Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Габысаты Хъамболат
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Æрыгæтты уæлахизтæй - фæрнджын 

(на осетинском языке) 

 

 
Æрбахызт спортклуб "Локомотив"-ы къæсæрæй азты уаргъæн тасын нæ комæг лæг... Фæцæуы йæ кусæнуатмæ, фæндагыл спортзал æмæ тренерты уатыл йæ цæст ахæсгæйæ. Цы къуым, цы фæзилæн нæ зоны ацы бæстыхæйтты! 50 азы дæргъы кусы ам, Дзæуджыхъæуы Марковы уынджы спортивон скъолайы. Ныртæккæ йæм йе 'мкусджытæй чи арфæтæ кæнынмæ цæудзæн, чи — æнæкæрон организацион фарстатæ 'взарынмæ. Къулыл — йæ зындгонд хъомылгæнинæгты къамтæ, алыхуызон хæрзиуджытæ ауыгъд... Кæуылты адджын ын у йе скъолайы уæлдæф, æрыгон лæппуты æмæ чызджыты хъæлдзæг хъæлæба... Тызмæгхуызæй та спортзалмæ бацæудзæн, фæлæ уайтагъд йæ мидбылхудт, йæ фæлмæн цæстæнгас фæсивæды батавдзæн. "Дæ бон хорз, Камболат Ибрагимович! Æгæр тынг та "змæнтæм?" — афæрсдзæн æй спорты бæрзæндтæм схизынæввонг лæппу (йæ курдиат кæмæн цы амоны, уый ахæм фæлтæрдджын тренерæн цас базонинаг у). Зæгъдзæн: "Кусут, кусут! Æрмæст, ме 'ххуыс уæ нæ хъæуы, зæгъгæ, ма зæгъут!". Æппæт секциты хъомылгæнинæгты æнтыстыты дæр ис спортзалы директор Габысаты Ибрагимы фырт Хъамболаты бавæрæн. Спорты мастер, УСФСР-йы сгуыхт тренер, ЦИ АССР-йы физикон культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы физикон культурæ æмæ спорты отличник, Уæрæсейы олимпаг змæлды рæзтмæ бавæрæны тыххæй риуылдаргæ нысан хæссæг... Æмæ ма ноджы — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, фæллойы æмæ спорты ветеран, кадджын æфсæнвæндаггон. Фарон та хорзæхджынгонд æрцыд майдан "Ирыстоны намысæн"-æй.  

 

Бирæ хæрзиуджытæ, банымайæн дæр кæмæн нæй, уыйбæрц хъомылгæнинæгтæ. "Æмæ, Хъамболат, дæ хорзæхтæй уæддæр уæлдай сæрыстыр кæцыйæ дæ?" — уыди нæ фарст. "Социалистон Фæллойы Хъæбатыр ма не сдæн, æндæр мæм цы не 'рхауд, ахæм нал баззад", — худæнбылæй загъта Габысы-фырт æмæ бафтыдта: "Æнæхынджылæгæй дзургæйæ та... хæрзиуджытæ уæддæр сæйрагдæр не сты. Фæсивæдимæ фæкуыстон, сæ уæлахизтæн æвдисæн уыдтæн æмæ дæн. Уымæй стырдæр амонд ма цы вæййы! Ныртæккæйы царды æхца бирæтæн сæры сæйраг у, æз та, зæгъгæ, ногæй райгуырдтæн, уæд фæстæмæ тренеры дæсныйад равзарин!". Æрмæст ацы ныхæстæ дæр сты хæрзæгъдаудзинады урок. 78-аздзыд хъомылгæнæг ныр дæр нæ рох кæны йæхи тренер Абайты Барисы фæдзæхст: "Лæппу, хъусыс! Цыфæнды уавæрты дæр дæ сæр сæрмæ хæссын фæраз. Искæй зæрдæхудт æнæхъуаджы райсыны, хи стауыны бæсты дæ иу хъуыддаг дæр нæ хъæуы".  

 

Афтæ амыдта цæрæнбонты йæ лæппутæн дæр. Иууылдæр ын йæхи сывæллæттау сты æмæ æхсæнады къабæзтæй кæцыйы нæ кусынц, ахæм, æвæццæгæн, нал баззад. Уæлдай æнувыддæр кæуыл у, æдзух æй чи абæрæг кæны, уыдоны 'хсæн сты, зæгъæм, дунеон къласы спорты мастер, Европæйы чемпион, мæхъæлон агрессортимæ хъæбатырæй хæцæг Калоты Олег æмæ спорты мастер, ССР Цæдисы æрыгæтты 'хсæн чемпионаты призер Хъесаты Анатоли. Дыууæйæ дæр сты булкъонтæ, бæрнон бынæтты кусынц ОВИР æмæ Хъалонты инспекцийы, фæлæ сын уæгъдибар хъæбысхæсты сусæгдзинæдтæ чи амыдта, уыцы ахуыргæнæджы нæ рох кæнынц. "Бæлæттау атахтысты сæ ахстонæй не скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Цард афтæ у, æмæ йæ куыстæй дарддæр никæй ницæмæ 'вдæлы, фæлæ мæ уæддæр фæнды, цæмæй нæм сæ цæст дарой, истæмæй нын æххуыс кæной", — арф ныуулæфыд Хъамболат.  

