Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ирон Арфæтæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Цæстуарзон арфæтæ.  

Зæрдиаг арфæтæ.  

Разæнгардгæнæн, рæвдауæн ныхæстæ. 

 

Бирæгъзæнджы астæуккаг скъолайы бирæ азты зæрдиаг фæллой фæкодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæбуты Заремæ. Ахуырдзаутæн ирон æвзаг æмæ литературæ бауарзын кæнынæй фæстæмæ кодта хъомыладон куыст дæр. Тынг зæрдиагæй архайдта æмæ архайы, цæмæй ирон фарн ма фесæфа, ууыл. Зæгъæм, ныртæккæ адæм афтæ схъæбæрзæрдæ сты æмæ арфæтæй æлгъыстытæ фæфылдæр вæййынц, куыд раарфæ кæнын хъæуы, рæвдауæн ныхасæй зæрдæ куыд балхæнын хъæуы, уыдæттæ нал зонæм. Æмæ Гæбуты Заремæ раст бакодта, кæй сæ æрæмбырд кодта æмæ сæ адæмы рæгъмæ кæй хæссы, уымæй. 

 

Абоны хорзæх дæ уæд. 

Абоны зæдты хорзæх дæ уæд. 

Абоны зæдтæ дын æххуысгæнæг уæнт. 

Абоны зонд — дæу, райсомы зонд — мæн. 

Абонæй фæстæмæ цинтæм цу. 

Абонæй фæстæмæ дзæбæхдзинæдтæм цу. 

Абонæй фæстæмæ дæм хуыздæр зонд æрцæуæд. 

Абонæй фæстæмæ фæрнæй цæр. 

Абонæй фæстæмæ хæларæй цæрут. 

Авд лæппуйы мад фæуæд. 

Авд лæппуйы дын райгуырæд. 

Авд лæппуйы æмæ дын иу чызг райгуырæд, 

Авд æфсымæры хо фæу. 

Авдæнагурæг дæ Хуыцау фæкæнæд. 

Адæмимæ фæрнæй цæр. 

Адæмы 'хсæн кадимæ цæр. 

Адæмимæ æмуд у. 

Адæмы зæрдæхудт ма райс. 

Адæмы арфæ дыл æрцæуæд. 

Адæмы хорзæх дæ уæд. 

Адæмæн лæггадгæнæг у. 

Адæмæн сæ хæрзтæ фидынхъом у. 

Амонд ам ныууадз. 

Амонд демæ ахæсс. 

Амонд уæм фæхæссæм. 

Амондимæ фæцæр. 

Амондджын къах æрбавæр. 

Амондджын хæстæджытæ фæут. 

Амондджын бынат дын фæуæд. 

Амондджын уазæг дæ Хуыцау фæкæнæд. 

Амондджын хъуыддæгтæ кæн. 

Амондджын гуырд æй Хуыцау фæкæнæд. 

Амондимæ райгуырæд. 

Амондимæ хъæбысæй макуы схæц. 

Амондæй хайджын у. 

Амондыл амбæл. 

Амондимæ схъомыл у. 

Арфæгонд у. 

Арфæйаг у. 

Арфæйаг хъуыддæгтæ араз. 

Арфæйаг хабæрттæ хæсс. 

Адджын цард фæкæн. 

Адджын фæу дæ ног бинонтæн. 

Адджынæй фæцæрут зæрондмæ. 

Адджын хæстæджытæ фæут. 

Адджын хъуыддæгтæ кæнут. 

Адджын уазæг уæ хай. 

Айрæз дæ мады фæндиаг. 

Айрæз æнæнизæй, æнæмастæй. 

Айрæз ныфсджын æмæ хъаруджынæй. 

Айнæгау фидар разын. 

Астæунарæг, гуырвидыц чызг — дæ амонд. 

Ацы чындз нывджын фæуæд. 

Алы бон æгас цу. 

Амæй фæстæмæ дыл хъæлдзæгдзинæдтæ цæуæд. 

