Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English





http://allingvo.ru/ АБХАЗИЯ - Apsny.Ru

Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru



Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ахорæнтæ — йæ уды нуæрттæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Уæрæсейы аивадон куырдадз Бетъырбухы цæры бирæ ирæттæ. Уыдон не схæццæ сты сæ алыварс цы адæмтæ цæры, бахъахъхъæдтой сæ ирон удыхъæд. Сæрыстырæй цæуынц арвы бын. Невæйыл арæзт горæты уынгты æмæ йæ историйы уадзынц сæхи фæд. Сæ иу Невайаг ирон сфæлдыстадон цæдис «Ас-Алан»-ы сæрдар Бæззаты Андрей. Уый райгуырд 7 октябры 1953 азы Хуссар Ирыстоны, Къуыдаргомы. Каст фæцис Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнджыты училище æмæ Бетъырбухы Аивæдты академи. Аивадиртасджыты æмæ аивадуарзджыты дисы æфтауынц йæ куыстыты æвæрд хъуыдытæ æмæ ахорæнты уæрæхад. Уыдон йæ мид «Æз»-ы æвдисæндартæ не сты, фæлæ сæ схонæн ис æхсæнады айдæн. Фæстаг 25 азы дæргъы цы куыстытæ скодта, уыдон хæццæ кæнынц 500-мæ. 

 

Андрей ныв кæнын райдыдты 5-æм къласы, йæ уд, йæ цæст уыд цы федта, уый гæххæтмæ рахæссын. «Нарты кадджытæ», Къостайы «Ирон фæндыр», Тугъанты Махарбеджы чингуытæ систы йæ сæйрагдæр ахуыргæнджытæ царды. Саби-иу арæх ссис рæнхъыты йе та нывты сæйраг хъайтар. Хорз æй чи зоны, уыдон æй хонынц дуджы фæстаг хотыхдар — Рыцарь. Йæ уарзондæр ахуыргæнæг та уыд йæ мады мад. 

 

— Зассеон уыд диссаджы сылгоймаг, — дзуры Андрей. — Ивгъуыды хабæртты «уацары» иу райста чи йæм хъуыста, уыдоны. Фæндыд мæ йæ мысинæгтæ ахорæнтæй равдисын, уый тыххæй та æнæмæнг хъуыд ахуыр кæнын. Цхинвалы бацыдтæн Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон училищемæ. Фыццаг хатт уым федтон ахорæнтæ, диссаг мæм фæкастысты. Фæстæдæр ахуырмæ бацыдтæн Ленинграды Аивæдты академимæ, раст зæгъгæйæ фæлварæнтæ лæвæрдтон æртæ азы. Уыд мын диссаджы ахуыргæнджытæ Майсеенко Евсей Евсеевич, Мыльников Андрей Андреевич. Сорокин… 

 

Ацы адæм ын се сфæлдыстадон æрмадзты æрмæст ахорæнтæм нæ, фæлæ Бетъырбухмæ уарзондзинад равзæрын кодтой. Эрмитаж, «Уырысса музей», «Адæмы хæттыты музей», «Этнографион музей» — Андрейæн систы йæ дыккаг хæдзар. Йæ цæстыты æмæ уды стонг, ома æххормаг сæ абон дæр нæма бафсæста, фæлæ уæддæр стырдæр хæзнайыл нымайы ирон æвзаг. 

 

 

— Мæнæн ирон æвзагæй бæрзонддæр ницы у. Ирон æвзаг цы ирон нæ зоны, уый æз ирон лæгыл нæ нымайын. Цыдæриддæр æгъдæуттæ нæм ис, уаг, фарн — иууылдæр цæуынц ирон æвзагæй. 

 

Бæззаты Андрей куыд зæгъы, афтæмæй ахорæнтæ нывгæнæгæн хъуамæ иуы хуызæн иууылдæр уарзон, уой. Тарæй дæр, мылазон ахорæнтæй дæр хъуамæ иуварс ма ласа йæхи. Æнæ уыдон дæр нæй царды æцæгдзинад равдисæн. 

 

— Хуымæтæг тональносттæй, хуымæтæг гаммæтæй нæй хъуыдытæ рахæссæн, хъуамæ зонай бирæ фæрæзтæ. Мæ уарзон нывгæнæг у Клод Моне. Царды цыдæриддæр зын уавæртæ ис, мæ адæмы хъысмæтимæ баст, уыдон равдисын нымайын мæ сæйраг хæсыл. Беслæны цаутæ, Хуссар Ирыстоны трагеди, фыдыбæстæйы хæст, уыдон нæй ирд ахорæнтæй æвдисæн. 

