæй та ирæттæ, уыдон рагæй дæр Уæрæсейæн æнæзæрдæхудт хæлæрттæ сты æмæ сæм уыцы цæстæй кæсын хъæуы. Уæрæсейы Федерацийы та хъуамæ æмсæр æмæ æмбар ахастдзинæдты бындурыл сæхи паддзахадон арæзтæдтæй цæрой.  

 

Кæй зæгъын æй хъæуы мах, ирæтты, нæ национ райрæзты фæстаг цæстæнгасыл æнцой кæнын хъæуы. Фæлæ ма йæ иу хатт зæгъын æмбæлы: мах кавказаг адæм стæм æмæ Кавказы адæмтимæ нæ хæлардзинад куы фехалæм, уæд нын иунæгæй аззайынæй тæссаг у.  

 

Ирыстонæн хибар паддзахад саразын дæр, бирæтæм куыд кæсы, афтæ бынтон сæнттæцæгъдæгау нæу. Дунейы ахæм адæмтæ бирæ ис, æмæ махæй къаддæр æмæ лæмæгъдæр уæвгæйæ, æнусты дæргъы сæрибар æмæ хибар паддзахадæй чи цæры. Æцæг зонын хъæуы, алы историон уавæрты дæр иннæ адæмтимæ нæ ахастдзинæдтæ куыд аразгæ сты, уый. Æнусæй-æнусмæ иухуызон æддагон политикæ нæ вæййы, хъуамæ нæм уа æрмæстдæр иу æнусон хъуыды æмæ нысан — нæ Ирыстоны фервæзын кæнын, йæ хæдбар бахъахъхъæнын.  

 

Хæдбарад æмæ нæ арæнтæ хъахъхъæнын хъæуы. Сыхагимæ хорз цæрын æмбæлы, сабыр æнæмастæй. Фæлæ нырма рæстæг ахæм у, æмæ æдыхыл алчидæр йæ тых æвзары. Мах стыр æфсад нæ сараздзыстæм, нæ бон æй фæдарын дæр нæ бауыдзæн. Уымæ гæсгæ æппæтæй дæр хъуамæ хæстхъом уæм, фæдисы цæуæг. Уый нын фыдæлтæй баззад. Нæ фæсивæды дæр уымæ цæттæ хъæуы. Сæ сабийы бонтæй сæ амидин кæнын хъæуы хæцæнгарзыл, æвзæрын сæм кæнæм ирон ныфс, ирон лæгдзинад, ирон сæрæндзинад. Се ’хсæн рапарахат кæнæм хæстон хъомылад. Бахъуаджы сахат фæдисы чи кæдæм фæзындзæн, ахæм уаг дæр сæвæрын хъæуы. Ахъуыды кæнын хъæуы хæцæнгарз дарыны фæткыл дæр. Ирон лæг фыдæлтæй нырма хæстон лæг уыд, æнæ хæцæнгарзæй та хæстон уæвæн нæй.  

 

Нæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, нæ зæххыл мулк æмæ куыстадон фæрæзтæй цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр нæхи къухтæм райсæм. Нæ адæмы фæцæрынæн, хи бахъахъхъæнынæн æмæ иннæ адæмтимæ нæ ахастдзинæдтæ барæвдз кæнынæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон иууылдæр рæвдздæр нæхимæ аразын байдайæм. Фæллой банымайæм нæ ахсджиагдæр хъуыддагыл. Магуса адæм хæдбар никуы уыдзысты.  

 

Национ æмæ паддзахадон хæдбарадæн йæ бындур æмæ йæ уæлæдарæс дæр конституци у — паддзахадон æмæ æхсæнадон цардарæзты сæйраг уагæвæрд. Нæ Конституци хъуамæ иннæ адæмы конституцийы нывист ма уа, фæлæ дзы нымад æрцæуой ирон адæмы социалон райрæзты хицæндзинæдтæ æмæ фæстиуджытæ.  