Амæй фæстæмæ маст мауал фен. 

Амæй фæстæмæ дæ цард — дæхи фæндиаг. 

Амæй фæстæмæ дæ хъуыддæгтæ рæстмæ уæнт. 

Амæй фæстæмæ дæ къухы æнтыстытæ æфтæд. 

Амæй фæстæмæ дæр уæлахиз кæн. 

Амæй фæстæмæ дæм хуыздæр зонд æрцæуæд. 

Амæй фæстæмæ æнæ фыдбылыз у. 

"Ацу" æмæ "æрцу"-йы фæндагыл фæцу. 

Ацы аз дæр уæм — "сой", иннæ аз дæр — "сой". 

Æгас цу. 

Æгас хæдзар ссар. 

Æгас хæдзарыл сæмбæл. 

Æгæнон-митæ ма кæн. 

Æгънæг æмæ сæхтæгау æнгомæй цæрут. 

Æвæдæй дæ Хуыцау бахизæд. 

Æвыдæй дæ хæдзарыл сæмбæл. 

Æнæниз у. 

Æнæнизæй фæцæр. 

Æнæниз дæ Хуыцау уадзæд. 

Æнæнизæй, уæнгрогæй зæронды бонтæм фæцæр. 

Æнæниз æмæ æнæмаст у. 

Æнус нын фæцæр. 

Æнæмаст цард дын Хуыцау саккаг кæнæд. 

Æнустæм мысинаг фæуæд. 

Æнусты сæрты дæ хорзы кой хъуысæд. 

Æнцой бонтæ дыл кæнæд. 

Æнамондæй дæ Хуыцау бахизæд. 

Æнамонд уазæг дæ къæсæрыл ма бахизæд. 

Æмвæд ут. 

Æмвæндæй кусут. 

Æмвæндæй цæрут. 

Æмгарджын у. 

Æмгары хорзæх дæ уæд. 

Æмгары зæрдæхудт ма райс. 

Æмзонд ут. 

Æмзондæй кусут. 

Æмзондæй цæрут. 

Æхсарджын уæд. 

Æфсармджын уæд. 

Æххæст лæг суæд. 

Байрйай. 

Байрæз дæ мады фæндиаг. 

Байрæз дæ ныййарджыты фæндиаг. 

Байрæз, фылдæр дæ чи уарзы, уыдоны фæндиаг. 

Базарамонд дæ уæд. 

Барвæндон хъуыддæгтæ кæн. 

Бархъомысджын у. 

Бахатыр мын кæн. 

Бахъомыл у æнæнизæй. 

Бахъомыл у дæ ныййарджыты фæндиаг. 

Бахъомыл у дæ мады фæндиаг. 

Бæркадимæ фæцæр. 

Бæркæдтæ дæм бацæуæнт. 

Бæрæчет дæм уæд. 

Бæрæгбоны хорзæх дæ уæд. 

Бæрæгбоны арфæтæ дыл æрцæуæнт. 

Бæрæгбон дын амондхæссæг фæуæд. 

Бæрæгбоны арфæтæ райс. 

Бæрæгбонтæ дыл цæуæнт. 

Бинонтæн царды хос фæу. 

Бинонтæм фарны къах бавæр. 

Бинонтæн уарзон фæу. 

Бинонтæн адджын фæу. 

Бинонтимæ æмудæй цæр. 

Бинонтимæ æмзондæй цæрут. 

Бинонты æнгомгæнæг фæу. 

Бинонты æвæрæг у. 

Бинонты маст ма фен. 

Бирæ фос дæм уæд. 

Бирæ бæркад дæм уæд. 

Бузныг. 

Бузныг дæ сыстадæй. 

Бузныг дæ цæхх æмæ кæрдзынæй. 

Бузныг дæ лæварæй. 

Бузныг дæ хорздзинæдтæй. 

Бузныг дæ дзæбæх ныхæстæй. 