 

 

Царды мидæг нывгæнæгæн ис йæхи сæрмагонд Кодекс. Ис йæхæдæг йæ сæрмæ кæй не *рхæсдзæн æмæ йæ хæдзары къæсæрæй чи бахизы, уыдонæн кæй нæ бауадздзæн, ахæм хъуыддæгтæ, дæр. 

 

— Сылгоймагæн æвзæр ныхас зæгъын. Сылгоймаджы зæрдæ мыл бахуда, уый мæ сæрмæ никуы æрхæсдзынæн. Дыккаг, уый æмткæй ирон культурæйæн, Къостайы сфæлдыстадæн аргъ чи кæны, уыдонæн æз та кад кæнын. Æртыккаг — мæ хæдзары ирæтты æз æндæр æвзагыл дзурын никуы бауаддзынæн. 

 

Андрей йæ цард сбаста Гаглойты Ульянæимæ. Дæс æмæ ссæдз азмæ хæстæг бийынц сæ амонды ахстон. Чи сæ зоны, уыдон сын сæ хæдзар хъæзгæйæ хонынц фысымуат. 24 сахаты дæргъы йæ дуæрттæ сты гом. Сæ хæдзар уазæгæй цух никуы кæны. Цырагъы бæсты та дзы — Андрейы цæстыты цæхæр æмæ Ульянæйы æргом мидбылхудт. 

 

 

— Уый у музыкант, ис ын диссаджы зæрдæ. Петербурджы ирæттæй нæ хæдзары чи нæ уыд, ахæмтæ зын ссарæн у. У тынг къæбæрдæттон. 

 

Сæ иумæйаг амонд та Андрей æмæ Ульянæйæн у сæ фырт Скиф. Ирон радиомæ чи фæхъусы, уыдон ын йе *рмдзæф зонынц. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ уый хъусы æрдзы улæфтмæ у метеоролог. Йæ уарзт Ирыстонмæ æвдисы электрон музыкæйы зæлты фæрцы. Æнтысы йын хорз, зæрдæ агайынц. Ирыстон искæй ныхæстæй нæ зоны. Иттæг хорз арæхсы ирон æвзагыл дзурынмæ, кæд райгуырд æмæ схъомыл Бетъырбухы уæддæр, Къоста, Секъа, Коцойты Арсен æмæ иннæ ирон классикты сфæлдыстад куыд зоны, уымæ та ис бахæлæг кæнæн. 

 

— Уарзы йæ Ирыстон. Скиф, уый у мæ псевдоним æмæ мæ фырты дæр, афтæ схуыдтон. Скифæн гыццылæй фæстæмæ уарзын кодтон ирон адæмон сфæлдыстад, литературæ, музыкæ. Йæхимæ дæр бирæ ис хорздзинæдтæ, æз æй ахуыр кодтон æрмæст уый руаджы не сси абоны Скиф. 

 

Андрейæн йæ сæйраг бæллиц у арфæйы хуызæн. Кæй зæгъын æй хъæуы баст у иумæйаг Ирыстоны хъысмæтимæ. 

 

— Æз Ирыстонæн уарзын йæ алы къуым дæр Мæздæгæй Ленингормæ. Мæн фæнды, цæмæй Ирыстон дидинæг æфтауа. Нымайæм сылгоймаджы, кад кæнæм хистæрæн, рæст фæндагыл æвæрæм кæстæрты 

 

Мах иумæ рафæлдæхтам Невайаг ирон сфæлдыстадон цæдис «Ас-Алан»-ы сæрдар, нывгæнæг Бæззаты Андрейы азфысты сыфтæ. Ис Бетъырбухы ирон фарны мæсыг, Андрей дзы цæры Ульянæ æмæ Скифимæ. Æмæ цас ис зæххы къорийыл, ахæм хицæн «паддзахадтæ — бинонтæ», сæхи фæтк æмæ царды кодексимæ, Ирыстоны хъарм хæдзайраг кæм у. Нæ зæрдæ сын зæгъы амонд æмæ фæрныгад. 

 

Налдыхъуаты Залина 

http://region15.ru/ 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