Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ДЖЕОРГУЫБА
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Ирыстоны райдыттой Уастырджийы кувæн бонтæ. 

Уастырджи у лæгты дзуар, хæстон æмæ фæндаггон адæмы бардуаг, фæсивæдыл аудæг зæд. 

 

 

 

Ацы къуыри алы ирон хæдзары дæр скæнынц æртæ кæрдзыны Уастырджийы номыл. Уыимæ фылдæр акæнынц кусæрттæ, æрхонынц сæ сыхбасты, сæ уарзондæр адæмы æмæ удонимæ скувынц Иунæг Кадджын Стыр Хуыцаумæ æмæ Уастырджимæ.  

Ныртæккæйы рæстæг бирæтæ цæрынц сахарты (горæтты) æмæ алкæмæн йæ бон кусарт акæнын нæ вæййы. Умæ гæсгæ сыхбæстæ арæх скæнынц иумæйаг куывд.  

Йæ хæдзары æртæ кæрдзыны акувынмæ та фылдæр балхæнынц кусæрттагæн йæ рахиз фарсай æртæ фæрсчы æмæ уæллаг хуылфыдзаумæттай хæйттæ.  

Ацы къуыри не'мбæлы кувын маргъы фыдæй. Не мбæлы бырынкъджыны фыд фынгыл æвæрын дæр.  

Уыимæ алы ирон адæймаг дæр хъуамæ фидарæй йæ зæрдыл дара, Джеоргуыба хæрын æмæ нуазыны бæрæгбон кæй нæу. Кæй дзы ис арф мидис æмæ сæрмагонд æгъдау, кæцыйыл ирон лæг хъуамæ кæддæриддæр хæцын зона.  

 

Уæдæ нæ Уастырджийы хорзæх уæд! 

Фыдбылызæй нын хизæд нæ фæсивæды, рæствæндаг сын амонæд! 

Нæ куывд, не'гдау, нæ зонд, нæ ныхас æмæ нæ зæрдæйы уаг кæрæдзиуыл куыд æмбæлой, ахæм арфæ нын ракæнæд Уастырджи! 

 

Кучиты Руслан 

 

 

 

 

ДЖЕОРГУЫБА. 

Агънаты Гæстæн. 

 

Ирон адæм стыр кад, стыр аргъ кæнынц сæ зæдтæн, сæ дзуæрттæн. Фæлæ уыцы дзуæртты 'хсæн дæр уæлдай кадджындæр бынат ахсы Уастырджи, нæлгоймæгты бардуаг, бæлццатты, хæстонты фæндарастгæнæг, мæгуыртæн æххуысгæнæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг. Ирон адæймаг ыл кæддæриддæр, цыфæнды уавæры дæр йæхи ма бафæдзæхса, уымæн гæнæн нæй. Уæдæ ахæм цины фынг дæр нæма уыд, æмæ Хуыцауы фæстæ куывд Уастырджийы тыххæй ма рацæуа. 

 

Уастырджи ирон адæммæ æрбацыд сæ рагфыдæлтæ — нартæй, цард радта нæртон сылгоймæгты фидауц Сатанайæн... 

Адæмæн сæ уарзон зæд, сæ уарзон дзуар хайджын у адæймаджы хуыздæр миниуджытæй. Фырбуцæн æй хонынц «Сызгъæрин Уастырджи», «Хъæбатыр Уастыр¬джи», «Сызгьæринбазыр Уастырджи». У бæрзонд, фæтæнуæхск, хæрзконд урсзачъе лæг, бады урс æфсургьыл... Сылгоймæгтæ йын йæ ном нæ дзурынц, хонынц æй «Лæггы дзуар». 

 

Æвæццæгæн, Ирыстоны иу ахæм ком, иу ахæм хъæу нæ разындзæн, Уастырджийы кувæндон кæм нæй. Рекомы æмæ Ныхасы, Хетæджы æмæ Дзывгъисы, Къобы æмæ Хур-Хоры, Джер æмæ Дыгуры Уастырджи... 

Уастырджи афтæ кадджын уыд нæ фыдæлтæм, æмæ йын азы иуæндæсæм мæй сæрмагондæй схуыдтой йæ номыл — Джеоргуыбайы мæй. Фæлæ йын уыцы мæйы, дæр ис сæрагонд бонтæ, сæрмагонд къуыри - Джеоргуыбайы бæрæгбон, кæнæ Уастырдæийы кувæн къуыри. Бæрæгбон фылдæр хатг æрцæуы мæйы нудæсæм, ссæдзæм кæнæ иу æмæ ссæдзæм бонмæ. 

 

Джеоргуыбайы бæрæгбон райдайы галæргæвдæнæй. Бирæтæ снывонд кæнынц гал, уæныг æмæ йæ хуыцаубоны акусарт кæнынц. 

Бæрæгбон ахæссы къуыри. Хуыцаубон — фæдзæхсæн бон, къуырисæр — йе 'рвитæн изæр. Уыцы бон дæр хæдзары скæнынц æртæ чъирийы, æмæ бинонты хистæр йæ кæстæрты бафæдзæхсы Уастырджийыл, азæй-азмæ бинонтæ бæрæгбоныл æнæниз, æнæмастæй куыд æмбæлой, кæстæртæ амондджын куыд уой, иннæ аз Уастырджийæн ноджы стырдæр кусарт куыд акæной. 

Уастырджийы бонтæ æрцæуынц фæззæгмæ. Адæм бафснайынц сæ тыллæг, сæ хор. Ралæууы куывдтæ æмæ чындзæхсæвты рæстæг. Чызгæрвыстытæ æмæ чындзæхсæвтæ уæлдай арæхдæр вæййынц Джеоргуыбайы мæйы, Джеоргуыбайы бæрæгбон. 

 

Фæстаг азты Джеоргуыбайы бæрæгбон ирон адæмæн сси национ бæрæгбон. Алы хæдзар, алы бинонтæ дæр æм рагацау сæхи бацæттæ кæнынц, кæмæн куыд йæ фадат амоны, афтæ кусарт акæны. Æрхонынц сыхбæсты. Бирæ рæтты сыхбæстæ, хъæубæстæ скæнынц сыхкуывдтæ, хъæугуывдтæ. 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