Бузныг дæ уæздандзинадæй. 

Бузныг де 'рхъуыдыйæ. 

Буцæй фæцæр. 

Буцæй дæ фæдарæнт дæ кæстæртæ. 

Буцдзинæдтæй хайджын у. 

Бынаты хицауы хорзæх дæ уæд. 

Бынатыхицауыл фæдзæхст фæу. 

Бынатыхицауы уазæг у. 

Гæнахы хорзæх дæ уæд. 

Гæнахы дзуар дын арфæ ракæнæд. 

Гæнахы дзуарыл фæдзæхст фæу. 

Гæнахы дзуар дæ хъахъхъæнæг фæуæд. 

Гуырвидауц чызг су. 

Гуырвидауц чызг дæ хай.  

Гуырвидауц лæппу дæ амонд.  

Гуырвидауц цот дын схъомыл уæд.  

Гуырвидауц дæ ма фæсайæд.  

Дæ амонд бирæ. 

Дæ-абоны кад дæлæмæ ма 'руадз. 

Дæ абоны фарн дæ кæронмæ дæр уæд. 

Дæ бон хорз. 

Дæ бон дæхи фæндиаг уæд.  

Дæ бинонтæ дæ хуртæй бафсæдæнт.  

Дæ бинонтыл дзæбæхæй сæмбæл.  

Дæ бинонты маст макуы бавзар.  

Дæ бæрæгбон дын ахъазгæнæг уæд.  

Дæ бæрæгбон дзæбæхæй арвит.  

Дæ бæрæгбоныл хъæлдзæгæй сæмбæл.  

Дæ гал куывдæн æргæвст æрцæуæд.  

Дæ гуыбыны сæр ма райс.  

Дæ бæркадæй бузныг.  

Дæ бæркад бирæ. 

Дæ бæркад уæле исгæ, бынæй ахадгæ уæд. 

Дæ бæркад æвидигæ уæд.  

Дæ зæрдæйы хорзæх райс.  

Дæ зæрдæйы фæндиаг уæнт дæ хъуыддæгтæ. 

Дæ зæрдæ куыд зæгъы, дæ цард афтæ ацæуæд.  

Дæ кадыл кад æфтæд. 

Дæ кад дæлæмæ ма 'руадз.  

Дæ кад Хъæриуы хохæй бæрзонддæр уæд.  

Дæ кад æмæ дæ намыс бахъахъхъæн.  

Дæ куыстæй райгонд у. 

Дæ куыст адæмæн хорзæн фæуæд. 

Дæ къухтæ фæрнæй фæдар. 

Дæ къухтæй сой тæдзæд. 

Дæ къухтæй бæркад цæуæд. 

Дæ лæвар бирæ. 

Дæ мад дæ хуртæй бафсæдæд. 

Дæ мад дæ сæрыл хаст фæуæд. 

Дæ мад дæ фæхъау фæуæд. 

Дæ мад дæ низтæ бахæрæд. 

Дæ мады фæндиаг схъомыл у.  

Дæ мады фæндиаг байрæз. 

Дæ мады зæрдæ ма скъах. 

Дæ минас бирæ. 

Дæ минас мин азы.  

Дæ минасæй бузныг. 

Дæ минас суадонау æвидигæ уæд. 

Дæ низтæ дын бахæрон.  

Дæ низтæ мæ гуыбыны. 

Дæ нуазæнæй бузныг. 

Дæ нуазæн бирæ. 

Дæ нуазæнæй дæ сæр кадджындæр уæд.  

Дæ ныййарджыты фæндиаг схъомыл у. 

Дæ райсом хорз. 

Дæ рынтæ хъæдмæ фæлидзæнт. 

Дæ райгуырæн хæдзарæй дæ цæрæн бынат амондджындæр уæд. 

Дæ сæрыл хаст мæ сæр. 

Дæ сæрвæлтау мæ сæр. 

Дæ уæздандзинадæй бузныг. 