 

Сæрмагондæй æрдзуринаг сты нæ ирон удварн, æфсарм, уаг æмæ æгъдау, нæ миддуне æмæ зондахаст, бинонтæ æмæ хæстæджыты, хицæн лæгтæ æмæ социалон къордты химидæг ахастдзинæдтæ, нæ фарн æмæ нæ æвзаджы хъысмæт æмæ фидæн. Фæстæмæ сæ куы нæ райтынг кæнæм, ныр дæр æмæ нæ фидæны дæр нын дзы ахъаз чи фæуыдзæн, уыдонæн ныртæккæ уæрæх бындур куы нæ сæвæрæм, уæд суинаг фæлтæрты размæ стыр хæсджынæй баззайдзыстæм, нæ фыдæлты хорздзинæдтæй сæм ницы адæтдзыстæм, нæ национ хицæндзинæдтыл бынтондæр нæ къух сисдзыстæм.  

 

Уыдоны ’хсæн нæ рæстæджы уæлдай цæстæнгас аздахын хъæуы ирон уаг, ирон æгъдау, ирон æфсарм æмæ бинонты ’хсæн ирон ахастдзинæдтæ фæстæмæ æрфидар кæнынмæ. Рагæй-æрæгмæ дæр нæ ирондзинад адонæй аразгæ уыд. Адон нын лæвæрдтой национ иудзинад, æмхуызон нæ кодтой, нæ национ æууæлтæ нæм æвзæрын кодтой.  

 

Нæ фыдæлтæм иу хорз æгъдау уыд: хидарыны фæтк чи хæлдта, уыдонæн-иу цинты, зианыкæндтыты, бæрæгбонты, куывдты бауайдзæф кодтой, æфсарм кæмæ уыд, уыдонæн та-иу арфæ ракодтой. Уыцы фæтк махæн дæр фæзминаг у. Фæстæмæ сног кæнæм лæгæвзарæн ерыстæ дæр, фæсивæды ирон лæгдзинады миниуджытыл чи амидин кæна.  

 

Уæрæхдæр æмæ фидардæр кæнын хъæуы нæ æвæрдады этнокультурон бындур. Афон у, цæмæй нæ адæмон сфæлдыстады, уæлдайдæр та Нарты кадджыты сæйрагдæр сюжеттыл, нæ историйы зынгæдæр цаутыл хæрзхъæд кинонывтæ саразæм, пьесæтæ сыл ныффысæм. Ирон историон роман та — фæсивæды национ хъомыладæн стыр фæрæз, зæгъæн ис, æмæ ныр дæр нæма фæзындис. Афтæмæй та уымæн скифтæ, сарматтæ, алантæ æмæ рагирæтты цардæй хыздæр æрмæг зын ссарæн у. Зæрдиагæй бавналæм нæ рагфыдæлты истори, ирон адæмы этногенез, йæ психологи, æвзаг æмæ культурæйы райрæзт бæстон раиртасынмæ. Фæсивæды æхсæн рапарахат кæнæм ирон зард æмæ кафыны хихъæппæрисадон къордтæ. Радио æмæ телеуынынады раныхæсты æмæ равдыстыты фæфылдæр кæнæм ирон æрмæг, уый бæрц та фæкъаддæр кæнæм ирон æвæрдадæн зианхæссæг мидистæ.  

 

Фылдæр æргом здахæм ирон бинонты цардахастмæ. Бинонты æмхъола цард æмæ сывæллæтты нымæц къаддæргæнгæ кæй цæуы, уыдонæн иу кæддæр ирон адæмы хъысмæтыл æвзæрырдæм æнæфæзынгæ нæй.  

