Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Галаты Барис
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Галаты Алыксандыры фырт Барис 

(1889-1974) 

Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль "Симд"-ы аивадон разамонæг æмæ дирижор, композитор, рухстауæг.  

 

 

 
(Уац фыст æрцыд 1958 азы) 

 

Æрæджы Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон æмæ наукон-иртасæг институтты этнологон-лингвинистикон экспедици уыди Хуссар Ирыстоны вазыгджын пъланимæ. Экспедици арæзт æрцыд фыццаг ирон профессор Æлборты Барысбийы хъæппæрисæй æмæ йын разамынд дæр лæвæрдта йæхæдæг. Йемæ ма уыцы бæрнон æмæ ахсджиаг балцы уыдыстæм мах æртæйæ, педагогон институты ирон-уырыссаг хайад каст чи фæцис 1958 азы, уыдонæй Есиаты Беллæ, Санаты Азæ æмæ æз. Мах уыдыстæм студентты наукон æхсæнады уæнгтæ æмæ нæм уыд зонадон куыстытæ-докладтæ; æххуыс кодтам Барысбийæн диалектологийы ахуыргæнæн чиныг фысгæйæ æнæмæнгхъæугæ æрмæг æмбырд кæнгæйæ. Уыцы пъланмæ хаст æрцыд Хуссар Ирыстоны зындгæдæр композитор æмæ музыкалон этнограф Галаты Барис Алыксандры фырты цард æмæ сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын дæр. 

 

Мах, экспедицийы уæнгтæ, фæцæйцыдыстæм Сталиниры. 

 

 

 

 

 

Пушкины номыл уынджы нын цы растравджы хæдзармæ бацамындæуыд, уырдæм. Йæ цæстытæ рæвдаугæ худт цы мæллæг цæсгомæй кодтой, уымæн аив хуыз лæвæрдтой хæмпусгомау урс-урсид рихитæ. Кæд йæ азтæ æвдайæ фæфылдæр сты, уæддæр ма кодта рæвдз змæлд æмæ хъаруджын цыд. Ризгæ къухтæй зæрдиаг æлхъывд кодта не ’ппæты къухтæ дæр. Уый уыди Ирыстоны зынгæ композитор, музыкалон этнограф æмæ наукон кусæг Галаты Барис. 

 

Æлборты Барысби нын бирæ æппæлæн ныхæстæ фæкодта Галаты Барисы тыххæй нæ фембæлды размæ куыд ирон фыццаг музыкалон этнограф æмæ композитор. Сæ дыууæ дæр уыдысты, ирон сфæлдыстадон, зонадон интеллигенцийы раззагдæртæй XX æнусы райдианæй фæстæмæ æмæ ма абон дæр кад æмæ радæй лæггад кæнынц нæ адæмæн, сты фæзминаг кæстæртæн сæ æнувд, æвæлмæцгæ куыстæй, сæ цард, сæ ’гъдауæй. Кæрæдзиуыл куыд цин кодтой, кæрæдзи куыд фарстой сфæлдыстады æмæ царды хабæрттæй, уымæй бæрæг уыдис, тынг рагæй зонгæ æмæ хæлар кæй сты, уый. Кæрæдзи нæ федтой ссæдз азæй фылдæры бæрц. 

 

Хæдзармæ мидæмæ бацæуыны размæ нын фенын кодта йæ дыргъты, халсарты æмæ дидинджыты цæхæрадон. Схонæн ын ис хорз ботаникон цæхæрадон. Уым цынæ уыди, цынæ? Йе ’дзаг у алыхуызон зайæгойты мыггæгтæй, суанг ма фæсарæйнагтæй дæр. Ис дзы дельфиниумтæ, флокотæ, глицинитæ, акниттæ, алыхуызы розæтæ, ссæдз сортæй фылдæр сирентæ, нарцисстæ, тюльпантæ, дæс æмæ дыууиссæдз сортæй фылдæр гладиолустæ, алыхуызон лилитæ (урсытæ, риголье, тигырхуызтæ), фæткъуытæ, кæрдотæ, чылауитæ, алтъамитæ, курагатæ æмæ се ’ппæт нымад чи фæуыдзæн? Ис æм фондз сорты сæнæфсиртæй дыууæфондзыссæдз быны. Уыцы диссаджы æрдзон рæсугъддзинадмæ кæсгæйæ адæймаджы зæрдæ байдзаг вæййы будтæфгæнаг уæлдæфæй; уæнгтæ свæййынц кафын æмæ тæхын æввонг. Хур ныккæсы зæрдæмæ бæстондæр, зæрдæ уайтагъд зарыныл ысхæцы. Ахæм ран лæгæн йæ цин, йæ хъару æмæ йæ ныфсыл авд ахæмы бафты. 

