Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хетæджы Уастырджийы кувæндон
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ХЕТÆДЖЫ УАСТЫРДЖИЙЫ КУВÆНДОН  

Агънаты Гæстæны чиныг "Ирон æгъдæуттæй" ист.  

 

- Хуыцау, табу Дын уæд! 

- Хуыцау, хистæрæй, кæстæрæй, сылгоймагæй, нæлгоймагæй Дыл нæхи 

фæдзæхсæм æмæ нын ахъазгæнæг у. 

- Хуыцау, зæххыл цыдæриддæр цæуы — цинæй дæр, зианæй дæр — 

иууылдæр Дæуæй аразгæ сты, æмæ Дæм фылдæр æртыгай чъиритæй 

куыд кувæм, уьщы хорзæх ракæн ирон адæмæн. 

 

 

 

Цины уа, зианы уа — фыццаджыдæр ссарынц Стыр Хуыцауы ном. Чындзæхсæвы, чызгæрвысты, кæхцгæнæнты — хæдзары æртæ чъирийы ис, цины фынг у, уæд Хуыцауы номыссарды фæстæ дыккаг гаджидау рауадзынц Уастырджийы тыххæй. Ахæм стыр бынат ахсы Уастырджи ирон адæймаджы зæрдæйы, йæ хъуыдыты, йæ царды. Ирон адæймаг Уастырджийыл йæхи фæдзæхсы кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр. 

Хуыцаумæ бардуагтæй æппæты хæстæгдæр у Уастырджи, бады йæ рахиз фарс. 

Уастырджи у лæгты дзуар, нæлгоймæгты бардуаг — бæлццæтты фæндарастгæнæг, лæппуйæ лæггæнæг, мæгуырæн æххуысгæнæг, хæстонты уæлахизгæнæг. Ирон адæм цæрæнбонты фæндаггон уыдысты æмæ йыл фæдзæхстой сæхи, сæ кæстæрты, фаздзазхстой йыл саз ноггуырдты, се 'фсазддонты. Адазм саз зазрдиæдазр фазндтаз, саз зæрдиагдæр бæллицтæ бæттынц Уастырджиимæ. Уый сын у рæстдзинад хæссæг, амонд хæссæг, фарн хæссæг. Ирон сылгоймæгтæ дзы уæларвтæм дæр кæнынц æфсæрмы. Йæ ном ын дзурынц нымдгæнгæ: «Лæгты дзуар». Нæлгоймæгтæ та йæм сидынц йæ нæртон нæмттæй: «Тæхгæ-нæргæ Уастырджи», «Сызгъæрин Уастырджи», «Бæрзондылбадæг Уастырджи», «Цæхæрцæст Уастырджи», «Хъæбатыр Уастырджи»... 

Лæгты дзуар хайджын у адæймаджы хуыздæр, рæсугьддæр миниуджытæй, æмæ кæд уæларвон у, уæддæр бирæтæм фæкæсы зæххон адæймаджы хуызæн. 

Уастырджи у ирон адæмы фыдбылызæй хъахъхъæнæг дзуар, æргом цыд нартæм. Суанг зæдтæ æмæ дауджытимæ куы схæцыдысты, Хуыцаумæ хæстмæ куы фæсидтысты, уæддæр Уастырджи уыди сæ фарс... Уæларвон куырд Куырдалæгонæн йæхи номыл саразын кодта болат фаттæ æмæ сæ Нартæн радта. Уастырджи ирон адæмы рагон фыдæлтæ, нартæй абоны онг цины дæр æмæ зыны дæр семæ æмдзу кæны, ауды сыл. Æмæ йын уыдон дæр мысынц йæ ном, кувынц æм, табу йын кæнынц. Ирыстоны ахæм ком, ахæм хъæу нæ разындзæн, Уастырджийы номыл кувæндон кæм нæй. Цал æмæ йыл цал зарæджы скодтой ирон адæм! 

 

Гъей, хохы Уастырджийы хорзæх, хохы Уастырджи! 

Гъей, кувæг адæмы куывдтытæ дзæбæхæй æрцæуой, Уастырджи! 

Гъей, арфæ ракæн дæ кувæг адæмæн, хохы Уастырдæи! Ракæс-ма, уæлæ бæрзондæй ныллæгмæ арфæтæ ракæнай. Гъе, гъей, хъæбæр хохы Уастырджи, табу, дæ хорзæх нæ уа, гъей.! 