 

Ирон бинонтæ рагæй дæр фидар уыдысты сæ уаг æмæ æгъдауæй. Алы бинойнагæн дæр йæ кар, æмæ бинонты æхсæн цы бынат ахста, уыдонмæ гæсгæ бæлвырд уыдысты йæ хæстæ, митæ, хидарыны æгъдæуттæ, йæ фæзилæнтæ, йæ ахастдзинæдтæ иннæ бинойнæгтимæ. Бæлвырд уагыл æвæрд уыдысты хистæр æмæ кæстæры, нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы, хицау æмæ æфсины, ныййарджытæ æмæ цоты, лæг æмæ усы, æфсымæрты, хоты, æфсымæр æмæ хойы, чындз æмæ тиуы, ходыгъды, стæй файнустыты æмахастдзинæдтæ. Бинойнæгты хæстæ, митæ, фæзилæнтæ, хидарыны æгъдæуттæ, ахастдзинæдтæ ивгæ цыдысты, сæхæдæг иу карæй иннæмæ куыд хызтысты, стæй бинонты ’хсæн сæ уавæр куыд ивгæ цыдис, афтæ. Бинойнагæн йæ кар æмæ уавæрмæ гæсгæ цы æмбæлыд, уый куы нæ æххæст кодтаид, уæд уый та æгад æмæ худинаг уыд, мыггаг æмæ хъæубæсты æхсæн-иу фидиссагæн баззад. Ныр дæр бинонты цардæн бæлвырд æмæ фидар уаг сæвæрын хъæуы. Саразæм ирон бинонты царды кодекс, нæ фыдæлты фæтк нын ныры цардимæ чи баиу кæна, уымæн æмæ бинонты хæлддзинад адæмы сæфтмæ кæны.  

 

Рагæй-æрæгмæ дæр Иры бæстæйы бирæцотджын ныййарджытæн стыр кад кодтой, нымад уыдысты. Æнæцот лæг æмæ ус та адæммæ тæригъæддаг кастысты, барæй цот чи нæ кодта, уыдоныл та-иу къабæзтæ, сыхæгтæ æмæ хъæубæстæ сæхи атигъ кодтой, зулцæстæй сæм кастысты. Æрхъуыды кæнæм Нарты кадджытæй иу эпизод: нарты фæсивæд ацæргæ Уæрхтæнæгмæ æртхъирæн кæнынц амарынæй, бинонтæ кæй нæ кæны æмæ йын цот кæй нæй, уый тыххæй. Нæ баззайджытæ нырау фылдæрæй фылдæр куы нæ кæной, уæд зæххытæ æмæ цæрæнфæрæзтæй дæр цы кæнæм!  

 

Нæ адæмы нымæц зынгæ фылдæр кæй нæ кæны, уымæн бирæ аххостæ ис: иуæй ныл мæгуырдзинад фæтых, иннæмæй та ирон къайады æгъдæуттæ æгæр бирæ хæрдзтæ домынц, стæй бирæ сывæллæттæ схæссын дæр æнцон нæу, аннæмæй та нæ царды лæппуйæн бирæ бадын æмæ ныййарджытæн гыццыл цот ракæнын цæмæндæр фæтк систы. Бæлвырд мадзæлттæ саразæм, цæмæй фæсивæд æрыгондæрæй бинонты хъуыддаг кæной, ныййарджытæ та фылдæр цот уадзой, уый тыххæй. Не ’хсæн фæтк сæвæрæм: лæппуйæн 25 азæй фылдæр бадын, æнæниз бинонтæн 4–5 сывæллонæй къаддæр уæвын, сылгоймагæн æнæ дохтыры амындæй йæхи асыгъдæг кæнын æгадыл банымайæм. Хъæубæстæты æмæ горæтты цæрæн зылдты саразæм æхсæнадон фæрæзты фонд, чындзæхсæвтæ аразынæн æмæ бирæ бинонты фæдарынæн йæ æххуысы хай чи кæна. Нæ республикæйы ахæм химидæг уагæвæрд ныффидар кæнæм, æрыгæтты усгурынмæ, бинойнæгты та цотгæнынмæ разæнгард чи кæна. Зæгъæм, фæфылдæргæнæн ис бирæсывæллонджын бинонтæн паддзахады æххуыс, саразæн ис фадæттæ, цæмæй бирæцотджын ныййарджытæ, сæ профессионалон арæхстдзинад сын нымайгæйæ, сæхи фæндонмæ гæсгæ хуыздæр куыстадон бынæттæм ист цæуой, саразæм, цæмæй сæ цотæн нæ хистæр скъолатæм бацæуынæн фыццаг бар лæвæрд цæуа, бирæ бинонтæн цæрæнбынæттæ æмæ цæхæрадæттæн зæхх æнæрадæй куыд дæттæм æмæ афтæ дарддæр.  

