Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Не взаг - нæ хъысмæт
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Æрæджы уыд Ирон æвзаг хъахъхъæныны æмæ рæзын кæныны къамисы радон æмбырд. Къамисы 24 уæнгæй уæлдай дзы архайдтой Ирыстоны ахуырады, наукæйы æмæ культурæйы минæвæрттæ, фысджытæ, министрадты разамонджытæ, ахуыргæнджытæ, хабархæссæг фæрæзты разамонджытæ, рауагъдад «Ир»-ы минæвæрттæ. 

 

Республикæйы Сæргълæууæджы цур арæзт къамисы ныхасы сæр уыд ирон ахуыргæнæн чингуытæ уадзыны хъуыддаг, фæлæ цалдæр минуты фæстæ рахызт ирон æвзаджы уавæрмæ: уый у нæ риссагдæр фарста фæстаг 30–40 азы, Ирыстоны разамынд æмæ Ахуырады министрады уынаффæйæ ирон сывæллæттæ мадæлон æвзагæй иртæсын кæнын куы райдыдтой, уæдæй абонмæ. Абоны уавæр та ахæм у, æмæ ирон æвзаг, уырыссагимæ абаргæйæ, дæлдзиныггонд цæуы: нæ йыл дзурынц, нæ йыл фыссынц хъуыддаджы гæххæттытæ ахуыргæнæндæтты, куыстуæтты, культурæ æмæ аивады кусæндæтты; 

 

скъолаты ахуырадон программæтæм гæсгæ скъоладзау йæ мадæлон æвзагыл фæдзуры, уырыссаг æвзагыл цас фæдзуры, уыимæ абаргæйæ, аст хатты къаддæр, ома, уыйбæрц къаддæр сты ирон æвзаг æмæ литературæйы сахæттæ; 

 

ахуыргæнæн чингуытæ æмæ методикон литературæ уагъд цæуы, цы хъæуы, уымæн йе ‘ртыккаг хай, чи ис, уыдонæй та бирæ вæййы лæмæгъ, автортæ фаг цæттæ кæй не сты, уый тыххæй; 

 

рæвдауæндæтгы хъомылгæнджытæн сæ фылдæр ирæттæ не сты, æмæ нæ сабитæн мадæлон æвзаг бацамонын сæ бон нæу æмæ афтæ дарддæр. 

 

Ирон æвзаг хъахъхъæныны къамисы æмбырды цалдæр адæймаджы йеддæмæ иронау кæй нæ дзырдтой, ирæттæ уæвгæйæ, уымæй хуыздæр æвдисæн нæ хъæуы, абон Ирыстоны ирон æвзаг кæвдæсарды бынаты æвæрд кæй ис, уымæн, нæхицæй цыфæнды æппæлд куы кæнæм, уæддæр. 

 

Æвзаджы уавæр йæ ахсджиагдзинадмæ гæсгæ национ æдасдзинады фарстаимæ æмсæр кæй у, æмæ Ирыстон хæдбар республикæ кæй у, уымæн сæйраг æууæлтæ арæнтæ æмæ ирон æвзаг кæй сты, уый абон бирæтæм зынгæ дæр нæ кæны. 

 

Уыцы æнæмæтдзинад нæ хорзмæ кæй не ‘ркæндзæн, уый дызæрдыггаг нæу. Косово албайнæгтæ куыд байстой, уыцы хъысмæтæй нæ Хуыцау бахизæд, фæлæ нын нæ сыхæгтæ алырдыгæй нæ зæххытæм кæй лæбурынц, уый æфсæнттæй иу у, нæ мадæлон æвзагыл уæлæхох кæнын кæй райдыдтам, уый дæр: йе ‘взаг кæй нæ хъæуы, уыцы адæм удæй æххæст адæм нал сты, æмæ сæ æнцонæй басæттæн ис. Рагон низ нын нæу мадæлон æвзаг сæрмæ нæ хæссын, фæлæ низæн йе сдзæбæх кæнын зындæр вæййы йе ссарынæй. Нæ уæрæседзаутæй иу Дзасохты Гиго кæддæр фыста газет «Терчы», ирон чиныг, зæгъы, ницæмæн хъæуы ирон адæмы, уырыссаг скъола æмæ сын уырыссаг чиныг æгъгъæд сты. Уымæн хорз дзуапп радта Брытъиаты Елбыздыхъо: «Æгъдау нæ æрцахста æмæ нæ кæдæм кæна, уырдæм бар-æнæбары цæудзыстæм. Уый нын æгъгъæд у. Фæлæ нæхуыдтæг цы тагъд кæнæм не ‘взаг рох кæныныл? Цæмæй схъыг стæм?! Цæмæн аппарæм не ‘гъдæуттæ, сæ фылдæр бакаст æмæ ахуыргонд адæмæн дæр бæллиццаг куы сты». 