Гъей, дæ кувæг адæм дæумæ куы кувынц,, 

Гъей, ракæс æмæ сын арфæтæ ракæн! 

Табу дæхицæн, Бæрзонд Уастырджи! 

Кувæг адæмы куывдтытæ дæм дзæбæх фæкæсснт. 

Уæ, хъæбæр хохы Уастырджи, мах дæ ныфсæй куы цæрæм. Нæ буц, нывондтæ дын барст фæуæнт! 

Мах дæ ныфсæй кувæг куы стæм хохы дæр æмæ быдыры дæр.  

Нæ фæндаггон дæр де уазæг, Уастырджи, æмæ нæ бынатон дæр. 

 

 

Хетæджы кувæндон... Хетæджы къох... Тымбыл хъæды дзуар... Хетæджы Уастырджи...Фæстаг азты Хетæджы кувæндон, Хетæджы Уастырджи сси æппæт ирон адæмы кувæндон, æппæт ирон адæмы дзуар, æппæт ирон адæм сæ зæрдæйы зæрдиагдæр ныхас кæм фæзæгъынц, ахæм бынат. Хетæджы кувæн бонтæ систы нæ адæмы уарзондæр, æхсызгондæр, зæрдæйæн адджындæр бонтæ. 

Хетæджы Уастырджи ирон адæмæн у æргом дзуар, æргом сын чи ахъаз кæны, æргом сын сæ фыдбылызтæ чи сафы, кæддæр Хетæгæн Уастырджи йæ зыны сахат цы æххуыс бакодта, ахæм æххуыс сын чи кæны сæ зыны сахат. Адæм хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Уастырджи Хетæгæн цы æххуыс бакодта, уыцы æххуыс дын бакæнæд». 

Хетæджы къохы равзæрды тыххæй бирæ таурæгътæ баззад. Се 'ппæты дæр ис Къостайы рагфыдæл Хетæджы кой. Иры разагъды поэт фыста: 

 

Преданье я черпал из тысячей уст,  

А памятник цел и поныне:  

Священная роща иль Хетагов куст  

Стоит в Куртæпинской долине. 

Еще не касался ни разу топор 

Его долговечных питомцев, 

В нем странник чужой потупляет свой взор, 

Послушный обычаю горцев.  

 

Раджы заман Кæсæджы цардис зæронд æлдар Инал. Уыдис ын æртæ фырты: Биаслан. Тасолтан æмæ Хетæг. Кæстæр æфсымæр Хетæг райста чырыстон дин. Æфсымæртæ уый куы базыдтой, уæд æм фæхæрам сты æмæ йæ амарынвæнд скодтой. Хетæгæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ йæ райгуырæн бæстæйæ ралыгъд. Æфсымæртæ хъуыддаг куы базыдтой, уæд йæ фæдыл фæфæдис сты. Мæнæ йæ ныр баййафдзысты, зæгъгæ, афтæ Хетæг айхъуыста цыдæр уæларвон хъæлæс: «Хетæг — хъæдмæ!» Фæлæ лæппуйæн йæ сæр бафснайыны амал нал уыдис æмæ йæ фæдзæхсæгмæ адзырдта: «Хетæг хъæдмæ - нал! Хъæд — Хетæгмæ!» Уыйадыл Уæлладжыры комы фахсæй хъæды къох сыстади æмæ хохрæбын тъæпæны, Хетæг кæм уыди, уым æрæнцад. Афтæ Уастырджи фервæзын кодта Хетæджы. 

Уый фæстæ лæппу бафтыд Зæрæмæджыхъæуккаг бонджын Бигъуыламæ. Бигъуыла йын радта йæ чызджы æмæ цæрæнбынат, Нары хъæу кæм ис, уым. 

Ацы зæхх Хетæг йæхæдæг равзæрста, байтыдта дзы хоры мыггаг. Фæззæджы хор тугыл куы аскъуыди, уæд йæ цæрæнбынат йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ уым æрбынатон... 