 

Мæтаг сты нæ æвзаг æмæ нæ фыдæлты дин. Ома не ’гъдау, уаг æмæ æфсармæй дæлдæр æрхаудысты, зæгъгæ, уый тыххæй нæ, ныр дæр уыдонæй уæлдæр лæууынц, фæлæ сæ фæйнæрдæм ратон-батон кæй кæнæм, уый аххосæн.  

 

Нæ рæстæджы ахуыргæндтæм ирон æвзагмæ дыууæ ныхмæ лæугæ цæстæнгасы равзæрдис. Фыццагмæ гæсгæ ирон адæмæн ис иу ирон æвзаг иу дыгурон диалектимæ. Дыккаг цæстæнгас, ууыл фылдæр лæууынц дыгурæй рацæугæ ахуыргæндтæ, амоны, ирæттæ æмæ дыгурæттæ кæд иу адæм сты, уæддæр дзурынц дыууæ сæрмагонд ирон æмæ дыгурон æвзæгтыл, зæгъгæ.  

 

Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма ахуыргæндты æхсæн зонадон быцæу цæуы. Æмæ уый æцæгдæр афтæ куы уаид, уæд дзы рæдыдæй ницы ис: сгар, иртас ирон адæмы истори, сæ иудзинад, удварн, миддуне, цардахаст ирон æвзаг æмæ дыгурон диалекты мадзæлттæй. Фысс иронау æмæ дыгуронау амæй-ай аивдæр уацмыстæ, зонадон куыстытæ. Ирон зонадон куысты æмæ аивадон сфæлдыстады уымæй ахсджиагдæр фæллой зын ссарæн у.  

 

Фæлæ дыккаг цæстæнгасыл фыст æрмæг арфдæр куы раиртасай, цы былсæрфæн ныхæстæ дзы ис, уыдон иуварс куы æрæвæрай, уæд рабæрæг вæййы йæ æцæг мидис: кæд ир æмæ дыгур дыууæ æвзагыл дзурынц, уæд хицæн адæмтæ сты. Æрмæджы автортæн æнæзонгæ нæ уыдзæн, дыууæ æвзагыл дзурæг адæмæн иу миддуне, иу психологи, иу культурæ, æмткæй райсгæйæ, удварны иу æвæрдад уæвæн кæй нæй, уый. Ам æргом дзурын хъæуы, кæнæ ир æмæ дыгур иу адæм сты иу æвзагимæ, кæнæ хицæн адæмтæ хицæн æвзæгтимæ.  

 

Кæд иуæй-иу ахуыргæндты, сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон кусджыты æцæгдæр фидарæй уырны, ир æмæ дыгур хицæн адæмтæ сты, зæгъгæ, уый, уæд та ныхас адæммæ рахæссын хъæуы: бафæрсæм адæмы, референдум саразæм, базонæм адæмы хъуыды. Адæмæн сæ фылдæр цы хатдзæгмæ æрцæуой, уый бындурæн сæвæрæм нæ дарддæры политикон æмæ паддзахадон цардарæзтæн. Афтæ домы æцæг демократи. Фæлæ кæд ир æмæ дыгур сæхи иу адæм хонынц, уæд нæ ахуыргæндтæ дыууæ æвзаджы тыххæй сæ ныхæстæ цас рæвдздæр ныууадзой, уый бæрц ирон адæмы иудзинадæн фылдæр пайда æрхæсдзысты.  