 

Уæды Ир æмæ ныры Ир кæрæдзийæ дард сты иронау дзурыны æгъдауæй, фæлæ кæуылты зондджын лæг уыд Елбыздыхъо, куыд рахатыдта фидæны низы хатт æмæ «уæрæседзауты» уæлахиз. Ирон театр саразыныл дæр уымæн йæ уд хъардта, уый фæрцы фидар бындур сæвæрыныл бацархайдта ирон æвзагæн. Фæлæ мах нæ цæуæм нæ хуыздæрты фæстæ, нæ кæсæм сæ коммæ. 2000 азы Абайты Васо загъта фæдзæхсты хуызы: «Æнæ национ скъола махæн цæрæн нæй. Уыцы хъуыдыйы растдзинад бамбарын кодтон Дзæуджыхъæуы разамындæн, æмæ мын зæрдæ бавæрдтой алывæрсыг æххуысæй». Скъола æмæ бинонтæ сты æвзаджы цардхъомгæнджытæ. Бинонты, æхсæнады хæсы тыххæй дæр баззадысты Васойы ныхæстæ. Дзырдта сæ артист Икъаты Мæирбег. Васойы фарстой, ирон æвзаг сæфы, æмæ йын цы кæнæм, зæгъгæ. Æмæ, дам, загъта: «Æхсæнадон бынаты фыст куыд вæййы „У нас не курят“, афтæ алы хæдзарыл дæр ныффыссын хъæуы: „Махмæ дзурынц æрмæст иронау“». 

 

Фæлæ чи бакæндзæн ахæм куыст? Ныртæккæ республикæйы Парламентмæ бахауыныл сæ хъару чи æвзары, уыцы кандидаттæ? Уыдоны æххуысгæнджытау чи зилдзæн Дзæуджыхъæуы хæдзæрттыл æмæ чи æппæлдзæн ирон æвзагæй, иронау куы дзурат, уæд уæ цард фæхуыздæр уыдзæн, уæд нæ фæуыдзыстут фыдгулы фæндиаг, зæгъгæ? Нæй ахæм хицау сидзæрæй уагъд мадæлон æвзагæн. Фысджытæ ма радзурынц йæ сæрыл, кæд сæ уынаффæйæ фæрсæг вæййы, уæд. Горæты уынгты цæугæйæ дзы адæймаг цынæхуызон рекламæ фендзæн, хур дæр ма сæхгæнынц, уыйас фыстæй. Фæлæ иу ран дæр нæй бакæсæн иронау рекламæ, кæнæ иу ахæм хъуыдыйад, иронау нæ дзурын лæгдзинад кæй нæу, уый нын нæ зæрдыл чи лæууын кæна. Ахæм ныхæстæ бирæ ис нæ фысджытæм (раздæр-иу дзы газет «Рæстдзинад» алы бон дæр лæвæрдта фыццаг фарсыл). Кæй бартæ къахыр кæнæм ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн мадзæлттæ агургæйæ? Чи сты уыцы табуйаг адæймæгтæ, ирон дзырды уындæй йæ цæстытæ кæмæн риссынц? 

 

Сæ хъæлæс райхъуысид ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн дæр, сæ комкоммæ хæс у, бæргæ. Фæлæ уыдон та тæрсгæ кæнынц, мыййаг, скъолайы директоры кæнæ æндæр исты хицауы зæрдæмæ куы нæ фæцæуа нæ ныхас, зæгъгæ. Ахуыргæнджытæ не сты æнгом, нæ зонынц сæ бартæ æмæ тæрсынц, сæ куыстæй сæ куы фæтæрой, уымæй. Уæвгæ та хъуамæ директортæ æмæ æндæр уынаффæгæнджытæ тæрсиккой ирон адæмы æмæ ирон æвзаджы зæрдæхудтæй. Уымæн æмæ кæцыфæнды министрад дæр, кæцыфæнды кусæндон дæр адæмы тыххæй арæзт вæййы. Хицæутты æмæ чиновникты хæрзæбонæн не сты. Фæлæ уыцы уагæвæрды хъаруйыл адæм нал æууæндынц, хицауы фæхъыг кæнынæй тæрсынц, Хуыцауы фыдæхау, æмæ ирон æвзаг нæ, сæхи бахъахъхъæнынæн дæр не сты. Æмæ афтæ уайы, цыма ирон æвзаг ирон фысджыты, ирон артистты æмæ ирон журналистты йеддæмæ никæй хъæуы. 

 

Ныхас цы къамисы æмбырдæй райдыдтон, уым, ирон æвзагæн цæрыны фадæттæ саразын кæй хъæуы, æфсæнттæ агурыны бæсты, уый тыххæй дзырдтой Ходы Камал, Хъодзаты Æхсар, Дзасохты Музафер, Джыккайты Шамил, Тахъазты Харум, Майрæмыхъуаты Фатимæ æмæ иннæтæ. Хъодзаты Æхсар ма Уæрæсейы национ политикæйы æнæрастдзинæдты тыххæй дæр загъта карзæй.  

 

Источник: allingvo.ru



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