 

«Сусæны мæйы хурмæ зæхх дзæгæрæг куы фæкæны, быдырдзаутæн сæ хидæй хуылыдз хæдæттæ сæ фæсонтыл куы баныхæсынц, уæд Хетæджы къохмæ бафтын дзæнæты къæсæрæй бахизынæй уæлдай нæ вæййы, — æнусон тулдзытæ, тæрсытæ, фатхъæдтæ, кæрзытæ сæ пæлæхсар бæзсыф къалиутæ кæрæдзиуыл сбыдтой, арвы цъæх ма дæм зыны се 'хсæнты тæрхъусдзармыйас гæмттæй»,-фыссы поэт Хъодзаты Æхсар. 

Æрдзы æвæджиауы бынат... Æнусон пæлæхсар бæлæстæн сæ сæртæ арвы цъæхыл æмбæлынц, цыма нæртон тымбыл симдæй симынц, афтæ кæрæдзийы цæнгтыл æрхæцыдысты. Хетæджы кувæндон дæ ныййарæг мадау йæ фæлмæн хъæбысы æрбакæндзæн. Удæнцой, алæмæты æхсызгон уæлдæф уæнгты хъары. Зæгъ ам дæ зæрдæйы зæгьинæгтæ, ссыгъдæг кæн дæ уд. Хетæдæы Уастырджийыл бафæдзæхс дæхи, дæ кæстæрты, дæ бæлццæтты. Æрмæст мацы рахæсс, нæ дын æй ныббардзæн. Абон куы нæ уа, уæддæр дæ райсом йæ азар басудздзæн. 

1843 азы академик А.М.Шегрен фыста: «Если кому случится убить в этом лесу зверя, тот должен тотчас собрать туда всех жителей своего аула и там же на месте, всем обществом зверя того скушать, если он съедобный, в противном случае бросить его, одним словом, выносить из лесу ничего не позволяется под опасением смерти и слепоты». 

 

Фæлæ йæ къухтæ кæмæн нæ фæлæууынц. ахæмтæ дæр разыны, æмæ сæ уæд басудзы Хетæджы кувæндоны азар, уæд сæ ирон адæмы æргом дзуар - Хетæджы Уастыр¬джи æргом бафхæры. 

Зæгъынц, дыууæ æгæнон хъал лæппуйы Хетæджы къохæй радавтой æхца. Сæ иу, дам, фæмард. Иннæйы æндзыг низ æрцахста, ныкъкъæдзтæ, нымпылдтытæ, 

рæсугьд æмæ фыдынд, хорз æмæ æвзæр нал æмбæрста, афтæмæй хъизæмаргæнгæ худинаджы цардæй зæронды бонтæм фæцард. 

Зæгъынц, Узбекистанæй дзæуджыхъæуккаг ирæттæм уазæгуаты ссыд сæ хæстæг йæ дыууадæсаздзыд лæппуимæ. Ацыдысты Хетæджы кувæндонмæ. Иу бæласы саггомыл — кæсæнцæстытæ æвæрд. Æвæццæгæн, кæмæйдæр уым байрох сты, йе та сæ, чи зоны, мысайнагæн ныууæьта. Уазæг лæппу, кувæндоны бынатæй исты рахæссын не 'мбæлы, уый нæ зыдта æмæ кæсæнцæстытæ йæ дзыппы авæрдта. Дыккаг бон йæ цæстытæ риссын райдыдтой, ссырх сты, хорз нал уыдта. Фæгуырысхо сты фысымтæ æмæ йæ рафæрс-бафæрс кæнынц. Фæстагмæ рабæрæг: кувæндонæй рахаста кæсæнцæстытæ. Хетæджы Уастырджи, ирон адæмы æргом дзуар суанг æвзонг лæппуйæн дæр нæ ныббарста йæ рæдыд. Лæппу, йæ мад æмæ сæ фысымтæ фæстæмæ æрцыдысты кувæндонмæ, æрхастой кæсæнцæстытæ, хатыртæ фæкуырдтой Хетæджы Уастырдæийæ. 

Зæгъынц, Æрыдойнаг ахуыргæнæг Хетæджы къохæй рахаста иу къалиу. Барæй, кæддæра, цытæ дзурынц, уыдон æцæг сты æви нæ, уый сбæрæг кæныны охыл. Цалдæр боны фæстæ ахуыргæнæгæн йæ бæрзæй ныкъкъæдз, аджих-иу, кæдæмдæр-иу нымдзаст. Æмæ уæд йæ бинонтæ кувинæгтимæ ссыдысты Хетæджы Уастырджимæ, хатыртæ дзы фæкуырдтой, фæкуывтой йæм, фæтабу йæм кодтой, æмæ ахуыргæнæг фæдззбæх, йæ фыццаджы хуыз райста. 

