ИРОН ДЗЫЛЛÆЙЫ ЗИАН
Ис нæм нæ културæйы, марды фæстæ кувгæ кæнгæйæ дзурынц:
“Мард уыдзæн алы хæдзары дæр, уый уыдзæн бинонты зиан,
Мард уыдзæн алы мыггаджы дæр, уый уыдзæн уыцы мыггаджы зиан,
Мард уыдзæн алы хъæубæсты дæр, уый уыдзæн уыцы хъæуы зиан,
Ахæм мард та уыдзæн æмæ уый та уыдзæн æнæхъæн дзыллæйы зиан!”
Хъаныхъуаты Ремзи у Ирон дзыллæйы зиан.
Мах гъер дзыллæйы зианыл хъыг кæнæм.
Æрмæст Ирон дзыллæ нæ фæлæ бирæ азты Турчы зæххы Кавказаг æхсæнадтыл чи куста уыцы Кавкaзаг идейы хицау уыди Хъаныхъуаты Ремзи. Турчы зæххы Кавказаг дзыллæты зиан дæр уыди Ремзи.
Кæд абон нæ æхсaнад АЛАН æмæ Кавказаг дзыллæты æхсæнадтимæ фидар бастдзинæдтæ æмæ æмвæнддзинад кæд ис уый аразæг уыди.
Абон кæд нын ис Ирыстонимæ хорз ахастдзиад уыцы фидар бастдзинaд æмæ æмвæнддзинады аразджытæй сæ иу уыди.
Ирыстонæн йæ уарзон хъæбулы зиан дæр уыди Ремзмйы мæлæт.
Ремзийы фæллой æмæ æнтыстдзинæдтæн кæрон нæй.
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатоли куыд загъта Ремзийы зианы фæдыл уымæн исты бафтауын нæ хъæуы.
“ РЕМЗИ МАХÆН ДÆР ДÆНЦÆГ УЫДИ.”
Бирæ азты дæргъы иумæ фæкустам Ремзиймæ æмæ уымæй бирæ цыдæртæ базыдтон. Нæ хъудыты хицæндзинад дæр уыди иуæй иу хатт. Фæлæ зыдтам мах цы идейыл баст стæм æмæ уый тыххæй кæй архайæм уымæ гæсгæ кæрæдзимæ хæрам дæр никуы уыдыстæм.
Нæ фыдæлтæй куыд федтам æмæ нæ куыд сахуыр кодтой уымæ гæсгæ раст фæндагыл чи цæуы уыйимæ æмдзу кæнын хъæуы. Уыцы фарн хæссын нæ хæс кæй у уый никуы ферох кодтам.
Фидарæй уырнæм, а дунeйы алы цыппæттæ Стыр Хуыцауæй аразгæ кæй у. Уымæ гæсгæ бафæразынмæ архайaм Ремзийы æнафон цыдыл.
Ремзи Аби, рухсаг у. Рухс дзæнæт уæд дæ бынат.
Хъусаты Садреттин, Турчы цæрæг Ирæтты Æхсæнад АЛАН-ы Сæрдар.
|