 

Ахъуыды кæнын æмбæлы Гуыриаты Тамерланы фæндоныл дæр. Нæхи рахонæм нæ рагфыдæлты ном алантæй, не ’взаг ирон æмæ дыгурон диалекттимæ схонæм аланты æвзаг. Гъе, æмæ уæд иронæй, дыгуронæй алчидæр йæ лæгдзинад равдисæд, кæцы диалектыл æй фæнды, ууыл аивадон æмæ зонадон уацмыстæ фыссæд, кæцы диалектыл æй фæнды, ууыл дзурæд æмæ ахуыр кæнæд. Дарддæр дыууæ диалектæй кæцы ныффидар уыдзæн, уый та цард йæхæдæг амондзæн.  

 

Фæстæмæ сног кæнæм нæ фыдæлты уырнынад. Чырыстон æмæ пысылмон динтæ сæ дыууæ дæр æндæр удварны идеологи хæссынц, ирон фыдæлтыккон цардарæзты ныхмæ цæуынц. Фыдæлтæй нын баззадысты нæхи зæдтæ æмæ дауджытæ. Хуыцау ирон адæмæн йæхимæ цы фæндаг сарæзта, ууыл сæрыстыр нæ хъæуы, ивинаг нæу. Нæ дины нæхи миддуне ныффидар, куы йæ аивæм, уæд та бафæзмдзыстæм иннæ адæмты зондахаст æмæ цæстæнгас, райсдзыстæм æндæр уаг æмæ æфсарм.  

 

Ирон удварны æвæрдад æмæ не ’взаг бахъахъхъæнынæн ахъаззаг фæрæз у ирон скъола. Саразын æй хъæуы. Нæ ахуырады æппæт къабæзты бындурыл сæвæрæм ирон фæтк, ирон хъомылад.  

 

Рæзгæ фæсивæд цæмæй ирон удварны æвæрдадмæ æмхицдæр кæной, уый тыххæй скъолаты рапарахат кæнæм ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктæ, ахуырадон пълантæм бахæссæм ирон адæмы сфæлдыстад, ирон адæмы этнологи, ирон уаг (хидарыны æгъдæуттæ) æмæ ирон адæмы истори, æцæг сывæллæтты миддуне, æппæт адæмтæн дæр ахуыргонддзинадæн стандартон чи у, уыцы зонындзинæдтæй дæр куыд нæ фæхицæн уа, афтæ.  

 

Иуныхасæй, нæ фидæны паддзахадон, æхсæнадон æмæ культурон арæзтадæн сæйраг æнцойтæн сæвæрын хъæуы национ иудзинад, национ идейæ, национ æвæрдад, национ цардарæзт æмæ национ цардахаст. Æрмæстдæр уæд бахъахъхъæндзыстæм нæхи, æрмæст нын уæд аргъ кæндзысты иннæ адæмтæ дæр. Фæлæ уый афтæ дзурæг нæу, æмæ не ’хсæн цы адæмтæ цæры, уыдоны цæмæйдæр иу мисхал дæр бахъыгдарæм. Хуыцау нæ уымæй бахизæд! Йæхи пайдайæн иннæты цы адæм хъыгдара, уый йæхæдæг сæрибар æмæ амонджын никуы уыдзæн. Нæхицæн цы аразæм, не ’хсæн царæг адæмтæн дæр уый аразын хъæуы, æндæр адæмыхаттæй Ирыстоны иу лæг куы цæра, уæддæр. Алы адæмыхаттæн дæр хъуамæ бар уа йæ цард йæхи фæндонмæ гæсгæ сæвæрын, йæхи цардахастæй цæрын. Фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ йæ æхсæн цæрæг адæмты зæрдæ æлхæнгæйæ, нæ паддзахадон, социалон æмæ культурон арæзтадты сæ ирон бындурæй фæхицæн кæнæм. Зæххы цъарыл иу наци дæр зын ссарæн у, йемæ æмхæццæ цæрæг адæмты тыххæй йæхи æхсæнадон уагæвæрд æмæ удварн чи аивта. Не ’хсæнадон уавæртæ æмæ нæ æрдзон фадæттæй иннæ адæмтæ дæр мах æмбар пайда кæнæнт. Æцæг нæхæдæг æхсæнад æмæ æрдзы размæ нæхиуыл цы хæстæ æвæрæм, уыдонæй дæр сæхи иуварс ма исæнт.  