 

Зæгъынц, иу аз лæгтæ кусæрттæ фæцæйкодтой дзуары бынмæ. Уалынмæ их ныккалдта, фæлæ уыцы ихы гæатæй иу дæр адоныл нгг сæмбæлд, сæ алыварс та гæр-гæрæй хаудысты. Бынатмæ куы бахæццæ сты, уæд их-уард дзыхълæуд ныккодта. 

 

Зæгъынц, равзæрстой дзуары лæг. Уый цæмæйдæр фæрæдыд. Иу бон тынг уарын азрбацыд, æмæ дзуары лæджы цæхæрадоны ницыуал аззад, уарын æй ныххоста, афтæмæй сæ алыварс цæхæрадæттæй æппындæр хъыгдард никæцы æрцыд. Уымæй уæлдай ма йæ кæстæр чызгæн йе 'фсæр фæзылын. Чызджы алы дохтыртæн уынын кодтой, фæлæ уыдонæн сæ бон нæ уыд йе сдзæбæх кæнын. Фæстагмæ сын загътой, дæсныйæн æй фенын кæнут, зæгьгæ. Дæсны сын куыд бацамыдта, афтæ кусарт акодтой æмæ хатыр ракуырдтой дзуарæй. Чызгæн йе 'фсæр йæ бынаты сбадт, абон дзæбæх у, цæры Беслæны. 

 

Зæгъынц, Алагирæй лæппутæ Къохы бынмæ æрбацыдысты, æмæ сæ иу фæрæдыд: мысайнæгтæм февнæлдта. Фæстæмæ цæугæйæ, Бирæгьзæнгмæ куыд бахæццæ сты, афтæ, мысайнæгтæм чи февнæлдта, уыцы лæппуйæн йæ дзых фæзылын. Лæппу хæдзармæ куы бацыдис, уæд бинонтæ фæфæдис сты æмæ йæ иу зонынджын усмæ бакодтой. Лæппу усæн радзырдта хабар. Æмæ сын уый бацамыдта, цæмæй фыс балхæной æмæ кувæндоны бынмæ хатыр курæг ацæуой. Бинонтæ афтæ куы бакодтой, уæд лæппуйы дзых фæстæмæ йæ бынаты сбадт. 

 

Зæгъынц, Алагирæй Дзæуджыхъæумæ хастой чындз. Хæдтулгæтæй иу фæразæй æмæ се 'мбæлттæм банхъæлмæ кæсыны тыххæй Хетæджы кувæндонмæ хæстæг æрурæдта. Уыцы рæстæг хъæдæй стахт цæхæркалгæ бæх цæхæркалгæ барæгимæ æмæ æрбадт Хетæджы кувæндоны. Чындзхæсджытæй цасдæр ничи ницы дзырдта, дурдзæфтау фесты, стæй сæ иу зæьта: 

«Æз федтон бæх, цæхæр калдта, барæг дæр афтæ...» «Æмæ сæ æз дæр куы федтон.» «Æз дæр...» 

Цы уыди уый? Æмхуызонæй сæ цæстытыл исты ауад, æви ирон адæмы æргом дзуар Хетæджы Уастырджи йæ кувæн бынатмæ тахт?.. 

Хетæджы кувæн бонтæ вæййынц сæрды, июлы дыккаг къуырийы. Хетæджы кувæндонмæ фыццаг æрмæстдæр нæлгоймæгтæ цыдысты. Алы хъæуæн дæр йæхи кувæн бæлас, йæхи сæрмагонд бынат уыди. Цыдысты бæхуæрдæтты, бричкæты, саргъыбæхтыл, фистæгæй. Бирæтæ-иу æхсæвы кувæндоны баззадысты. Ирыстоны дзырддзæугæдæр лæгтæ, удсыгъдæг дзуары лæгтæ куывтой Хетæджы Уастырджимæ, фæсивæд кафыдысты, зæлланг кодта ирон зарæг, арвмæ хъуысыдысты хъуытазмыр фæндыры уæздан зæлтæ, дардыл нæрыд къæрццæмдзæгьд. Фæсивæд хæцыдысты хъæбысæй, бæхтыл хъазыдысты, Дугъ уагьтой. 