Дæ фарн бирæ. 

Дæ фарн фынæй уæд. 

Дæ фæндаг раст. 

Дæ фæндаг дæхи фæндиаг. 

Дæ фæндтæ дæ къухы бафтæнт. 

Дæ фæндтæ дæхи зæрдæйы фæндиаг. 

Дæ фæндтæ бæллиццаг. 

Дæ фæллой куывдты хæринаг фæуæд. 

Дæ фыдæн фыртæн бæзз. 

Дæ фыды фæндиаг байрæз. 

Дæ фыды фæндиаг схъомыл у. 

Дæ фыдыуæзæг ма ферох кæн. 

Дæ фыдыуæзæгыл ма суæлæхох у. 

Дæ фыдыбæстæ уарз. 

Дæ фыдыбæстæйæн æххæст хъæбул фæу. 

Дæ фыдгулты фæндиаг дæхи ма фæкæн. 

Дæ фыдгулты цæст дыл ма скæсæд. 

Дæ фыдгултимæ æмдзæхтон макуы скæн. 

Дæ фæхъау фæуон. 

Дæ фæндиаг нæ Хуыцау уадзæд. 

Дæ фос бирæ. 

Дæ хæрзæггурæггаг мæн. 

Дæ хорздзинæдтыл фæсмон ма фæкæн. 

Дæ хъуыддаг раст. 

Дæ хъуыддæгтæ дæхи фæндиаг. 

Дæ хъуыддæгтæ амондджын уæнт. 

Дæ хъуыддæгтæ рæстмæ уæнт. 

Дæ хæдзармæ сæрæгасæй схæццæ у. 

Дæ цæрæнбон бирæ. 

Дæ цард дæхи фæндиаг. 

Дæ цардæй райгонд у. 

Дæ цот дæхи фæндиаг. 

Дæ цот дæ сæр ма аппарæнт. 

Дæ цотæй райгонд у. 

Дæ цоты зындзинад макуы фен. 

Дæ цотæй дæ сæр бæрзæндты хæсс. 

Ды нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг. 

Донарæхæн дæ цард. 

Доны чызджыты хорзæх дæ уæд. 

Дæхи фыдгулты цæсты ма 'фтау. 

Дæхицæн кад кæнын зон. 

Дзæбæхæй байрæз. 

Дзæбæхыл амбæл. 

Дзыхъхъылæуд макуы у. 

Дзыллæты лæг дæ Хуыцау фæкæнæд. 

Дзыхæй бараг у, армæй та кусаг. 

Дзири-дзуары хорзæх дæ уæд. 

Дзывгъисы дзуар дын ахъазгæнæг уæд. 

Джеоргуыбайы хорзæх дæ уæд. 

Джеоргуыбайы арфæтæ дыл æрцæуæд. 

Зарæджы аккаг фæу. 

Зарæджы сæр фæу. 

Зарæгау дæ зæрдæ зарæд, райæд. 

Зарæджы ад базон. 

Зæрдиаг салæмттæ райс. 

Зæрдиаг арфæ дын кæнæм. 

Зæрдырай у. 

Зæрдырайæ фæцæр, фæкус, ахуыр кæн. 

Зæрдæдзургæ макуы фæу. 

Зæрдæзæгъгæ хорздзинæдтыл амбæл. 

Зондæй хайджын у. 

Зонд æмæ амондæй цух ма у. 

Зондæй кус. 

Зондæй архай. 

Зындгонд су дæ хорз хъуыддæгтæй. 

Зивæггæнаг ма у. 

Инæлар дæ Хуыцау скæнæд. 

Ирон æгъдау дæм уæд. 

Ирон æфсарм ма аппар. 

Ирон туг мацæуыл баив. 

Ирон чъирикувæгæн сбæзз. 

Ирыстоны фарныл фарн æфтау. 

Ирыстонæн кадгæнæг фæу. 

Ирыстон дæ цинтæй бафсæдæд. 

