Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! Для чтения осетинских текстов необходимо установить дополнительный шрифт (см. "Помощь")
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

  НОГ ÆРМÆДЖЫТÆ
* Марды разæй цæуын æмбæлы?

Телеравдыст

* НАЗЫВАЕТСЯ "МАДÆЛОН ÆВЗАГ



* Хистæрмæ дæ къух ма дар

Видеоролик

АЛЦЫ НÆХИЦÆЙ АРАЗГÆ У

Кучиты Руслан

Кавказы картæ

 

 

ÆГАС ЦÆУТ ИРЫСТОНМÆ! 

 

Дунейы мидæг цæры мингай адæмыхæттытæ. Алкæмæн дæр дзы ис йæхи истори, йæхи æвзаг æмæ æгъдау. Æмæ алы адæймаг дæр сæрыстыр вæййы йæ адæмæй, йæ райгуырæн бæстæйæ. Æндæртыл сæ баивын чи сразы уаид, ахæмтæ стæм сты. 

 

Дунейы адæмтæ нæ ныр цалдæр æнусы дæргъы зонынц куыд "Осетины / Ossetians". Фæлæ нæхæдæг та незамантæй нырмæ нæхи хонæм "Ир" æмæ "Дигор", нæ бæстæ та "Ирыстон".  

 

Кæм-фæнды ма цæрæд ирон адæймаг: Хуссар гъе Цæгат Ирыстоны, Уæрæсейы алы къуымты, Турчы, Сирийы, Европæйы кæнæ Амырычы, уый кæддæриддæр зоны йæ уыйдæгтæ кæцæй рацыдысты, æмæ кæм ис уыцы дзуарджын бынат, кæцы йæ йæхимæ æлвасы йæ царды фæстаг бонтæм. 

 

Цыфæнды адæмыхатты кой куы рацæуы, уæд фыццаджыдæр æрымысæм хицæн адæймæгты, уыцы адæмæн кад æмæ намыс чи хæссы, ахæмты. Мах ирон адæм дæр сæрыстыр сты нæ бирæ разагъды лæгтæй, Ирон уæвгæйæ, дунейы алы къуымты йæ адæмæн кад чи кæны æмæ йын йæ Фарн чи хæссы.  

Ацы ран ссардзыстут æрмæг уыцы адæмы тыххæй, стæй ма бирæ æндæр хабæрттæ Ирон цард æмæ Ирон адæмы хуыздæр базонынæн. 

 

Æгас нæм цæут!

 
Зындгонд ирæттæ