 

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Хетæджы кувæндонмæ цæуын райдыдтой сылгоимæгтæ дæр, кæд сын уырдæм цæуын не 'мбæлд, уæддæр. Стæй канд уырдæм нæ - Уастырджийы кувæндонмæ никуы цыдысты, йæ ном дæр ын нæ дзырдтой. Йæ кувинæгтæ, йæ мысайнаг-иу нæлгоймаг, лæппу ахæссæг кæмæн нæ уыд, уый-иу сæ йæхæдæг ахаста æмæ-иу сæ дзуары лæгмæ барвыста, цæмæй йын сæ скуывтаид. 

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, уыцы лæгæвзарæн бонты ирон сылгоймæгтæ ахызтысты фыдæлтыккон рагон æгьдауы сæрты. Ирыстоны нæлгоймæгтæ хистæрæй, кæстæрæй аивылдысты тохы цæхæрмæ. Стæм хæдзарæй фæстæмæ скувæг нæлгоймаг нал баззад. Æмæ ирон ныййарджытæ, саударæг сидзæргæс устытæ, амондагур чызджытæ сæ фыдæлты, сæ цардæмбæлтты, сæ фидæны къæйтты фæдзæхстой Лæгты дзуарыл, цæмæй сæ Тымбыл хъæды дзуар йæ рахиз базыры бын бакæна, цæмæй сæ хæдзæрттыл æнæфыдбылызæй сæмбæлой, Ирыстонмæ уæлахизимæ æрыздæхой. 

Абон дæр Хетæдхы Уастырджимæ ирон адæм кувынц хистæрæй, кæстæрæй, нæлгоймагæй, сылгоймагæй. Кувæг лæг, дзырдæн, фæзæгьы афтæ: 

 

— Æмбал кæмæн нæй, Уыиы Иунæг Кадджын Хуыцау, табу Дæхицæн! Æппæт дуне Рафæлдисæг Да æмæ нæ Де сконд зæдты хорзæх дæр, Дæхи хорзæх дæр уæд! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

- Хетæджы Уастырджи, табу дæхицæн! Ирыстоны зæххыл цæрæг дзыллæтæм Хуьцауæй минæвар дæ æмæ ныл рæстырдæм куыд аудай, ахæм амонд нæ уæд! Дæ рухс кувæндонмæ Иры алы къуымтæй цы дзаджджын хуынтæ цæуы, уыдон дын барст уæнт! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

- Хетæджы Уастырджи, табу дахицæн! Тыхы рæстæг у æма дæ курæм: Æрафы дон, Урсдон, Æрыдон, Фиййагдон. Джызæлдон сæхи Терчы донимæ куыд æхсызгонæй бабастой, афтæ дæ кувæг ирон адæмы зонд æмæ хъарутæ куыд баиу уой, ахæм арфæ нын ракæн! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

— Хетæджы цæхæрцæст Уастырджи, ахæм хорздзинад нын ракæн, æмæ Ирыстонæн йæ хуссары хъоппæг дидинæг цæгаты уардиимæ кæрæдзийыл куыд сыздыхсой! Нæ ирон туг, нæ кад, не 'гъдау, нæ мадæлон рæсугъд æвзаг куыд нæ фесафæм, хъахъхъæнын сæ куыд бафæразæм, уыцы хорзæх дæ курæм! 

- Оммен, Хуыцау! 

 

— Хетæджы рухс Уастырджи, табу дæхицæн! Абон æфхæрд Ирыстоны бæркад йæ гаччы нал и, цард фæцудыдта, фæлæ та йæ бынаты куыд сбада, нæ зæдтæ, нæ дауджытæн та галнывæндтæ куыд кæнæм, уыцы хорз амонд нын Мыкалгабырæй ракур! Нæ буц кæстæртæ рын, сонæй хызт куыд уой, уыцы хорз арфæ та сын рухс Алардыйæ ракур! 

- Оммен, Хуыцау! 