Ирыбтонæн аккаг хъæбул разын. 

Кадимæ фæцæр. 

Кад æмæ амондимæ фæцæр. 

Кад æмæ радимæ фæцæр. 

Кады арфæтæ райс. 

Кады нуазæны аккаг у. 

Кадыл дзурæг у. 

Кадыл мæлæг у. 

Кадджынæй фæцæр. 

Кадджын у. 

Кады нуазæнтæ хæссут. 

Каркау бæдулджын фæу. 

Кувæн бонтæ дыл цæуæнт. 

Куадзæны хорзæх дæ уæд. 

Куадзæны арфæтæй хайджын у. 

Куывдæн æргæвст æрцæуæд дæ гал. 

Куывды хæринаг фæуæд дæ хор. 

Куыстуарзон у. 

Куыстхъом у. 

Куырыхон лæг дæ рауайæд. 

Кæрæдзийы хорздзинæдтæм цæут. 

Кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут. 

Кæрæдзийæн адджын фæут. 

Фæрнæй бадут. 

Фæрнæй иумæ цæрут. 

Фæллой кæнын уарз. 

Фæллой кæнын фæраз. 

Фæллойуарзаг у. 

Фæллойæ макуы фæтæрс. 

Фæллад макуы зон. 

Фæлвæрайы хорзæх дæ уæд. 

Фæлвæрайы фосæй хайджын у. 

Фæразон у. 

Фæразон разын. 

Фосы Фæлвæрайы хорзæх дæ уæд. 

Фæсмонгонд макуы фæу. 

Фæсмонгондæй макуы фæцæр. 

Фæсмойнаг ныхас макуы зæгъ. 

Фыдæлты фарн дæлæмæ ма 'руадз. 

Фыдæлты амондæй хайджын у. 

Фыдæлты ном хъахъхъæнын фæраз. 

Фыдæлты аккаг гуырд разын. 

Фыдбылызæй хызт у. 

Фыдми макуы бакæн. 

Фыдæмбæлæг дыл макуы амбæлæд. 

Фыдæбойнаг макæмæн фæу. 

Фыдæвзагæй дæхи хъахъхъæн. 

Фыднозт мауал бакæн. 

Фыдзонд ма у. 

Фырыхъулы хуызæн лæппу дын райгуырæд. 

Хайджын у Хуыцауы хорздзинæдтæй. 

Хай дæттынхъом у. 

Хайыр уæд дæ хъуыддаг. 

Хайыр уæд ацы хъуыддаг. 

Хайыр фос фæуæд. 

Хатыр мын бакæн. 

Хатырæй дын фæуæд. 

Хæларæй цæрут. 

Хæлар дын уæд дæ мады 'хсырау. 

Хæйрæг дæ макуы бахæра. 

Хæйрæджы амæттаг макуы фæуай. 

Хæрзбон у. 

Хæрзмæбæллæг фæу. 

Хæрзæхсæв у. 

Хæрзæггурæггаг фæу. 

Хæрзгæнæг дыл амбæлæд. 

Хистæрты фарнæй фæрнджын у. 

Хистæрты кадæй хайджын у. 

Хистæрты кадæй кадджын у. 

Хистæрты амондæй амондджын у. 

Хистæртæн лæггад кæнын фæраз. 

Хистæртæ дæ сæ сæр бæрзонд хæссæнт. 

Хистæрты зондмæ хъусаг у. 

Хистæртæн кæстæриуæггæнæг фæу. 

Хетæг дæ рæствæндаг фæкæнæд. 

Хетæг дын хорз арфæ ракæнæд. 

Хетæджы хорзæх дæ уæд. 

Хуыцауы хорзæх дæ уæд. 

Хуыцауы цæст дын æй бауарзæд. 

Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын у. 

Хуыцауы арфæ дыл сæмбæлæд. 

Хуыцауы æвджид дæхи æруадз. 

Хуыцауы раз æнæкъæмдзæстыгæй цæр. 