 

Ноджы хуыздæр æхсызгондзинадыл та фембæлдыстæм хæдзармæ мидæмæ бацæугæйæ. Йæ хæдзар у музыкалон культурæйы гыццыл музейы хуызæн. Ис дзы уырыссаг зынгæ композитор Мусоргский, Римский-Корсаков æмæ æнд., стæй фæсарæйнаг композиторты къамтæ æмæ уацмыстæ; ирон музыкалон инструменттæ зæрондæй (фыццаггонæй) нæуæгæй, стæй бирæ уырыссаг æмæ фæсарæйнæгтæ дæр. Иу цалдæр скъаппы дуæрттæ нын куы байгом кодта, уæд мах базыдтам, уыдоны ирон музыкалон культурæйы, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм диссаджы хæзнадон кæй ис, уый. Разынди дзы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хъæуты зилгæйæ Галаты Барис диктофонæй кæй ныффыста, ахæм авдсæдæ ирон зарæг æмæ кафыны цагъдæй фылдæр. 

 

Уыцы ахсджиаг куыст (ирон адæмон сфæлдыстад æмбырд кæныны хъуыддаг) Галайы-фырт кæны магнитофон «Днепр»№5, «Днепр»№9, Эдисоны электрикон диктофон (кæс нывмæ), механикон диктофон, лæгъзгæнæн аппарат, къопи исæн аппарат æмæ æндæр ахæмты руаджы (зæгъын хъæуы, ахæм мадзæлттæ Цæгат-Ирыстоны наукон-иртасæг институты кæй нæй, æмæ дзы уымæ гæсгæ адæмон сфæлдыстад æмбырд кæныны хабар бирæ лæмæгъдæр кæй цæуы, уый). Ацагъта Мердены-фырт æмæ æндæр зындгонд фæндырцæгъджыты цæгъдтытæ диктофоныл фыстæй æмæ цалдæр ирон адæмон зарæджы, кæцытæ тынг фæцыдысты нæ зæрдæмæ. Пианинойыл нын цагъта йæхи фыст мелодитæ. Уæлдай æхсызгондæрæй сæм хъуыста Æлборты Барысби. Цæгъдын зыдта бирæ алыхуызон музыкалон инструменттыл. 

 

Галаты Барис Аыксандры фырт райгуырди Цæгат Ирыстоны, Мæздæджы районы Черноярскы станицæйы рæстæмбис цæрæг бинонты астæу 1889 азы 10 (22) мартъийы. Йæ фыд Алыксандр уыд хæдзарон ахуыргæнæг. Йæ ныййарджытæ бирæ уарзтой æмæ хорз зыдтой ирон адæмон сфæлдыстад. Уыцы уарзындзинад бынтон арф ныххызт зæрдæргъæвд лæппу Барисы зæрдæмæ. Уый-иу бирæ хæттыты æххормагæй баззади зарджытæм, таурæгътæм æмæ аргъæуттæм хъусгæйæ. Æмæ йæхæдæг дæр уайтагъ сси зынгæ аргъаугæнæг, зарæггæнæг. Бынтон бирæ та фæндыры цагъд бауарзта. Барис раджы, чысыл ма куы уыди, уæд, бауарзта, бамбæрста æмæ фæхæст музыкæйы дæсныдзинадыл. Йæхæдæг куыд дзуры, афтæмæй йæ фыццаг музыкалон уацмыстæ фыст æрцыдысты 1904 азы. Кæд ма уыцы рæстæджы (чи зоны ма йæ размæ дæр) ирон музыкалон сфæлдыстадыл æмæ йе ’мбырд кæныныл куыстой иуæй-иутæ (Алыккаты Ахболат, Тотиты Андрей æмæ æндæртæ) уæддæр уыдон ахæм зынгæ уацмыстæй ницы ныууагътой сæ фæстæ, афтæ нæ фæхъæздыгдæр кодтой нæ музыкалон цард. Галайы-фырт фидар бындур сæвæрдта ирон музыкалон адæмон сфæлдыстад (тынгæдæр зарджытæ ’мæ кæфтытæ) зонадон уагыл æмбырд кæнынæн æмæ йыл этнографион куыст кæнынæн. 