 

— Ныхасы бæрзондыл бадæг Уастырджи, табу дæхицæн! Нæ ныхасы фарн куыд уа æмæ ацы змæст дуджы, Ирыстоны алыварс цы сыхаг адæмтæ цæры, уыдонимæ цæхх æмæ кæрдзын адджынæн куыд хæрæм, не 'хсæны хидыл цъæх хъуына куыннæ схæца, кæрæдзийæн бонхорз зæгъынхъом куыд уæм, ахæм арфæ дæр дæ курæм! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

— Æфсæддон Уастырджи, дæумæ дæр кувæм! 

Нæ гыццыл Ирыстон дзуарджын бæстæ у, æмæ нын æй фыдгулы зынгæй бахъахъхъæн! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

— Хетæджы Уастырджи, табу дæхицæн! Зæдты уынаффæдоны фæбадыс æмæ, цы амондджын тæрхæттæ рахæссут, уыдонæй нæ гыццыл Ирыстонæн дзаджджын хай бакæн! 

— Оммен. Хуыцау! 

 

- Чесаны Уастырджи, табу дæхицæн! Ирыстоны кæсæры бардуаг дæ, æмæ ацы тыхст дуджы фыдгулты фæндиаг куыннæ фæуæм, ахæм арфæ нын ракæ! Нæ сызгъæрин къæсæрыл сау туг, фыдзæрдæ лæг макуы рбахизæд! Мидæмæ цæуæг-иу нæм амонды къах æрбавæрæд, æддæрдæм ыл чи хиза, уый та фæндараст куыд кæна, иæ бынатыл сæрæгасæй куыд æмбæла, уыцы хорз арфæ дæ курæм! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

- Фæндагсар Уастырджи, табу дæхицæн! Нæ гыццыл Ирыстоны фæндæгтæ æнæфыдбылыз, æнæмаст куыд уой, хæстон машинæйы цалх сыл куыннæ тула, ахæм арфæ дæ курæм! Нæ бæлццæттæ, нæ уазджытæ сыл зæрдæрухсæй хæрдгæбыдтæ куыд нывæндой, ахæм арфæ нын ракæ! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

— Уæ, Хетæджы рагон Уастырджи, зонгуытыл лæугæйæ дæм худаистæй табу кæнæм, курæм дæ: Мады Майрæмы хорзæх Иры зæххыл байтау! Фыдæлты хорз амондæй нæ æнæхай ма фæкæ! Дæ амменгæнджытæ тархъæды бæлæстау фылдæрæй фылдæр куыд кæной æмæ Ирыстоны кад Уазайы цытджын цъуппæй бæрзонддæр куыд сисой, ахæм амонд сын ратт! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

— Уæ, арвы кæрæтты бон æртæ зылды чи кæны, нæ фыдæлты уыцы цæхæрцæст Уастырджи, табу дæхицæн! Ирыстоны алы къуыппыл, алы рындзыл дæ рухс кувæндæттæ сты æмæ, сæ алыварс чи цæры, уыдон цардæфсæст æмæ хурæфсис куыд уой, ахæм арфæ нын ракæн! 

— Оммен, Хуыцау! 

 

— Гъæйтт, Хетæджы Уастырджи, бæрзондæй ныллæгмæ нæм рафæлгæс! Кæд искуы искæйы кувинæгтæ адджынæн айстай, уæд мах куывд дæр уый æмбал фæкæ! Иры зæххыл цæрæг дзыллæтæ стырæй, чысылæй де уазæг, дæ фæдзæхст! 

- Оммен, Хуыцау! 

 

— Цæй,æмæ афтæ цы зæд загъта, мæ ном ссаргæйæ сын хуыздæр ахъаз, хуыздæр арфæтæ ракодтаин, зæгъгæ, уымæн дæр не 'ртæ чъирийы барст уæнт! 

— Оммен, Хуыцау!  

 

1980-90 азтæй фæстæмæ Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон ссис æппæтадæмон. Кувæндонмæ республикæйы алы горæттæ æмæ хъазутæй æрцæуынц дæсгай æмæ дæсгай мин адæймæгтæ. Сæхи, сæ бинонты, сæ къабæзты бафæдзæхсынц Хетæджы Уастырджийыл, фæкувынц, фæзарынц, фæкафынц, кæрæдзийæн фæзæгъынц сæ зæрдæбын дзуринæгтæ. Хетæджы дзуары кувæндон, Хетæджы Уастырджийы бонтæ систы адæмы иугæнæн бонтæ, нациты кæрæдзиуыл бæттæг бонтæ. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