Хуыздæр хæрзтæ дæ хай. 

Хорз чызг дæ хай. 

Хорз лæппу дæ хай. 

Хорз амонд дæ хай. 

Хорз цæр. 

Хорз байриай. 

Хорз фынтæ фен. 

Хорзаудæн дыл кæнæд. 

Хорзыл амбæл. 

Хорзæй баззай. 

Хорзæй цæрут. 

Хорздзинæдтæм бæллæг у. 

Хорздзинæдтæ дыл æрцæуæнт. 

Хорздзинæдтæ аразæг у. 

Хорздзинæдтæй хайджын у. 

Хоры Уацилла дæ хорæфсис скæнæд. 

Хорæфсисæй фæцæр. 

Хурæмдых у. 

Хурæфсæст у. 

Хуынтæ хæссæг фæу. 

Хъæбатырæй нæм сыздæх. 

Хъæриуы хохæй дæ кад бæрзонддæр уæд. 

Хъæлдзæгæй цæр. 

Хъæлдзæг æмæ уæнгтæрогæй кус. 

Хъæлдзæгæй дæ бонтæ æрвит. 

Хъæлдзæгдзинæдтæм цу. 

Хъæлдзæгдзинæдтæ дыл цæуæд. 

Хъæлдзæг хабæрттæ хъус. 

Хъæлдзæг азтæ дыл цæуæнт. 

Хъæлдзæг замантæ дыл скæнæд. 

Хъæлдзæг хъуыддæгты архай. 

Хъæубæстæн амондджын хистæр у. 

Хъæубæстæн æвзыгъд кæстæр у. 

Хъæубæстæм амондджын къах бавæр. 

Хъæубæстæн фæрнджын чъирикувæг у. 

Хъæубæстæн адджын фæуæд. 

Хъæубæстæ дзы разы уæнт. 

Хъæубæсты хорзæх дæ уæд. 

Хъæубæсты кæрæдзийыл бæттæг фæу. 

Хъæубæсты фарн дæлæмæ ма 'руадз. 

Хъæубæстæн лæггад кæнын фæраз. 

Хъуыддæгтæ рæстмæ уæнт. 

Хъуыддæгтæ амондджын уæнт. 

Хъуыддæгтæ фæсмойнаг ма фæуæнт. 

Цардæфсæст у. 

Цардамонд дæ уæд. 

Цардæй къæртт æппар. 

Цардæй тъæпп ахау. 

Цард дын фестон, мæ къона. 

Цæр дзæбæхæй. 

Цæр кадджынæй. 

Цæр радимæ. 

Цæрæнбон дын уæд. 

Цæрæццаг лæппу дын райгуырæд. 

Цæрæццаг гуырд фæуæд. 

Цæрæццаг цот дын схъомыл уæд. 

Цæргæ-цæрæнбонты маст ма фен. 

Цæргæ-цæрæнбонты æнæнизæй фæцæр. 

Цæргæ-цæрæнбонты зæрдæрайæ фæцæр. 

Цæмæ бæллыс, уый дæ цæстæй фен. 

Цæргæсау уæлæрвты тæх. 

Цины уацхæссæг фæу. 

Цинтæ дыл цæуæд. 

Цинтæм цу. 

Цыкурайы фæрдыг ссар.  

Чъирикувæг су. 

Чъирикувæджы фарнæй хайджын у. 

Чъирикувæджы куывд дыл æрцæуæд. 

Чъирикувæг дæ Хуыцау скæнæд. 

Чъирикувæджы кармæ дзæбæхæй фæцæр. 

 

 

Æрмæг ист у Дриаты Юрайы 

http://allingvo.ru 

ирон æвзаг ахургæнæн сайтæй.  

Уым ма ссарæн ис бирæ пайда æмæ цымыдисаг æрмæджытæ, ирон æвзаг йæхи хъаруйæ чи ахуыр кæны, удонæн æххуысæн  



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