 

Йе 'ппæт цардæй дæр Габысы-фырт у нысанмæ тырныны æмæ лæгдзинады дæнцæг. Йæхицæн загъта: "Хъуамæ суон спорты мастер!". Æмæ сси. Уый фæстæ — æндæр нысан: "Сгуыхт тренеры онг схизын!" Æмæ та йæ къухы бафтыд. Диссаг уый у, æмæ тренировкæтæ кæнын райдыдта... 26-аздзыдæй. Уый размæ хъахъхъæдуйраг лæппу гауызмæ никуы рацыд. Æфсады баслужбæ кæнгæйæ (уыд Китайы), Ирыстонмæ сыздæхт æмæ сси Вагæттæ цалцæггæнæн заводы кусæг. Уæд, 1958 азы, райдыдта уæгъдибар хъæбысхæсты сусæгдзинæдтæ сгарын, цыппар азы фæстæ та сси профессионалон тренер.  

Лæгдзинады руаджы та ныффæрæзта хъысмæты уæззау цæфæн. Центрон базары теракты йæ чызг Зæлинæ куы бацарæфтыд, уыцы сау бон æрымысгæйæ, ныр дæр йæ цæссыг нæ бауромы. Фæлæ йæхимæ ссардта йæ иннæ кæстæрты, уыимæ Зæлинæйы дыууæ хъæбулы тыххæй дæр цæрыны хъару...  

Куыд тренер, афтæ та Хъамболат цыд иу æнтыстæй иннæмæ. Йæ архайдæй Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы командæ фыццаг хатт фæуæлахиз чемпионаты æмæ йæ снысан кодтой "Локомотив"-ы центрон советы дыккаг тренерæй. Уæдæй нырмæ йæ хъомылгæнинæгтæ кад æмæ радимæ лæггад кæнынц Ирыстон æмæ Уæрæсейæн. Се 'хсæн — РЦИ-Аланийы фæсивæды, физкультурæ æмæ спорты хъуыддæгты фæдыл министр Челæхсаты Рустем, республикæйы уæгъдибар хъæбысхæсты иугонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Марик, медицинон наукæты доктортæ Тотыккаты Валери æмæ Саламаты Хъауырбег, Цхуырбаты дыууæ 'фсымæр-булкъоны. Ноджы ма — дунеон къласы спорты мастертæ, Европæйы чемпионтæ Бигъаты Барис, Сокаты Тимур, ССР Цæдисы чемпионтæ æвзонгты 'хсæн Гæджынаты Витали æмæ Калоты Арон, дунейы чемпион фæсивæды 'хсæн Плиты Алик æмæ бирæ æндæр фæсивæд.  

 

Цалдæр мæйы Хъамболатмæ тренировкæтæ кодта Таймазты Тимур. Фæлæ йæ уый, дæ нуæртты конд æндæр у, зæгъгæ, уæззау атлетикæйы секцимæ ацæуынмæ сразæнгард кодта. Æмæ лæппу сси Олимпаг чемпион! Уый у æцæг тренер-хъомылгæнæджы курдиат — æрыгæтты æрмæст майдантыл тохмæ ма аразын, фæлæ сын сæ фидæн дæр уынын.  

Йæ рæстæджы "Локомотив"-мæ, баскетболы секцимæ, цыд нæ республикæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Æрæджы Габысы-фыртимæ куы фембæлдысты, уæд æй бафарста: "Хъуыды ма кæныс, цы домаг цæстæй нæм кастæ, уый?" Хъамболат уайтагъд фæцарæхст: "Ахæм лæг суыдзынæ, уый куы зыдтаин, уæд дын-иу исты козбау митæ акодтаин". Æмæ дыууæйæ дæр фæхудтысты.  

 

Суанг 2000 азмæ фæкуыста Хъамболат тренерæй. Æмæ уæд ноджы иу хатт рабæрæг, домгæ фыццаджыдæр йæхицæй кæй кæны. "Сывæллæттимæ кусыс, уæд хъуамæ гауызмæ рацæуай, алцыдæр сын дæхæдæг æвдисай. Дæ гæнæнтæ нал амонынц, уæд макæйуал сай", — скарста уый æмæ раивта спортзалы директоры бынатмæ. "Уый дæр хъæугæ куыст у, сывæллæттæн уавæртæ аразын, ифтонггæрзтæ сын дæттын, организацион фарстатæ халын дæр искæй хъæуы", — фæзæгъы уый. Бæрнон адæймаг кæй у, уымæн æвдисæн — Уæрæсейы сгуыхт тренер Сланты Виталийы ныхæстæ дæр: "Мах, ома, боксы секци, ацы спортивон скъола суазæг кодта цалдæр азы размæ. Æмæ нын цыбыр рæстæгмæ кæуылты бирæ бантыст — нæ тренертæ бацæттæ кодтой Европæйы фондз чемпионы æмæ иу дунейы чемпион æвзонгты 'хсæн, Дзæгъойты Игорь сси Уæрæсейы чемпион, Æлборты Игорь та — фыццаг ирыстойнаг боксер — Олимпаг хъæзтыты архайæг. Гъемæ уын зæгъын — ацы æнтыстыты ис Габысаты Хъамболаты фæллой дæр æмæ йын иууылдæр иумæ бузныг зæгъæм. Боксертæ хъомылгæнæг нæу, фæлæ нын уæддæр йæ тренеры фæлтæрддзинад тынг æххуыс у. Сывæллæтты психологи уымæй хуыздæр чи зоны, цы сæ тынгдæр цымыдис кæны, уымæй йæ разæй кæй бафæрсдзынæ?! Æмæ йæ фæсивæд дæр уарзынц, æнувыд ыл сты. Бирæ азты ма не 'хсæн кусæд, йæ фарнæй нæ хайджын кæнæд!" Уæдæ дохтыр, газет "Рæстдзинад"-ы иузæрдион æхсæнадон уацхæссæг Джерапты-Белеккаты Ирæйы æмдзæвгæйы рæнхъыты дæр рæстдзинад ис:  

 

Фæндзайæм азты, раззаг æнусы  

Иры богæлттæн нæргæ уыд сæ кад.  

Дунейы ерысты ахæм нæ уыдис,  

Кæцыйæ не 'рхастой бирæ бæркад.  

"Локомотив" уыд чемпионты скъола  

Куыста дзы тренерæй Габысы-фырт  

Цал хъомылгæнинаджы схаста Хъамболат?  

Бакуыста æгасæй йæхицæн уый цырт!  

 

Нæ хъаст кæны æвæллайгæ тренер йæ цардæй. Ис ын хорз кæстæртæ — йæ фырт Алан кусы мидхъуыддæгты оргæнты, иннæ лæппу Ибрагим у технолог. Чызг Людмилæ у географийы ахуыргæнæг Заводы поселочы скъолайы. Се 'ппæты дæр царды раст фæндагыл сæвæрдта, æмæ ныр йæ бинойнаг Хоранты Тамарæимæ æфсæст у йæ хурты хурты цинæй. Фæлæ ма йæ зæрдæ риссы йæ райгуырæн хъæу Хъахъхъæдуры фæсивæды хъысмæтыл. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ дзы стыр спорткомплекс куы сарæзтой, уæд æм æхсæз мæйы, мызд нæ агургæйæ, горæтæй дыууæрдæм фæцыд æмæ уæгъдибар хъæбысхæсты секци скусын кодта. Фæласта йæ, фæндаджы хæрдзтæ йæхимæ райсгæйæ, йе 'мхъæуккаг, бирæ азты дæргъы Дзæуджыхъæуы цæрæг Саламаты Таймураз. Уый фæстæ спорткомплекс басыгъд. Сарæзтой йæ, æмæ та Габысы-фырт цæттæ уыд йæ райгуырæн хъæуæн лæггад кæнынмæ, фæлæ та комплекс ногæй басыгъд. Æмæ нын Хъамболат сагъæсгæнгæйæ дзырдта:  

"Мæхæдæг цалдæр хатты ныццыдтæн Нæкуысаты Барисмæ, уæд ма Кировы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг уыд. Цæмæй йæ бон уыд, уымæй нын баххуыс кодта, фæлæ уый иунæгæй спортзал ногæй куыд хъуамæ сараза? Фæсивæдæн та æндæр фæлладуадзæн, æнæниз цардыуагыл сæ 'фтауыны бынат нæй! Скъолайы спортзалы уроктæ фæцæуы, клубы гауыз æмæ æндæр спортивон ифтонггæрзтæ æрæвæрыны уавæртæ нæй. Цы фæуой æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ?! Уынджы æмæ наркотикты ахæстмæ цæуой, сæ фылдæрæн куыст дæр куы нæ ис, уæд?  

 

Уымæ гæсгæ сидын, йæ бон баххуыс кæнын кæмæн у, уыдонмæ — уæхи ныл ма атигъ кæнут! Æз дæр ма цалынмæ мæ къæхтыл цæуын, уæдмæ фæсивæдæй искæй тренеры куыстыл фæцалх кæнон!" Фехъуысæд уæдæ йæ райгуырæн хъæуимæ зæрдæйы тæгтæй баст хъомылгæнæджы уды хъæр адæммæ. Цæттæ у ногæй спортзалы "æртыккаг райгуырдыл" бацархайынмæ, æппæт къуылымпыты æмæ зындзинæдты сæрты хизынмæ. Балæууæм уæдæ йæ фарсмæ, йæ рис æмæ сагъæс ын бамбарæм. Цæмæй та 'рбацæуа залмæ, сывæллæтты мидбылхудтмæ йæ азтæй ахауа, сæ цырд архайды сæ райдзаст фидæн фена... 

 

ТЪЕХТЫ Тамерлан 

http://zilahar.narod.ru/ 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