 

Нæ фидæнæн ирон фæтк куы сæвæрæм, уæд нæ политикон æхсæнадон хъуыды иууылдæр нæ адæмы пайдайæн саразæм. Исчи мах уынаффæ хъуаг нæу, стæй нæм хъусгæ дæр ничи бакæндзæн. Нæхи фаг куы кæниккам. Нæхицæн та æгъгъæд уыдзысты адæмон бынæттон ныхæстæ, Ирыстоны Стыр Ныхас. Уыдоны руаджы алы адæймагæн дæр йæ æхсæнадон хъæппæрисад равдисæн ис, уыдзæн ын фадат йæ фæндон цардмæ рахæссынæн. Ныхас у ирон адæмы чи æрбатымбыл кæндзæн, ахæм стыр æхсæнадон фæрæз. Æндæр нæ хъæугæ дæр ницы кæны. Дун-дунейыл хъуыдыгæнæг ирон æхсæнæдтæ махæн ницы раддзысты.  

 

Нæ фидæны цардæн фæстæмæ ирон бындур сæвæрын стыр вазыгджын хъуыддаг у. Паддзахадон æхсæнад æмæ ирон цардарæзт бирæ азты дæргъы ныхæй-ныхмæ кæй лæууыдысты, ирон цардахаст æмæ удварны æууæлтæй бирæтæ сæфтмæ кæй æрцыдысты, уыдон нын бæлвырд фæуæззаудæр кодтой нæ æхсæнадон рацарæзты фыдæбон: иуæй нæ зонадон куысты фæрцы раиртасын хъæуы, цавæр уыдысты нæ фыдæлты цардарæзт æмæ удварны хицæндзинæдтæ, уый. Иннæмæй фæстæмæ сног кæнын хъæуы, фыдæлты социалон фæлтæрддзинадæй æмæ культурæйы хæзнадонæй абон нæ дарддæры райрæзты бындурыл цы фæрæзтæ æрæвæрдзыстæм, уыдон, аннæмæй та стыр куыст бакæнын хъæуы, цæмæй нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, уаг æмæ æфсарм ирон лæджы миддунейы ногæй аккаг бынат бацахсой, ууыл. Уый тыххæй та хорз уаид, нæ разагъды ирон ахуыргæндтæй кусæг къорд куы саразиккам, уæд уый. Ацы къорды баиу кæнын хъæуы историкты, экономистты, юристты, социологты, психологты, этнографты, филологты, педагогты, аивадон сфæлдыстадон кусджыты, фæлтæрдджын æхсæнадон архайджыты. Уадз æмæ зонадон æгъдауæй фидар ирон бындур сæвæрой нæ фидæны царды æппæт къабæзтæн дæр.  

 

Фæстæмæ та ирон адæм иннæ адæмты ’хсæн аккаг бынат кæй æрцахсдзысты, уый гуырысхойаг нæу. Уымæн æвдисæн у, дунейы рагондæр адæмтæй уæвгæйæ ирæттæ сæ сæрмагонд удварны хицæндзинæдтæй бирæтæ нырмæ кæй æрхæццæ кодтой, уый. Фидæнмæ дæр сæ фæрнæй ахæссæм. Сæфын сæ ма бауадзæм.  

 

Уастырджи не ’мбал!  

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