 

Петербурджы реалон училищейы ахуыргæнгæйæ дæр фыста музыкалон уацмыстæ, кæцытæм ахсджиаг æргом здæхта Н.А. Римский-Корсаков, лæвæрдта йын разамынд дæр. Ленинграды музыкалон техникум, стæй Ленинграды консерватори каст фæуыны фæстæ бирæ рæстæджы Барис фæкуыста Цæгат Ирыстоны. Арæзта хихъæппæрисадон къордтæ, семæ зылди Ирыстоны горæттæ æмæ хъæутыл æмæ лæвæртта концерттæ. Уыимæ зæрдиаг куыст кодта фольклорон æрмæг æмбырд кæныныл 1928–1929 азты Цæгат Ирыстоны хъæуты. Барис æрæмбырд кодта 510 ирон зарæг æмæ кафты цагъдæй фылдæр, кæцытыл хæрзгонд цыди тынгдæр йæхицæй. 1930–1935 азты та Хуссар Ирыстоны, Гудзареты, стæй иннæ ирон кæмтты æмæ хъæуты æрæмбырд кодта зарджыты æмæ кæфтыты хуыздæртæй 200-йæ фылдæры бæрц. Уыдон се ’ппæт (Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны уæддæ иумæ) фонографы (кæс нывмæ, ай дæр Эдисоны æрымыст у) æмæ диктофоны стыр æмæ чысыл валиктыл фыстæй хъахъхъæдгонд цæуынц ССРЦ Наукæты Академийы фонограмм-архивы. Уый руаджы уыцы зынаргъ хæзнатæй сæ бон пайда кæнын у куыд æппæт Советон Цæдисы адæмты наукон кусджытæн, афтæ фæсарæйнæгтæн дæр. 

 

Ацы аз, 1958 азы декабры мæйы, Мæскуыйы мыхуыры рацæудзæн Галаты Барисы трилоги «Ирон адæмон зарджытæ æмæ кæфтыты æмбырдгонды» фыццаг чиныг. Фыццаг чиныгмæ бацыди, Барис Хуссар Ирыстоны кæй æрæмбырд кодта, уыдонæй сæдæ зарæг æмæ кафтæй фылдæр æмæ 8 та инструменталон мелодийы. Уыцы зарджыты æмæ кæфтыты тексттæ æмæ мелодиты нотæтæ мыхуыры рауадзыныл Барис бирæ сфæлдыстадон куыст бакодта. Аив уагыл-иу сын рацарæзта сæ тексттæ æмæ сæ мелодийы. Уый фæстæ цæуы музыкæйы зындгонд дæсны ССРЦ Наукæты Академийы фольклорон къамисы хистæр кусæг, историон наукæты кандидат Гиппиусы аргъгонд чиныгæн, Ныгуылæн Европæйы бирæхъæлæсон зарджыты раздæры формæтæм ирон адæмон бирæхъæлæсон зарджытæ хæстæг кæй сты сæ фæлгонцмæ гæсгæ, уый нымайгæйæ афтæ зæгъы: 

 

«Выход в свет документальной публикации осетинских песен в многоголосных записях (фонограммах) с этой точки зрения является событием мирового значения не только для музыкантов-фольклористов, но и для историков музыки...». 

 

Уыцы ирон зарджыты æмæ кæфтыты антологийы æрмæг фыст у афтæ: зарæджы текст ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, йæ мелоди, чи йæ зары, уый, стæй алы зарæгмæ (кафтмæ дæр) цыбыр комментаритæ. Ахæм трилогийы фæзынд стыр æххуыс фæуыдзæн ирон культурæйы рæзтæн. 

 

Галаты Барис ирон музыкалон культурæйы къæбицмæ бахаста тынг ахсджиаг бавæрд, йæхæдæг цы бирæ хæрзхъæд уацмыстæ ныффыста 1904 азæй нырмæ, уыдонæй. Йе сфæлдыстады тематикæ у алыхуызон: коммунистон парти æмæ нæ фæтæгтыл, граждайнаг æмæ фæллойгæнджыты раззагдæртыл, фæскомцæдисонтæ æмæ а.д. Барисы фыст уацмыстæ хорз зындгонд сты Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны, къаддæр та Цæгат Ирыстоны. Зарджытæ Плиты Иссæйыл, Козаты Шаликъойыл, Кочийы-фыртыл, Алтайыл, нæузæххытыл, «Колхозон хъæлдзæг ныхæстæ», «Фæскомцæдисонты зарæг» æмæ бирæ æндæртæ тынг арф хъарынц адæмы зæрдæмæ. Барис йæхæдæг кæй ныффыста, стæй ирон фольклорæй кæй æрæмбырд кодта æмæ сæ кæронмæ æххæст куыст кæуыл бакодта, уыдонæй иу цасдæр ивдгонд æрцыдысты патефоны (кæс нывмæ) пластинкæтæм (æртын пластинкæйæ фылдæрмæ). Ахъаззаг æххуыс бакодта композитор Галайы-фырт Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры кустæн. Ныффыста йын æртын спектаклæй фылдæрæн (Шаулохты Мухтары пьесæ «Нарты Батырадзæн», Кавказаджы пьесæ «Фæстаг хæс» æмæ æндæртæн) музыкæ. Шаулохы-фырты пьесæ «Усгурмæ» гæсгæ сарæзта Барис фыццаг ирон музыкалон комеди. Ныртæккæ фыст фæвæййы Къостайы поэмæ «Фатъимæтæй» арæзт кинофильмæн музыкæйыл. Кусы ма ноджыдæр граждайнаг хæсты геройтыл, фæскомцæдисонтыл, ногдзаутыл æмæ æнд. зарджытæ скæныныл. 

 

Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæртæй сæдæгай зæрдæргъæвд чызджытæн æмæ лæппутæн бауарзын кодта ирон музыкалон аивад, зарын, кафын, музыкалон инструменттыл цæгъдын. Фидарæй йæ уырныдта, уыдонæй бирæтæй кæй рауайдзæн, ирон музыкалон культурæйы рæзтыл æнтысджынæй чи кусдзæн æмæ стыр музыкæмæ фæндагыл уæндон къахдзæфтæ кæй акæндзысты, уый. Ахæм ахуыргæнæг кæмæн уыд æмæ кæмæн ис, уыдон сæ ныхас зæгъдзысты фæстæдæр. 

 

Барис стыр бынат ахсы Ирыстоны, уæлдайдæр та Хуссар Ирыстоны культурон царды, сæрмагондæй та музыкалон аивады рæзты. Куыд базыдтон, афтæмæй Галайты-фырт Хуссар Ирыстоны Сталиниры сарæзта æмæ байгом кодта фыццаг музыкалон скъола; сарæзта фыццаг инструменталон оркестр; Хуссар Ирыстоны зарды æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд» дæр сарæзта Барис æмæ йын дæс азы дæргъы уыд директор æмæ йæ оркестрæн — дирижер. Уæдæ фынддæс азы та бакуыста Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры директорæй æмæ йæ оркестры дирижерæй. Бирæ азты дæргъы кæны зонадон куыст Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты музыкалон сфæлдыстады хайады. Ирон музыкалон фольклоры тыххæй йæ зонадон куыстытæн стыр нысаниуаг ис. 

 

Зарæг адæмы зæрдæ кæй у, адæмæн сæ миддунæ, сæ характер, сæ удыхъæд, сæ сурæт кæй æвдисы, уый хорз зыдта Барис, æмæ архайдта, цæмæй нæ адæмы хуыздæр миниуджытæ æвдисæг зарджытæ æмæ мелодитæ ма ферох уой, ма фесæфой, цæмæй сæ фыццаг хуызы æнæ ивдæй лæвæрд æрцæуой кæстæр фæлтæртæм, ууыл. 

 

Адæмон музыкæйы сусæг æнкъарæнтæ раиртасынæн тынг стыр зонындзинæдтæ æмæ сфæлдыстадон фæлтæрддзинад хъæуы, æмæ уыдон парахатæй уыдысты Галайы-фыртмæ. Уый фæрцы йæ къухы бафтыд бахъахъхъæнын ирон адæмон зарджытæн æмæ мелодитæн сæ фыццагарæзт мидис, сæ хæрзаив, хæдбындур азæлд æмæ хуыз. 

 

Галаты Барис, фыццаг ирон музыкалон этнограф æмæ композитор, ирон музыкалон цардмæ намысджын фæллой кæй бахаста æмæ йæ æнæмæлгæ уацмыстæй дзæвгар кæй фæхъæздыгдæр кодта, уымæн аккаг аргъ скодтой нæ компарти æмæ хицауад — Барисæн лæвæрд æрцыд орден «Кады нысан». У Гуырдзыстоны ССР-йы аивæдты сгуыхт архайæг. 

 

Курдиатджын композитор Галаты Барисы музыкалон сфæлдыстад у зæрдæисгæ, зæрдæмæхъаргæ, бирæвæрсыг, бирæкъабазджын; адæймаджы культурон, интеллектуалон æгъдауæй кæны хъæздыгдæр, бæрзонддæр, уæлмонцдæр; уымæн æмæ йæ уацмыстæ сты æцæг адæмон, Барисы ном нæ адæмы астæу цæрдзæн арфæйагæй æнустæм. 

 

Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институтæн æмбæлы Галайы-фырты æрхонын æмæ уымæн йе сфæлдыстадимæ бæстон базонгæ уæвын, уымæн æмæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны культурæ у иу, хицæнтæгæнæн ын нæй. Хъуамæ фаг пайдагонд цæуа Барисы куыстытæй Цæгат Ирыстоны дæр. 

 

Хъесаты Валодя 

 

allingvo.ru 

ИА ОСинформ 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